Ахуыргæнæг… Цас фарн ис ацы дзырды.  Ахуыргæнæджы професси æрмæст професси нæу, фæлæ у адæймаджы бæрзонддæр нысан, ныхыфыст. Ахуыргæнæджы професси у хъæуæг æхсæнадон професситы ахсджиагдæртæй сæ иу.  Рагон грекъаг зынгæ философ Сократы хъуыдымæ гæсгæ,  ахуыргæнæг йæ курдиат райсы Хуыцауæй.

Абон уын мæ уацы цы диссаджы уæздан сылгоймаджы кой ракæнынмæ хъавын, уымæн дæр  ахуыргæнæджы курдиат Хуыцауй радтгæ у. Уый йе ‘ппæт æмбаргæ цард снывонд кодта рæзгæ фæлтæры хъомыладæн.   Æмæ ныр 33 азы дæргъы  йæ фæдыл кæны рæзгæ фæлтæры, фидæны рæсугъд цардмæ сын фæндаг амонгæйæ.  Йæ куысты сæйрагыл нымайы алкæцы сывæллоны дæр хи хъæбулау уарзын, æмхуызон хорз ахаст сæм дарын. Чи  фæнымайдзæнис уал азы дæргъы йæ зонындзинæдтæ æнæвгъау цал адæй-магæн бацамыдта, цал адæйма-джы бафтыдта царды раст фæндагыл, уыдоны.

Дыгъуызты Лианæ Цхинвалы районы Сатихъары хъæуы райгуырд. 1970 азы бацыд Сатихъары райдайæн скъоламæ. 1974 азы йæ ахуыр адарддæр кодта Ксуисы астæуккаг скъолайы æмæ йæ тынг хорз нысæнттыл каст фæцис 1980 азы. 1981 азы ахуыр кæнынмæ бацыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон пе-дагогон институты ирон-фæсарæйнаг хайадмæ. 1986 азы институт æнтыстджынæй каст фæуыны фæстæ æрвыст æрцыд Знауыры районы Зиулеты астæуккаг скъоламæ немыцаг æвзаджы ахуыргæнæгæй, фæстæдæр та дзы куыста ирон æвзаджы ахуыргæнæгæй. Уыцы-иу рæстæджы ма æххæст кодта къласæн æддейæ куысты фæдыл директоры хæдивæджы хæстæ. Æвзонг ахуыргæнæг фæллад нæ зыдта, урокты фæстæ дæр никуы базивæг кодта уæлæмхас уроктæ ауадзынмæ. Йæ къухты æфтыдысты хорз æнтыстытæ æмæ йæ хорзы кой айхъуыст æнæ-хъæн районы. Хъæубæсты адæм æй бауарзтой хи хъæбулау æмæ йын кад кодтой. Ацы скъолайы ба-куыста 1990 азмæ. 1991 азы кусын райдыдта Цхинвалы 6-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй æмæ абоны онг дæр кусы ацы ахуырадон уагдоны. Уыцы-иу рæстæджы ма у скъолайы зонадон-методикон куысты фæдыл директоры хæдивæг. Лианæ уайтагъд ссардта иумиаг æвзаг куыд йæ коллегæтимæ, афтæ йæ хъомылгæнинæгтимæ дæр æмæ хæларæй цæры семæ. Скъола йын ссис дыккаг хæдзары хуызæн æмæ йæ цард бынтондæр нал уыны æнæ йæ уарзон ахуырдзаутæй. Æнæхъæнæй дæр аныгъуылд йæ уарзон куысты, æдзухдæр ис ахуырады, царды гуылфæнты. Ахуыргæнæджы куыст кæд тынг вазыгджын у, уæлдадйæр та ацы знæт æмæ карз рæстæджы, уæд-дæр дзы Лианæ фæллайын нæ зо-ны æмæ уæхскуæзæй кусы æмæ кусы рæзгæ фæлтæрæн йæ зонындзинæдтæ æнæвгъау амоныныл, аккаг адæймæгтæ сæ скæныныл. Æмæ йын æнтысгæ дæр кæны. Мæнæ дзы цы зæгъы скъолайы директор Александрова Людмила: «Лианæ Барисы чызджы уроктæ вæййынц цымыдисон. Уый йæ алы урочы дæр сывæллæтты размæ рахæссы методикон ногдзинæдтæ æмæ афтæмæй скъоладзаутæ тырнынц мадæлон æвзаг хуыздæр сахуыр кæнынмæ. Бирæ азты дæргъы йæ ахуыргæнинæгты зонындзинæдты æмвæзад у бæрзонд – 90-100 проценты. Лианæ Барисы чызг йæ фæлтæрддзинад амоны йæ коллегæтæн. Арæх ралæууы докладтимæ, ауадзы гом уроктæ. Йæ ахуыргæнинæгтæ алыхатт дæр хайад исынц алыгъуызон конкурсты, олимпиадæты æмæ бацахсынц призон бынæттæ. Йæ хъомылгæнинæгты акæны музейтæм, экскурситæм, арæх сын ауадзы музыкалон изæртæ. Æнгом бастдзинад ын ис йæ хъомылгæнинæгты ныййарджытимæ».

