2008 азы августы трагикон цаутæ сæ зæрдыл хорз лæууынц уæззау мысинагæй сæ зæрдæты баззадысты – Дменис, Сатихъар æмæ Хелцуайы хъæуты цæрджытæн. Уый размæ, 1990-92 азты, сæ хæдзæрттæ куыд уагътой æмæ лыгъдысты, Хелцуайы хъæуы цъыбыртты сыгъд куы бакодтой сæ сыхаг Дисеуы хъæуы цæрджытæ. Рохгæнæн нæй, ацы комы цæрджытæй цы дæсгай адæймæгты удтæ аскъуыдтой, уыдоны. Бирæ сывæллæттæ баззадысты сидзæрæй. Æмæ та райдыдта ног, æгъатырдæр хæст, августы хæст. Чысангомы хæст 8-æм августæй раздæр райдыдта. 2-æм августы Леуахийы былыл амардтой Сатихъары хъæуы цæрæг æвзонг лæппу Дыгъуызты Роины. Уыцы бон ма амардтой Дменисы хъæумæ ссæуæны, посты лæугæйæ Лолоты Владимиры дæр. Хъæуты цæрджытæ æмбæрстой, горæты дæр уавæр уæззау кæй у æмæ сæм æххуысмæ кæй ничи æрбацæудзæнис æмæ куыд сæ бон уыдис, афтæ фидар лæууыдысты, кæрæдзийæн ныфс æвæрдтой нæлгоймагæй-сылгоймагæй. Кæй ныккæнд арфдæр, фидардæр уыд, уым-иу нымбырд сты. 6-æм августы куыддæр æхст сытынг, афтæ Дменисы хъæуы цæрджыты иу хай сæхи айстой Астæуккаг Дменисы цæрæг Гæззаты бинонты хæдзармæ. Фæлæ сæ уырдæм дæр æхстой гуырдзиаг хъæутæ Еред, Мерет, Ксуисæй, алыгъуызон æхсæнгæрзтæй. Уый размæ Гæззианы лæппутæ хæдзары раз цы змис калд уыд, уый афтид голджыты сæвгæдтой æмæ сæ ныккæнды рудзгуытыл самадтой, уымæ гæсгæ хъæуы адæммæ афтæ каст, зæгъгæ, уым æдасдæр у.

7-æм августы хæсты гуыбар-гуыбур уæлдай æввахсдæрæй хъуысын райдыдта, хъустæ къуырма кодтой алыгъуызон тасуадзæг æхстытæй, срæмыгъдтытæй. Алчи йæ бинонты агуырдта, кæрæ-дзимæ дзырдтой мобилон телефонтæй. Гæззианы хæдзары ныккæнды кæд фидар æнхъæлдтой, уæддæр иууыл афтæ нæ разынд. Хæдзары кæрты минæ фехæлд йе схъистæ ныккæндмæ бахаудысты. Сылгоймæгтæ æмхуызон сæмбу сты. Хъуыст сæ цъæхаст. Уæдмæ телефонæй кæйдæр фырт йæ мадмæ бадзырдта, лидзгæ ут,    зæгъгæ, хъæумæ æрбатыдтой гæрзифытонгæй æмæ уæхи бааууон кæнут. Сылгоймæгтæ æмæ сы-вæллæттæй ма хъæуы чи уыд, уыдон хъæуы сæрмæ лидзæг систы. Лыгъдысты, фæлæ бирæтæн сæ уæрджытæ сæ быны дыдæгътæ кодтой. Уæддæр кæрæдзийæн ныфс æвæрдтой, «дæхи фæфидар кæн» – зæгъгæ. Сылгоймæгтæй сæ иуæн йæ бон цæуын бынтондæр нал уыд æмæ иннæтæн лæгъстæ кодта, мæн, дам, уадзут, сымах, дам, уæхи бафснайут. Алкæмæн йæ сæр йæ кой уыдис, фæлæ йæ уæддæр нæ ныууагътой – дыууæ усы фездæхтысты æмæ бацыдысты йæ дæ-лæрмтты, афтæмæй йæ хæссæгау кодтой. Хъæуы ас-тæу сæм æнхъæлмæ каст сæхи хъæуккаг лæппу Дзанайты Алик машинæйыл. Иу-уылдæр схызтысты гуыф-фæмæ æмæ сæ уый бахæц-цæ кодта Хъуыриайы хъæумæ. Уыдон бæргæ аирвæзтысты, фæлæ Сатихъар æмæ Хелцуайæ цы адæм ралыгъдысты, уыдонæн фадат нал уыд, Дменисы сæрмæ цы хид уыд, ууылты ахизынæн. Уым æрбынат кодтой гуырдзиæгтæ. Лигъдæттæн семæ уыд зæронд адæймæгтæ. Уыдон сæхи хъæды бааууон кодтой. Фæразондæр чи уыдысты, уыдон сфæнд кодтой къахæй хæхтыл ахизынмæ æмæ афтæмæй Дзæуджыхъæумæ бафтын. Йæ ныфс чи бахаста, уыдон хæхтыл дыууæ бон фæцыдысты.

