Йæ кæронмæ бахæццæ 2015-2016 ахуыры аз. Фæстиуæгджын æмæ мидисджын уыд йæ нывæстмæ гæсгæ. Уымæн та стыр ахъаз фесты нæ республикæйы Ахуырады министрад æмæ астæуккаг скъолаты ахуыргæнджытæ. Уыдон æвæллайгæ æмæ нысанмæздæхт куыст бакодтой, цæмæй рæзгæ фæлтæр фæсте мацæмæй баззайой, цæмæй рæстæгимæ æмдзу кæной ахуыры, аивады, спорты къабазы; цæмæй  монон, патриотон, эстетикон хъомылады фæрцы фидæны цард аразджытæ ифтонг кæной Райгуырæн бæстæмæ, мадæлон æвзагмæ, се ‘мирон адæммæ æнувыддзинадыл.

Ахуырдзауты цинæн кæрон дæр нал вæййы ацафон, æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсынц сæрдыгон улæфтытæм. Фæлæ уыдонæй тынгдæр та ацы, 2015-2016 ахуыры азты скъолаты рауагъдонтæ цин кæнынц. Сæ разы – ног царды уæрæх фæндаг, йæ ногдзинæдтæ æмæ йæ фæлварæнтимæ, йе ‘нтыстытæ æмæ фыццаг къахдзæфтимæ уæлдæр ахуыргæнæндоны бæрзонддæр зонæнтæм.  Æмæ кæд сæрды æрбалæуд ахуырдзаутæн, рауагъдонтæн стыр æхцондзинад æмæ хъæл-дзæгдзинад хæссы, уæд ахуыргæнджытæ та ныридæгæн райдайынц хъуыды кæнын ног ахуыры азыл, цæмæй ноджы бæрзонддæр æмвæзадмæ скæной ахуыр-хъомыладон процесс; цæмæй сæххæст уа сæ сæйраг бæллиц – аккаг фæсивæд схъомыл кæнын Райгуырæн бæстæйæн, намысджынæй суинаг цард аразыны бартæ йæ къухмæ чи райсдзæн, ахæм фæдонты. Уымæн та хъæуы стыр тыхтæ æмæ быхсындзинад.

Абон, лæджы размæ ракæнынæн ахъазгæнæг, мингай азты адæймагадæн рухс чи уынын кодта, æхсæнад ногдзинæдтæм чи ракодта, уыцы ахуырады хъуыддаг рахызт ногдæр æмæ нырыккондæр программæтæм; рæгъмæ хаст цæуынц æнахуыр компьютерон технологитæ, размæдзыддæр методтæ. Фæлæ уæддæр, хъыгагæн, алцы нывыл нæ вæййы, уæддæр дзы разыны цæлхдуртæ – ахуыр-хъомыладон хъуыддагæн æндæр гæнæн нæй, уымæн æмæ алы фæлтæр, алы дуг дæр æрбалæууы йæхи ног фæзындтимæ, сæрмагонд хи-æдтимæ.

Ацы уац мыхуырмæ куы цæттæ кодтон, уæд бирæ фæлтæрд ахуыргæнджыты бафарстон: «Ног дуджы ивындзиныдтæм, проблемæтæм дæ сæрмагонд цæстæнгас, абарстытæ ивгъуыд рæстæгимæ». Цыппор азмæ æввахс ахуырдзау-сывæллæттæн æгасæй дæр сæ цард чи снывонд кодтой, уыцы ахуыргæнджытæ бындуриуæг кодтой иу хъуыдыйыл:

– Хъыгагæн, абоны сывæллæттæн сæ уавæртæ дæр æмæ сæ гæнæнтæ дæр бæрæг хуыз-дæр æмæ тæхудиагдæр сты, фæлæ ахуырмæ сæ хъус уадиссаг нæ дарынц. Хатт мæм афтæ фæкæсы, цыма се ‘ппæт дæр æндавы, æхсæнадæмон политикæйæ райдайгæйæ (худы), фæлæ сæ царды комкоммæ хæс хорз сахуыр кæнын æппындæр сæ хъуыдыйы дæр нæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, æз ныртæккæ алы ахуырдзауы кой нæ кæнын, фæлæ сæ 70  проценты афтæ сты, уый та стыр хъуыдыйаг у. Иу дæс азы размæ дæр ма кæд зын уавæрты цардыстæм, бирæтæ цухдзинæдтæ æййæфтам, уæддæр ахуыры æмвæзад нæ республикæйы хуыздæр уыд. Ныр сын алы гæнæнтæ дæр ис, фæлæ сæ сыгъзæрин рæстæгæй нæ пайда кæнынц, стæй та фæсмон фæкæнынц. Арæх сывæллонæй фехъусын: «Рæстæг мын нал фæци æмæ мæ хæдзарон хæслæвæрдтæ нæ сæххæст кодтон». Уыцы дзуапп мæн дисыл бафтауы: уæдæ уагæры цы ми кодтаид ацы саби? Куыд мæ бауырна,  ахуырдзау-сывæллон йæ чингуытыл æрбадт,  йæ ныййарæг æй сыстын кодта æмæ йын исты кусын кæны. Уый гæнæн нæй – алы ныййарæг дæр тырны, цæмæй йæ хъæбул хорз сахуыр кæна, адæмы рæгъы рацæуа, амондджын цард кæна фидæны, – уайдзæфгæнгæ дзуры Хъæцмæзты Маринæ, Колыты Аксойы номыл паддзахадон Аивæдты лицейы математикæйы ахуыргæнæг.

Фæлæ уæддæр, цард æй куыд æвдисы, афтæмæй ахуыр-хъомыладон райрæзты раз цы цæлхдуртæ ис, уыдон æнцонæй иуварс цæуынц ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджыты æмар-хайды фæрцы, кæд сæ бирæ фыдæбон æмæ рæстæг домдæуы, уæддæр.

Ныртæккæ ахæм рæстæг æркодта, æмæ сабиты, ахуырдзауты скъолайон «хус» программæтæй нал асайдзынæ, цыфæнды бакуыстгонд æмæ нырыккондæр ма уа, уæддæр. Рæзгæ фæлтæрæн ис ног фæрæзтæ –  бирæхуыз информацион ратæдзæны. Уым виртуалон дунейы сын æнцондæр æмæ æхцондæр у уæвын, ничи сæ хъыгдары. Æмæ, уыцы виртуалон хуызджын дунейы уæвгæйæ, сабийы нал фæфæнды, «хъæр-хъæлæбайы амæттаг чи фæци, уыцы дунемæ æрыздæхын». Уый та, не ‘ппæт дæр æй иттæг хорз зонæм, æппæрццагæй æндавы рæзгæ гоймаджы миддунейыл. Фылдæр хатт йе ‘мкъласонтимæ, йе ‘мгæрттимæ дæр нал фæныхас кæны, уыдон æм «фæстæзад æмæ ницыфенæг» фæкæсынц. Раст уыцы рæстæджы уый хъæуы уыцы «раст уагæвæрдæй» фæиппæрд кæнын, цæмæй «рахиза» ацы фарсмæ, реалон дунемæ. Уый стыр хъуыдыйаг хъуыддаг у æмæ хъуамæ сса-рæм фæрæзтæ æмæ гæнæнтæ, цæмæй æвæрццагæй бандавæм рæзгæ гоймаджы размæцыдыл.

Къласы ахуырдзауты ахастытæ æнгомдæр вæййынц, ахуыргæнджытæ цы мадзæлттæ фæуадзынц, уым алы сывæллон дæр, стæй ма ныййарджытæ дæр (цæттæгæнæн процессы) активон хайад куы фæисынц, уæд. Бирæ уарзынц сывæллæттæ экскурситæ, æрдзы хъæ-бысмæ балцы цæуын. Уыдон дæр  хъомыладон куысты æмвæзад бæрзонддæр кæнынæн  стыр ахъаз сты. Фæлæ ахæм рæстæджы сывæллæттæм хистæрты ‘рдыгæй хъуамæ уа сусæг цæстдарæг: сæхи уæгъдибарæй куыд дарынц, цæмæ тынгдæр цымыдис кæнынц, цæуыл дзурынц – æппæт дæр хъуамæ хынцыд цæуа. Хатт вæййы афтæ, æмæ къласы æнæуæндон чи у, уый скъолайæн æддейæ, æрдзы, экскурсийы райхæлы, алы дидинæг, алы къутæрмæ дæр цымыдис кæны, зоны канд зайæгойты нæ, фæлæ уыцы бынаты цыдæрид-дæр цæрæгойтæ цæры, уыдоны нæмттæ. Кæнæ гæнæн ис, æмæ сывæллон иттæг хорз зона, цы бынаты сты, уымæн йæ истори, цы цаутæ дзы æрцыд, цахæм фæстиуджытæ сын уыд, цы историон нысаниуæг ис уыцы цаутæн, фæлæ дзурын нæ уæнды, æфсæрмы кæны.  Ахуыр-гæнæг æй хъуамæ сдзурын кæна, «ныддис» ын кæна йæ зонæнтыл, лæмбынæг æм байхъусын кæна йе ‘мгæртты, раппæла дзы. Уæд йæ авторитет фæбæрзонддæр уыдзæн йе ‘мкъласонты ‘хсæн дæр æмæ йæм ракæсдзысты бынтон æндæр цæстæй. Хъыгагæн, вæййы афтæ дæр, æмæ ахæм рæстæджы иттæг хорз ахуыргæнинаг нæ фæзоны йæхи дарын, лæууы хибарæй, цы фæуа, цы сараза, уыдæттæ нал фæзоны. Уæд та йын ахуыргæнæг хъуамæ йæхæдæг радзура сæ экскурсийы нысаниуæджы тыххæй, исты дæнцæг ын æрхæсса йæхи æвзонгадæй. Уый та стыр ахъаз у æууæнкдзинадæн, уымæн æмæ ахуыр-гæнæг-хъомылгæнæг æмæ саби-скъоладзауы ‘хсæн æууæнчы тыхæн бынат куы нæ уа, уæд цæй хъомыладыл ис дзурæн, æмахастыты та цæхгæр дих кæндзæн арæн.

