Актуалондзинад диссаджы цыдæр у. Ихсигæ, зæронд нæ кæны, цыфæнды дугты дæр ын вæййы бынат царды, адæмы æхсæндзарды алы къабазы дæр. Уымæн æмæ цард æнæивгæйæ кæны йæ цыды хай, кæд хатт махмæ афтæ фæкæсы, цыма фаронæй ацы аз æндæргъуызон царды цæрæм, уæддæр. Плиты Инал ацы уац ныффыста августы тугуарæн хæсты тæккæ хæдфæстæ, 2009 азы, фæлæ йæ газеткæсджыты тæрхонмæ хæссæм, йæ актуалондзинад хæрзчысыл дæр кæй ницæмæй фесæфта, уый тыххæй.

Фæстаг рæстæджыты Ирыстон дзæвгар фыдбонтæ бавзæрста.

1981 азы Дзæуджыхъæуы трагедийæ райдайгæйæ, стæй Хуссар Ирыстоны 1989-1992 азты хъизæмæрттæ, 2004 азы Бесланы æвирхъау фыдракæнд, æмæ та 2008 азы Хуссар Ирыстоны карз хæст.

Цыма цавæрдæр æнæзынгæ шахматист арты зынджытæ куы Цæгат Ирыстоныл æрæппары, куы та – Хуссар Ирыстоныл…

Егъау уды зиæнттыл æнæбафæразгæ рисæй судзаггаг цæссыгтæ калгæ, мах нæхи фæрсæм: «Цæй тыххæй, цы аххосджын фестæм, цæмæн ныл æрцыдис ацы тугуарæн?!»

Æвæдза, шахматисты кой æнæхъуаджы не скодтон – Ирыстон цы геополитикон тохы карды бырынкъыл фестад, уый хуынгæ дæр афтæ кæны – Стыр Шахматон Хъазт. Уый у размæдзыд тыхджын бæстæты ‘хсæн дыууæ сæдæ азæй фылдæр цы тох цæуы, уый ном фæсномыгæй. Ацы «Хъазты» хæйттæй иу у, Ныгуылæны нывæзт дунеон æртагон кризисы къæсæрыл зынаргъ къахæггаг хæзнатæй хъæздыг Кавказы зæхх хи дæлбар бакæнын æмæ, Уæрæсейы бирæнацион паддзахад фехалгæйæ, Сыбыры æнæбанымайгæ æрдзон хæзнатæм къухæй бавналын.

Кавказ та знаджы къухы нæ бафтдзæнис, Ирыстон йæ тыхы куы уа, уæд. Цалынмæ Ирыстон ма слæмæгъ уа, цалынмæ Ирыстоны зæххыл ирон адæм фидар уой Уæрæсейимæ æнæфæцудгæ иудзинады сæ иумиаг знæгты ныхмæ тохы, уæдмæ Ныгуылæн æнцойад нæ зондзæнис.

Ныртæккæ, рæстдзинад æргомæй дзурын хъæуы, Ирыстонмæ уыйас тых нæй, цæмæй йæхи бахиза фидæны фыдбылызтæй.

Æмæ мæ Райгуырæн бæстæ, зæрдæрыстæй, æдых уымæн нæ хонын, йæ адæмы нымæц милуантæ кæй нæу, кæнæ йæм атомы аппы хъомысджын нæргæ хæцæнгарз кæй нæй. Ацы хæрзиуджытæ махæй тыхджындæр паддзахæдты дæр нæ бахызтой бынысæфты уæззау хъысмæтæй.

Фæлæ мæ мæгуыр ирон адæм мæгуыр уымæй сты, мидæггагон иудзинад нæм, амцæф-уымцæф арæзтытæ мæнгагъуыстау, дзойдзой кæй кæны, нæ хъуыдыкæнынад лыстæгзæнг талабæласау, лæмæгъ дымгæмæ дæр дыууæрдæм кæй ратас-батас кæны æмæ, сыгъдæгзæрдæ уæвгæйæ, рæуæууæнк уæрыччы бынаты нæхи æгæр æнцонтæй кæй авæрæм.

Нæ иннæ мардæрцыд та у, не ‘хсæн, тугмондаг æнæзæгъинаг бырæгау, сусæг-æргомæй, æнæууæнк æмæ ‘нæуынондзинады сау мæлæтхæссæг хъæстæ чи тауы, знаджы куыройыл дон калгæ, стыр Къостайы фæстаг фæдзæхстыл чъизи къахæй балæгæрдгæ, нæ Уарзондзинад æмæ Æууæнчы бын мæнгардæй уæрм чи къахы, ахæмтæм æгæр быхсгæ ахаст.

«Ирон лæг уæйгæнæг никуы уыди», зæгъгæ, ахæм ныхæстæй фаг фæбуц кодтам нæхи. Цæмæ нæ ‘ркодта – уæхæдæг æвдисæн.