Дменисæй цы лигъдæттæ ралыгъд æмæ Хъуыриайы чи уыд, уыдон та ацы хъæуы цæрæг Дзаумæ  ахизын кодта. Дзауæй та сæ æндæр машинæ таможнæйы онг баласта æмæ ныххæццæ сты Алагирмæ. Уым сæ бакодтой сылгоймæгты пансионатмæ. Алы уавæртæ дæр сын сарæзтой цæрынæн. Лигъдæттæ ам фесты иу къуыри æмæ сæ стæй уырдыгæй æндæр æмæ æндæр рæттæм арвыстой. Фæлæ лигъдæтты ‘хсæн уыд ахæмтæ дæр, кæцытæ не сразы сты ацæуыныл æмæ фæстæмæ раздæхтысты. Дзырдтой сын, зæгъгæ, уæ хъæутæ, уæ хæдзæрттæ басыгъдысты, фæлæ уæддæр сæ сывæллæттæй бæрæг кæй нæ зыдтой, уый тыххæй сæ хъæумæ фæстæмæ раздæхтысты.

Уæдмæ хæст дæр фæцис. Уырыссаг æфсæдтæ ирон хъæуты сыгъдæг кодтой гуырдзиаг лæгмæрттæй. Æрыздæхтысты сæ сыгъд, пырх хæдзæрттæм æмæ та ногæй бавнæлдтой сæ цард аразынмæ. Бирæтæ се стурты сæ кæрты æрæййæфтой мæрдтæй, нæмгуытæй æхстæй, фæлæ сæ бинонтæ сæрæгасæй кæй баззадысты, иутæй дарддæр, уымæ гæсгæ сæ къух ауагътой алцæуыл дæр.

***

Уый æнхъæл та кæм уыдысты Тыджыты бинонтæ æмæ сæ сæртæ æфснайыны бæсты фыдæвзарæнты кæй ныххаудзысты, хæдзары хистæры мард та ласинаг кæй фæуыдзæнис.

68-аздзыд Тыджыты Юри, йæ цардæмбал Гæджиты Джульеттæимæ цардысты Присы хъæуы. 2008 азы 7-æм августы бæстæ æхстытæ æмæ срæмыгъдты бын фæцис. Юри хъуыды кодта, зæгъгæ, æдасдæр у горæты æмæ сæ уырдæм ацæуын хъæуы. Хъæуы ма цы адæм уыд, уыдонмæ дæр бахатыд, цæмæй сæхи горæтмæ айсой. Æниу, цæй æдасдæр – тæдзынæгæй цыхцырæгмæ цæйау фæзæгъынц, ахæм уавæры бахаудтой.