Советон Цæдисы рæстæгимæ абаргæйæ, ныры дуджы рæзгæ фæлтæримæ кусын бирæ зындæр у. Алкæцы ахуырдзауы зæрдæмæ дæр хъæуы хицæн фæндаг ссарын.

«Цæмæй хорз ахуыргæнæг уай, уый тыххæй фаг не сты профессионалон фæлтæрддзинад æмæ зонындзинæдтæ, хъуамæ уай психолог дæр, хъуамæ зæрдæйæ уарзай сывæллæтты. Адæймаг сывæллæтты куынæ уарза, уæд скъолайы ма хъуамæ куса, куыдфæнды ма тырна йæ профессийы бæрæг æнтыстытæ йæ къухты бафтын кæнынмæ, уæддæр ын нæ бантысдзæн. 2009 азы октябры мын  «РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг»-ы кадджын ном лæвæрд куы æрцыд, уæд æз ноджы стырдæр бæрндзинад банкъардтон мæ хъомыладон куысты æмæ алы ахуыргæнинаджы фидæны тыххæй дæр. Хорз ахуыргæнæг хъуамæ уа йæ дæсныйады профессионал, фæлмæн æмæ уыцы-иу рæстæджы карз æмæ домаг. Сывæллæтты куынæ уарзай, уæд сын сæ чысыл зæрдæтæм нæдæр фæндаг ссардзынæ, нæдæр сын дæ предмет хорз бацамондзы-нæ. Сывæллон фыццаджыдæр  хъуамæ уарза ахуыргæнæгæн йæхи, уа йын цæвиттойнаг, уæд ын йæ предмет дæр хуыздæр сахуыр кæнзæн», – фæзæгъы Дыгъуызты Лианæ.