Абон ныййарджытæй бирæтæй ис фехъусæн: «Ахуыргæнæг амонгæ хорз кæны, фæлæ сывæллæттимæ иумæйаг æвзаг не ссардта, æгæр уазал цæстæнгасæй сæм кæсы», кæнæ та бынтон иннæрдæм: «Сывæллæттæ йæ бирæ уарзынц, æууæндынц ыл, сæ алы сусæгдзинад дæр ын æргом кæнынц, фæлæ амонгæ уыйас нæ кæны». Ацы ран цыфæнды хорз ахуыргонд-педагог æмæ психолог дæр фæбыцæу уыдзысты, уымæн æмæ дыууæ вариантæн дæр ис бынат нæ абоны ахуырады хъуыддаджы æмæ сæ иу дæр аппаринаг нæу. Цæвиттон, хорз чи зоны æмæ чи амоны сывæллæттæн, уымæн йæ сæйрагдзинад у, урок бæрзонд æмвæзадыл ауадзын, сывæллæттæн бирæ бацамонын. Фæлæ иунæг ахæм кълас дæр нæй, æмæ ахуырдзаутæ се ‘ппæт дæр иттæг хорз бæрæггæнæнтыл  ахуыр кæной. Алы къласы дæр ахуыры вæййы  тыхджынтæ æмæ лæмæгътæ. Тыхджын ног æрмæг хуыздæр бамбардзæн, рацæугæ æрмæг та хъуыды кæны кæддæриддæр, фæлæ алкæмæн йæ бон нæу афтæ ахуыр кæнын æмæ фæсте аззайынц. Уæд уавæр æппæтварсонæй дæр йæ къухмæ хъуамæ райса ахуыргæнæг æмæ уæлæмхас уроктыл бакуса лæмæгъ ахуырдзаутимæ, цæмæй «дыккаг, æртыккаг къæпхæны» ахуыргæнинæгтæм ма ахауой, къласы æнæнымад ма уой. Ахæм куыст та алы ахуыргæнæг нæ кæны æмæ адард вæййы сывæллæттæй, æвзæр нысæнттæ сын нывæргæйæ. Ахуыргæнæг уыцыиу рæстæджы хъуамæ уа амонæг, хъомылгæнæг, психолог, артист, æууæнкджын æмбал æмæ æввахс хæлар. Уæд æвæрццаг фæстиуджытæ уыдзæн йæ вазыгджын æмæ ахсджиаг архайдæн.

Кæцыдæр ныййарджытæ та ахæм концепцийыл хæст сты: «Мæ къласы дыууæтыл чи-дæриддæр ахуыр кодтой, уыдон иууылдæр сæ цард сарæзтой, фæллой, кад скодтой сæхицæн, фæсарæнтæм улæфынмæ цæуынц афæдз дыууæ хатты, иттæг хорз бæрæг-гæнæнтимæ чи фесты ахуыр, аспирантурæ æнцонтæй чи акъæрцц кодта, кандидатон диссертаци сæрибарæй чи бахъахъхъæдта Мæскуыйы, уый та гæвзыкк, æнæбарыйæ баззад. Ахуыр нæу сæйраг, сæйраг у фердæхтдзинад æмæ къæйныхдзинад».