8-æм августы райсомæй, куыддæр æрбабон, афтæ Юри йæ бинойнаг æмæ хъæуы цæрджытæй цалдæримæ хъæд-хъæд Згъудеры уæлмæрдыл æрхызтысты горæтмæ. Уæлахизы уынджы хисæрмагонд хæдзары цард йæ хо Шурæ, хæдзарæн ныккæнд уыд æмæ йæ зæрдæ ууыл дардта.

«Хæдзары иунæгæй уыдтæн, ме ‘фсымæр æмæ йын йæ бинойнаджы куы ауыдтон, уæд мын иуæй æхсызгон уыд, аннæмæй знаджы нæмгуыты бын лидзгæйæ, сæ удтæ кæй уæлдай кодтой æмæ афтæмæй кæй æрбахæццæ сты, уый тыххæй семæ схъуырдухæн дæн. Бæргæ сыл архайдтон, тагъд сæ кодтон, цæмæй ныккæндмæ ныххизой. Раздæр, мах, сылгоймæгтæ нæхи бааууон кодтам. Фæлæ уалынмæ æнахуыр хъомысджын æхсты уынæр райхъуыст. Бæстæ ныррухс æмæ бадыз-дыз кодта зæхх. Юрийæн нал бантыст ныккæндмæ ныххизын. Сармадзаны нæмгуыты схъистæ нынныхстысты йæ сæры, къухты, къæхты… Хæдзары иу фарс дæр ныппырх. Йæ хъуыры цы схъис ныффидар, уырдыгæй туг фемæхст. Мах æм балыгъдыстæм, фæлæ уый уадид йæ уд систа… хæрзчысыл йедтæмæ йæ нæ хъуыд ныккæндмæ ныххизынæн…», – дзуры хъынцъымгæнгæ Тыджыты Юрийы хо.

9-æм августы Юрийы мард буар йæ цардæмбал æмæ хо рæстæгмæ бавæрдтой кæр-ты, фæлæ 12-æм августы хæст куы ныссабыр, уæд æнамонд нæлгоймаджы буар хаст æрцыд йæ райгуырæн хъæу Присы уæлмæрдмæ.

Тыджыты Юрийы уарзтой æмæ йын кад кодтой канд не ‘мхъæуккæгтæ нæ. Уый рæхст алы куыстмæ дæр. Нæлгоймаджы хуыздæр миниуджытæй æххæст уыд.

Уый бирæ азты фæкуыста Республикон соматикон рынчындоны сантехникæй. Канд йæ коллективы ‘хсæн нæ уыд æгъдауджын, фæлæ хæстæджытæ æмæ сыхæгты ‘хсæн дæр.

Уыцы рæстæджы адæммæ æхца нæ уыд, уымæ гæсгæ-иу уæззау уавæры чи бахауд, сантехникон куыстытæ-иу кæй хъуыд, уый та-иу Юримæ бахатыд. Æмæ та-иу уый дæр фæдисы цыдæй фæцæйцыд. 1990-92 азты Присы хъæуы цæрджытæ уæззау уавæры куы бахаудысты æмæ æхсæвыгæтты постыты куы лæууыдысты сæхи гуырдзиаг экстремистæй хъахъхъæныны тыххæй, уæд Юри дæр кæд ацæргæ уыд, уæддæр семæ æвзæрста хæстон дуджы зындзинæдтæ.

«Æхсæнгарз æнæуый дæр алкæмæ кæцæй уыд, чи уыд, уыдон дæр зæрæдтæ, арæх-иу фехæлдысты. Юри сæ-иу ахаста æмæ та-иу нæм сæ фæстæмæ æрбахаста ногты хуызæнæй. Йæ къухтæй сæ иу гуырцæй рæстмæ нæ куыста æмæ-иу лæппутæ джихтæ кодтой, куыд ын æнтысы иунæг цонгæй, ахæм зын куыстытæ кæнын, зæгъгæ», – дзырдта Тыджыты Юрийы хъæуккаг лæппу.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.