19-æм æнусы уырыссаг хуызфыссынадæн æгæрон лæггад чи бакодта, уыдонæй сæ иу уыд Иван Айвазовский. Ныр сæдæ азæй фылдæр ацы нывгæнæгы сфæлдыстад стыр цымыдисдзинад æвзæрын кæны æндæр æмæ æндæр кары, профессийы æмæ диныл хæст адæммæ. Айвазовский у зындгонд уæрæсейаг сомихаг нывгæнæг æмæ йын йе сфæлдыстадæн аргъгæнæг сты дунейы адæм.

Иван Айвазовский (1817-1900) райгуырд æмæ схъомыл ис денджызы былыл горæт Феодосийы æмæ уымæ гæсгæ йæ уарзондзинад, йе сфæлдыстады фылдæр хай снывонд кодта денджызæн, уый тыххæй йæ хонынц хуызфыссæг-маринист дæр.  Уымæн йæ куыстытæй иууыл зындгонддæр у «Девятый вал», кæцы ныртæккæ дæр ис Санкт-Петербурджы Паддзахадон уырыссаг музейы. Уый ацы нывы хъаруджын æмæ хъæбатыр адæймæгты кадæн сарæзта гимн, кæцытæ фæрæзтой æмæ лæууыдысты тыхджын доны ныхмæ. Нывмæ кæсгæйæ сæвзæры фарст, зæгъгæ, денджызы змæлд æрсабыр уыдзæн æви нæ? Æмæ аивæрздзысты адæм фыдбылызæй? Аивады историктæ куыд зæгъынц, афтæмæй, цыма, «Девятый вал»-ы æвдыст æрцыдысты, денджызон шторм ыл цы тæлмæнтæ ныууагъта, æппæт уыцы реалон нывтæ. Айвазовский йæ царды иууыл стырдæр тас бавзæрста науыл 1844 азы Бискайскы донбакæлæны. Ам уæд афтæ тыхджын шторм уыдис æмæ нывгæнæг цы науыл бадт, уый тыххæй дзырдтой, зæгъгæ, фæдæлдон. Бирæ уырыссаг æмæ европæйаг газетты фæрстыл фæзынд ахæм информаци, зæгъгæ, фæмард ис æрыгон уырыссаг нывгæнæг. Айвазовский фæстæдæр йæ мысинæгты фыста: «Уыцы штормы рæстæджы мын тасдзинад нæ ныххудыг кодта мæ курдиат æмæ мæ бон ссис мæ хъуыдыйы бавæрын уыцы тæлмæнтæ, кæцыты федтон мæхи цæстæй. Уый уыдис диссаг æмæ æцæг удæгас ныв».

Уыдис адæмы æхсæн ахæм уырнынад æмæ æмбарынад, зæгъгæ, штормы рæстæджы уылæнты змæлдæн ис бæлвырд ритм. Рагон Грецийы нымадтой, зæгъгæ,  æртыккаг уылæны ныхмæ слæууæн кæй нæй. Римы та адæм æнхъæлдтой уый дæсæм уылæнмæ кæй хауы. Фæлæ уæддæр денджызы ленкгæнджытæ тынгдæр тарстысты фарастæм уылæнæй.

Айвазовский æдæппæт скодта æхсæз мин нывы бæрц æмæ йын фылдæр сты денджызы темæйыл. Йе ‘мдугонтæ куыд зæгъынц, афтæмæй нывгæнæгæн йæ бон уыдис æмæ цыбыр рæстæгмæ, иу-дыууæ бонмæ ныффыстаид тынг стыр чи нæ уыдаид, ахæм ныв. Дыууæ метры бæрц ныв та-иу скодта къуырийы æмгъуыдмæ. Зындгонд литератор В. Кривенко куыд фыссы, афтæмæй уый уыдта нывгæнæджы зындгонд денджызон пейзажтæ куыд гуырдысты, уый. «Не ʻрбацыдмæ галереямæ Иван Айвазовский куыста иу егъау кæттагыл. Йæ уæлæ конд уыдис фæтæн хуызфыссæджы дарæс  халаты, йæ къухы йæ ахорæнтæ æмæ цъылынæг, афтæмæй. Йæ æрыгон цæсгом æмæ йе ʻрттивгæ цæстытыл зындис, йæ куыстæй стыр æхцондзинад кæй исы æмæ йæм зæрдиагæй кæй бавнæлдта, уый», – зæгъы литератор.

Нывгæнæг тынг уарзта балцыты цæуын. Æрзылдис бирæ бæстæтыл, уыдон æмрæнхъ уыд Кавказ æмæ Фæскавказы дæр. Ардæм йæ балцы рæстæджы йæ фæндаг акодта Дзæуджыхъæумæ, уый фæстæ та æрцыд Тифлисмæ. Уый уыдис 1868 азы. Уæд курдиатджын нывгæнæджы зæрдæ къахта судзгæ маст. Ныппырх йæ бинонты цард æмæ сфæнд кодта дард балцы ацæуын. Тифлисы уæвгæйæ, уый иуран нæ бадт, зонгæ кодта адæмы цардуаг æмæ бынатимæ æмæ афтæмæй фæлыста йæ цымыдисон нывтæ æнæхъæн зымæджы дæргъы. Айвазовскийы зæрдæмæ афтæ тынг фæцыдис Кавказы алæмæттаг æрдз æмæ уайтагъд йæ фæндаггон альбом айдзаг кодта йæхи цæстæй кæй уыдта, уыцы хæххон пейзажтæй. Сфæлдыста дзы 12 нывы æмæ сын фæстæдæр сарæзта равдыст.

Тифлисы цæргæйæ, Айвазовскиймæ куырдадзмæ цыдысты бынæттон цæрджытæ. Уыдон йæ куыстытæм кастысты стыр цымыдисæй æмæ зыдтой, Кавказ кæй у нывгæнæджы сæйраг темæ, уый. Айва-зовскийы тыххæй-иу ныхас кодтой канд интеллигенцийы минæвæрттæ нæ, фæлæ ма уынгты адæм дæр. Сæ ныхас-иу балхынцъ кодтой, уымæй, зæгъгæ, куыд тагъд бакусы йæ нывтыл æмæ йын цас æнтысы, уый. Æмæ, æцæгæйдæр, Айвазовскийæн æрлæуд нæ уыдис, æхсæв-иу хъуыды кодта сюжеттыл æмæ-иу бон та кæттагмæ хаста уыцы алыгъуызон ахорæнтæй дзаг хъуыдытæ. Куыдфæстагмæ æнæхъæн Тифлисыл айхъуыст, зæгъгæ, Айвазовский кавказаг нывтыл бакуыста кæронмæ æмæ ныр та фæнд кæны равдыст байгом кæнынмæ. Æмæ уыдис ахæм равдыст. Адæм нал æфсæстысты нывты æвдыст Кавказы бынæтты уындæй. Уый уыд горæты культурон царды стыр ахсджиаг цау.

Æрмæгыл бакуыста Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.