Ахуыргæнæгæн кæддæриддæр æмæ кæмфæндыдæр уыд æмæ абон дæр ис уæлдай кад. Уый рæзгæ фæлтæры акæны йæ фæдыл ахуыры зынцæуæн фæндагыл, æмæ рахизынц царды раст, уæрæх æмæ хуызджын фæндæгтæм, фæхайджын сæ кæны зонындзинæдты дунейы хъæздыг æвæрæнтæй.

Уыцы дуне бæрзонд ран ис æмæ йæм схизын чи сфæразы аккагæй,  ныфсджынæй, уый уæд бамбары, цас фыдæбон æмæ тых бахардз кодта йæ ахуыргæнæг, цæмæй   уыцы зонындзинæдты бæрзонд мæсыгæй рафæлгæса. Рафæлгæса, йæ цæст ахæсса дунейыл æмæ ахъуыды кæна, дарддæр йæхи кæй хъæудзæн царды бæрзæндтæм хизын, йæ царды дарддæры нывæстытæ кæй хъæудзæн æххæст кæнын йæхи хъæппæрисæй, йæхи сæрмагонд тыхтæй.

Стыр æмæ бæрнон хъуыддагыл лæуд у ахуыргæнæг, уымæн æмæ уый бацæуы ныры сывæллæтты – фидæны æхсæнады бæрны. Ахуыргæнæгыл баст у суинаг фæлтæр, стæй фидæны амондджын цард аразджытæ куы уой, уæд сын цы бантысдзæн, уыцы вазыгджын хæс, кæй зæгъын æй хъæуы, ныййарæг-хъомылгæнæджы фæстæ.

Педагогикæйы историйыл нæ цæст куы ахæссæм, уæд æй бæлвырдæй фендзыстæм, æнусты дæргъы куыд æмæ цал хатты аивта ахуырады хъуыддаг, цал æмæ цал реформæйы амæттаг баци, фæлæ уæддæр ахуыргæнæджы сæйраг хæс – сабитæн амонын, фаг зонындзинæдтæй сæ сифтонг кæнын, æхсæнадæн аккаг фæлтæр схъомыл кæнын кæддæриддæр ис йæ тыхы.

Куыдфæнды йæ ма рабар-бабар кæнæм, уæддæр ахуыргæнæджы куыстæн раздæры кад нал ис. Стыр кадджын уыд ахуыргæнæг махмæ, ирон адæммæ дæр, уæлдайдæр-иу ацы дæсныйад æвзонг чызг куы равзæрста, уæд. Æхсæнады – нымад, ахуыргæнинæгтæн – цæвиттойнаг, ахуыргæнæг æппынæдзух архайдта, цæмæй йыл макуы макæй зæрдæ бахуда, цæмæй йæхиуыл куса, йæ зонындзинæдтæ хъæздыгæй-хъæздыгдæр кæной.

Бирæ дон аивылд уæдæй нырмæ, бирæ рæстæг рацыд. Абон, кæд ахуырдзинад æнæмæнг хъуыддаг у, уæддæр ахуырыл раздæр куыд æнувыд уыдысты ахуырдзаутæ, афтæ – нал, кæд сæ уавæртæ иттæг хорз сты, ницы уадиссаг цухдзинæдтæ æййафынц, уæддæр. Уый хыгъд, ахуыргæнæджы куыст та бирæ фæвазыгджындæр, фæбæрнонддæр – афтæ йæ æрхаста рæстæг, ахæм сты ног дуджы карз домæнтæ. Дуджы домæнтимæ фæкарз сты ныййарджыты домæнтæ дæр: «Ахуыргæнæг хæсджын у, æппæт дæр у ахуыргæнæгыл баст!» – фæзæгъынц ныййарджытæй бирæтæ æмæ сæхи уæлдай хатт нæ батыхсын кæнынц, цæмæй скъоламæ бацæуа, базона, йæ хъæбул йæхи куыд дары, цы ма хъæуы саразын, цæмæй йын иттæг хорз æнтыстытæ уа. Æмæ кæддæр ныййарджыты æмбырды ахуыргæнджытæй уайдзæфтæ куы фехъусынц сæ «сыгъзæрин» сывæллæтты ‘рдæм, уæд хыл, быцæутæ райдайынц: «Уый гæнæн нæй, æз дунейы æхца хардз кæнын репетитортыл æмæ дзы куыд хъаст кæнут! Уæхи аххос у, фаг хъусдард æм нæй скъолайы!».