Ацы æдылы хъуыдымæ лæмбынæг куы ‘ркæсæм,  уæд   æй хорз  бамбардзыстæм,  ахуырæн кæцыфæнды рæстæджы дæр æмæ кæмфæнды дæр стыр ахадындзинад æмæ бæрзонд кад кæй ис, уый. Иуæй-иутæ сæ ныййарджыты æххуысæй, сæ «къæйных-дзинады» фæрцы бынæттæм бахауынц, фæлæ дæ зонындзинæдты æмвæзад зæххы æмвæз куы уа, уæд бæрнон куысты цы сараздзынæ, цæмæй раразмæ кæндзынæ дæ хъуыд-даг? Иу дæнцæг мын исчи зæгъæд, иттæг хорз зонындзинæдтимæ фæлтæрд специалистыл кæцыдæр куыстуат, кæнæ уагдоны дуар рахгæдтой æмæ йæ «дипломджынæн», фæлæ афтид сæримæ «фердæхтджын, къæйныхы» раз уæрæх байгом кодтой!

Уыцы рæстæджытæ фесты! Абон мах лæууæм стыр хъуыддæгты ратæдзæны фарсмæ æмæ æппæт амæлттæй дæр хъуамæ архайæм, цæмæй рæзгæ фæлтæрæй иунæг-иу гоймаг дæр рохуаты ма аззайа. Нæ,  уый бар нын нæй, уымæн æмæ абоны хæдбар царды ныхмæ чидæр йе ‘взонг уд æрæвæрдта, нывондæн æй æрхаста Райгуырæн бæстæйы фарнæн, дзыллæйы сæрибардзинадæн.

Раст у, бирæ фыдбоны фæндæгтыл рацыдыстæм мах, хуссарирыстойнаг адæм, бирæ маст бавзæрстам, фæлæ цард размæ цæуы æмæ алы уысм «дети войны, дети войны…» куы кæнæм, уæд цæй размæцыдыл æмæ монон рæзтыл ис дзурæн?! Абоны рæзгæ фæлтæр тынг хорз сывæллæттæ сты, хуымæтæджы хъæуы фылдæр рæстæг семæ уæвын, царды сусæгдзинæдтæ сын амонын, хъомыл сæ кæнын. Ирон адæммæ кæцыфæнды зынвадат æмæ æвæрæз рæстæджыты дæр фыццаг бынаты уыдысты æгъдау æмæ хъомылад. Æз никуы фехъуыстон æмæ адæймагæн йæ зонындзинæдтæм гæсгæ аргъ кæной, æнæуаг, æнæхъомыл æмæ æнæгъдау куы уа, уæд. Фæлæ æнæнымæц сты, уæлдæр ахуыргæнæндæттæ æмæ аспирантурæтæ чи нæ фесты, фæлæ се ‘гъдау, намыс æмæ куырыхондзинадæй кад æмæ цыты аккаг чи сты, сæ амæлæты фæстæ дæр цæргæйæ чи баззадысты уæлæуыл, адæмы зæрдæты, уыдон.

Ахуыргæнæг скъоладзауимæ кусы, амоны йын, цайдагъ æй кæны раст хъуыддæгтыл, царды рæсугъддзинæдтыл, фæлæ йæм ныййарджыты ‘рдыгæй æмбæлон хъусдард куы нæ уа, уæд ахуыргæнæджы стыр фыдæбон дæр уадид æрбайсæфы. Уымæ гæсгæ хæдзары ныййарджытæ сывæллонæн хъуамæ банкъарын кæной, йæ уагахаст, йе ‘гъдау, йæ ахуыры хъуыддаг уыдонæн сæ сæйрагдзинад кæй сты. Абон хыл, быцæутæ æмæ нæмынтæй нал у. Ныры сывæллæттимæ æндæр методтæ æмæ фæрæзтæй хъæуы архайын, цæмæй йæ БАМ-барой, уыдон, стыр дудгæбонты æмæ уæззау тыхæвзарæнты нæ къухты чи бафтыд, уыцы амондджын царды, сомбоны дидинвæлыст рухс фидæны барджын минæвæрттæ кæй уы-дзысты. Уыцы уавæртæ æмæ фадæттæ та не ‘ппæтæн дæр ис ныры дуджы æмæ сæ хъæуы æвæстиатæй спайда кæнын, цæмæй райсом фæсмонгонд ма фæуæм, цæмæй нæ кæстæрты кæстæртæн дæр фæткæвæрдæн уой: фыдæлтæй баззайгæ уаз фарн, намыс æмæ ирон æгъ-дау.

Цгъойты А.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.