Ирон уæвгæйæ, Иры зæхх гуырдзиаг куы хонынц, лæгмарты ахæстоны ныппарыны бæсты хибарæй куы ауадзынц, ницы аххос-джын кæнæ чысыл аххосджынты та фырнадæй цæрæнбонтæм куы фæаиппджын кæнынц, фыдгæнджыты гæртамыл æфхæрдæй куы ссæрибар кæнынц, нæ адæмы хуыздæртæй чъизи дам-думтæ сусу-бусуйæ куы парахат кæнынц, зæрдæрыст, хæстæфхæрд адæмыл бæрзонд кабинетты фосы хъæр куы кæнынц, æхцайыл ирæттæ ирæтты сæ хæдзæрттæй куы расурынц, дунейы дзыллæтыл Хуссар Ирыстон æмæ йæ фæ-тæджы фыдгой куы фæкæнынц адæмы цæсты сæ бафтауыны охыл, Куртаты-йедты мыстыты ‘мбырдтæ куы фæкæнынц æмæ нын гуыбынниз лæвæрртæ куы фæнывæндынц, бынтон ницы аххосæй афтид зæххы тъæпæныл чи аззад, уыцы адæмæн сæ къæбæр сæ дзыхæй куы фелвасынц, Цхинвалы мæлæттауæг рæмудзæнтæй нæ сомбоны иунæг ныфс, нæ рæзгæ хурты рæсугъд цæрдтæ куы байсафынц, уæд мæ куыд хъуамæ бауырна, ирæттæй уæйгæнджытæ кæй нæ вæййы, уый.

Чизоны уыди ахæм дуг дæр, ирон адæмы ‘хсæн уæйгæнджытæ куы нæ уыди. Фæлæ гъеныр ис. Æмæ канд иу нæ.

Æргомæй знаджы фарс чи рахæцыд, уыдонимæ иу бынаты лæууынц ахæмтæ дæр, ам сусæгæй, йæ бынатæй пайдагæнгæ, адæмæн лæггад кæныны бæсты, закъæттæ чи халы, йæ дзыппытæ байдзаг кæныныл чи тыхсы, æмæ афтæмæй адæмы хицауады ныхмæ чи кæны, ахæмтæ дæр, æмæ æддейæ, йæхи Ирыстоны сæрхъызой хонгæйæ, Ирыстоныл цъыф чи калы æмæ йæ дунейы дзыллæты цæсты чи ‘фтауы, ахæмтæ дæр.

Æвæццæгæн, мæсыг хи дурæй кæй сæтты, уыцы ныхас дæр нæ фыдæлтæ æнæхъуаджы нæ загътой. Фæдисы дзæнгæрæгау нæм хъуысы сæ ныстуан фæлтæрты æмæ æнусты тар мигътæй абоны бонмæ. Æвæццæгæн нын æнæхъуаджы нæ ныууагътой ацы, æдзух къæрццхъус æмæ цырддзаст уæвыны сидт.

Ахæм суадон нæй, уыцы-иу рæстæг сыгъдæг дон дæр кæмæй цæуа æмæ чъизи дон дæр. Адæм дæр, суадæттау, кæнæ сыгъдæг вæййынц, кæнæ та – чъизи. Гæнæн ис, æмæ чъизи адæймаг рæсугъд ныхæстæй кæнæ гæды-рувас цæстмæмиты гамхудæй йе ‘цæг, йæ сау удыхъæд æмбæхса. Фæлæ афтæ никуы вæййы, цæмæй сыгъдæг адæймаг чъизи хъуыддæгты йæхи сæвдула.

Стыр æнæууæнк райрæзы чысыл гæдыныхасæй, стыр фыдракæнд та расайы чысыл хатырæй.

Ирыстонæн йæ иунæг хотых, йæ иунæг ирвæзындзинады фæрæз у æнæфехалгæ иудзинад, æнæдызæрдыг æууæнк æмæ зæрдæбын уарзондзинад. Фæлæ ацы хæрзиуджытæм фæндагыл лæууынц, аргъæутты стыр æмæ чысыл уæйгуытау, стыр æмæ чысыл уæйгæнджытæ. Уыдон хъуамæ ахæм уавæры æвæрд æрцæуой, цæмæй сæ бон мацы уа, æмæ ма фесафой бынтондæр Ирыстон æмæ ирон адæмы. Уый тыххæй нын æмæнæнгхъæуæг у, цæмæй уæйгæнджыты ныхмæ лæууыныхъом уæм – иммунитет.

Уый нæ дзыллæ йæхимæ куы нæ сæвзæрын кæна, уæд нæм æнхъæлмæ кæсынц, арв æмæ зæхх кæй нæ федтой, ахæм æвирхъау фыдбылызтæ.

Фæлæ куыд бафтдзæн уый къухы?

Нæ йæ зонын.

Æмæ уый тыххæй курæг дæн нæ куырыхон адæммæ, цæмæй сæ ныхас зæгъой.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.