О, фæлæ ахæм ныййарæг цæмæн рох кæны, сæйраг репетитор æмæ йæ хæрдзтæ кæй не сты, фæлæ хъомыладон фарст – ахуыргæнæг алы скъоладзауы къухыл кæм хæцдзæн æмæ йæ кæм ракæн-бакæн кæндзæн йæ фæдыл.

Уæдæ, цæмæй хицæн кæны курдиатджын ахуыргæнæг хорз ахуыргæнæгæй? Куыд зонæм, афтæмæй хорз ахуыргæнæг ахуырдзауты зæрдæргъæвддзинад раргом кæны кæронмæ, курдиатджын та уыцы кæрон уайтагъд уынгæ фæкæны.

Царды цы социалон-экономикон рацарæзтытæ уынæм, уыдон фæзындысты ахуырады системæйыл дæр, домынц, цæмæй ивддзинæдтæ æрцæуа ахуырадон – хъомыладон процессы дæр. Нырыккон дуне адæймаджы раз цы домæнтæ æвæры, уыдон æххæстгæнæн ис, æрмæст активонæй æмæ арæхстджынæй ног технологитæй, интернетæй, телеуынынадæй, мыхуыры фæрæзтæй  пайдагæнгæйæ.

Дзырд дæр ыл нæй, ирон æвзаджы ахуыргæнджытыл, рæстæджы домæнтæм гæсгæ стыр хæстæ æвæрд кæй ис: Фыдыбæстæ уарзын, царды фæзилæнтыл ахуыр кæнын, сабиты раст зондыл æфтауын, хорз – æвзæр, раст – зылын, уарзт – фыдæх, кæрæдзийæ иртасын. Ног ахуырадон технологитæм гæсгæ арæзт урок хъуамæ дзуапп дæтта бæлвырд домæнтæн. Уыдонæн, мæнмæ гæсгæ, сæ сæйрагдæртæ сты – зонады ног æнтыстытæй пайда кæнгæйæ, урок бæлвырд ахуырадон-хъомыладон бындурыл аразын. Скъоладзаутæн саразын бæлвырд уавæртæ сæ курдиат æххæстæй равдисынæн, сæ хъуыдыкæнынад рæзынæн, æрмæг базонынмæ сæ разæнгард кæнын. Ног рæстæг домы куысты ног хуызтæ, цæмæй ахуырдзаутæ фылдæр æмæ хуыздæр архайой.

Чысыл сабитæй иронау чи дзура, уый стырæй уырыссагау æнæмæнг базондзæн. Ныхас дæр ыл нæй, мах уырыссаг æвзаг æнæмæнг хъæуы, уый у нæ дыккаг æвзаг æмæ уый ныхмæ ничи дзуры, фæлæ кæд ирон æвзаг дæр нæ республикæйы паддзахадон æвзагыл нымад у, уæд æй фæсдуармæ цæмæн æппарæм? Скъолаты иунæг ирон сывæллоны дæр ирон æвзаджы уроктæй уæгъдгæнæн нæй, стæй ирон уроктæм хъуамæ уа сæрмагонд хъусдард, цæмæй сæм ахуыргæнджытæ дæр æмæ ахуырдзаутæ дæр куыдфæндыйы цæстæй ма кæсой.

Æрмæгыл бакуыста ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.