Æмæ æцæгæйдæр, ахуыргæнæг æмæ ахуыргæнинаг дæр хъæбул æмæ ныййарæг мадау æнæуынгæ тæгтæй баст вæййынц. Арæх ахъуыды кæнын  йæ куыстуарзондзинады тыххæй: цас йæ бон у кусын ацы уæздан сылгоймагæн. Дис мæм фæкæсы, уыйбæрц алыгъуызон мадзæлттæ сорганизаци кæнын йæ бон  куыд свæййы, рæстæг куыд ссары. Ахуыры азы дæргъы цы мадзæлттæ ауадзы, уыдоны нымæц схизы 20 онг æмæ уый та у гуырахстджын куыст. Алыхатт дæр сæ йæ хайадисджытæ райсынц стыр æхцондзинад. Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ йæ мадзæлт-ты хайад кæй фæисынц æнæхъæн кълæсты ахуырдзаутæ, кæцы хуыздæрырдæм æндавы рæзгæ фæлтæры монон хъомыладыл. Ацы аз февралы мæйы Дыгъуызты Лианæйы къухдариуæгадæй скъолайы хистæркъласонтæ бацæттæ кодтой цымыдисон мадзал Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн, цыран ссардтой ацы уагдоны æртæ рауагъдоны – Цхуырбаты Сослан, Коцты Инал æмæ Мæлдзыгаты Сосланы рухс нæмттæ. Уыдон æртæ дæр хæрзæвзæнгтæй фæмард сты Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнгæйæ. Мадзалмæ цы бирæнымæц уазджытæ æрбацыд, уыдон стыр бузныджы ныхæстæ дзырдтой йæ хайадисджытæ æмæ организатортæн. Сгуыхт ахуыргæнæг иу нысаниуæгджын боны фæрсты дæр никуы ахизы, алыхатт дæр сæ йæ ахуырдзаутимæ банысан кæнынц алыгъуызон мадзæлттæ сорганизаци кæнгæйæ. Арæх ауадзы мысæн изæртæ, фысджытæ,      ахуыргæндтимæ фембæлдтытæ æмæ ахæм мадзæлттæ сорганизаци кæныны тыххæй та хъæуы стыр куыст кæнын. Ахъуыды ма кæнæм,  уроктæ ауадз, æмæ уый фæстæ та мадзалмæ дæхи цæттæ кæн. Афтæ сараздзæн æрмæстдæр йæ радтæг адæмы æцæг патриот, йæ дæсныйад фидар уарзтæй чи уарзы, йæ куыстæй æхцондзинад чи исы, ахæм æнахуыр диссаджы хæларзæрдæ æмæ куыстуарзаг адæймаг. Æнæ скойгæнгæ мын нæй Дыгъуызты Лианæ 2017 азы Ногиры 1-æм астæуккаг скъолайы цы гом урок ауагъта, уый тыххæй. Гом ур-окмæ æрбацыдысты РЦИ-Аланийы Ахуырады министрады минæвæрттæ, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ирон кафедрæйы ахуыргæнджытæ Уалыты Татьянæ, Майрæмыхъуаты Фатимæ, РЦИ-Аланийы ахуыргæнджыты квалификаци бæрзонддæргæнæн институты методисттæ, ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ. Гом урочы темæ уыд: Плиты Грисы балладæ «Авд цухъхъайы». Афтæ зæрдæмæхъаргæйæ сын радзырдта Хуссар Ирыстоны гуырдзиаг-ирон хæсты рæстæджы фæмардуæвæг хъайтарты сгуыхтдзинæдты тыххæй æмæ сывæллæттæй бирæты цæс-гæмттыл æруадысты цæссыгтæ.  Лианæ йæ  урок ауагъта бæрзонд æмвæзадыл æмæ дзы иууылдæр баззадысты райгондæй. Ахæм урок ауадзын йæ бон бауыдзæн æрмæстдæр йæ дæсныйады иттæг хорз специалистæн.

Сгуыхт ахуыргæнæг, Колыты Аксойы номыл премийы лауреат 6-æм скъолайы 5-æм къласы ахуырдзаутæн ауагъта интегративон гом урок. Урочы ногдзинад уыд, уый мидæг æмæ уагъд кæй цыд уыцы-иу рæстæджы æртæ предметæй – ирон, уырыссаг æмæ англисаг æвзæгтæй. Урочы темæ уыд «Райгуырæн бæстæ. Хæлардзинад».  Гом урок уагъд æрцыд ацы скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы кабинеты, цыран æнкъардæуы нæ фыдæлты фарн. Ацы кабинетмæ бахизгæйæ, алчидæр рахатдзæн Лианæйы аудгæ къухты хъармдзинад. Æхцондзинад исы æмæ бынтондæр нæ фæллайы, афтæ рæсугъд цы ирон æвзаг æмæ литературæйы кабинет сфæлындзыдта, уыцы хатæны кусынæй.

Дыгъуызты чызг 2011 азы ссис «Учитель года – 2011»-ы конкурсы уæлахиздзау «Ирон æвзаг æмæ литературæйы хуыздæр ахуыргæнæг»-ы номинацийы. Уыцы аз ма  ссис азы хуыздæр къласгæс дæр.  РЦИ-Аланийы ахуырады кусджыты квалификаци бæрзонддæргæнæн институты ректор Исакова Людмила йæ схорзæхджын кодта Кады грамотæйæ ирон æвзаджы ахуыргæнджыты семинарты активон хайадисты æмæ Ногиры скъолайы гом урок бæрзонд æмвæзадыл ауадзыны тыххæй. 2018 азы йын РХИ-йы Ахуырады министр Гасситы Натали радта Кады грамотæ Абайты Васойы номыл республикон конкурс «Шаг в науку»-йы скъолайы ахуырдзаутæ активон хайад кæй райстой, уый тыххæй. Хорзæхджын ма у бирæнымæц æндæр Кады грамотæтæ æмæ майдантæй, иу уацы сын ранымайæн дæр нæй. Уый арæх цымыдисон докладтимæ ралæууы РЦИ-Аланийы, РХИ-йы уагъдцæуæг конференциты, семинарты.

Лианæ йæ хайбавæрд бахаста скъолайы кары агъоммæйы сывæл-лæттæн чингуытæ саразыны фæ-дыл проект «Малусæг» æмæ астæуккаг скъолатæн ахуыргæнæн чингуыты проект «Ног фæлтæр»-мæ дæр. Дыууæ проекты автор дæр у профессор Битарты Зойæ.  Дыгъуызты чызг «Малусæг»-æн сарæзта чиныг «Сывæллæтты хъæзтытæ» æмæ «Ног фæлтæр»-æн та – 6-æм къласы ирон литературæ. 2-4 кълæстæн сарæзта чиныг «Изложениты æмбырдгонд». РХИ-йы Ахуы-рады министрады хъæппæрисæй ирон æвзагыл уагъд цæуы чиныг «Методикон æххуыс ахуыргæнджытæн», цыран алы номыры дæр мыхуыр æрцæуынц Лианæйы мадзæлттæ æмæ гом урокты нывæз-тытæ. Ацы аз 17-æм октябры Дзæу-джыхъæуы уагъд æрцæудзæн конференци Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл 160 азы сæххæсты сæраппонд. Уым бакæсдзæн доклад «Къоста æмæ Ирыстон», зæгъгæ. Афтæ ма цæттæ кæны цытджын мадзал Къостайы юбилейон гуырæн боны цытæн. Лианæйæн кæд йæ къухты бафтыд стыр æнтыстытæ, уæддæр ууыл æрлæууынмæ нæ хъавы.  Ахуыргæнæджы професси ахæм у æмæ хъуамæ рæстæгимæ кæнай æмдзу, хатт та хъуамæ рæстæджы разæй дæр фæуай. Уымæ гæсгæ тырны йæ куысты ног методтæй пайда кæнынмæ. Спайда кæны кластеры методæй дæр.

«Лианæ у тынг хорз ахуыргæнæг. Ирон æвзаджы рæзтмæ хæссы егъау хайбавæрд. Йæ уроктæ алыхатт дæр ауадзы бæрзонд æмвæзадыл. Мадæлон æвзагæй йæ хъомыл-гæнинæгты зонындзинæдтæ сты æмбæлон, уымæн æмæ семæ кæны æвæллайгæ куыст», – банысан кодта Ахуырады министрады национ ахуырады хайады сæргълæууæг Козаты Ингæ. «Лианæ Барисы чызг йæ мидисджын уроктæй цæвиттойнаг у æвзонг ахуыр-гæнджытæн, йæ куыстуарзондзинадæй. Цыфæнды æххуысмæ дæр æм ма бахат, уайтагъд дæ фарсмæ æрбалæудзæн æмæ дын цæстуарзон æххуыс бакæндзæн. Зивæг цы у, уый нæ зоны. Мах ын тынг кад кæнæм», – банысан кодта скъолайы англисаг æвзаджы ахуыргæнæг Гæззаты  Юринæ.

Дыгъуызты Лианæ йæ цардæмбал Гæбæраты Аланимæ схъомыл кодтой дыууæ чызджы – Аланæ æмæ Аллæйы. Уыдон дыууæ дæр Мæскуыйы каст фесты уæлдæр ахуырадон уагдæттæ. Йæ хистæр чызг Аланæ кусы ХИПУ-йы экономикон факультеты ахуыргæнæгæй, кæсы лекцитæ студенттæн.

Курдиатджын ахуыргæнæг кæд хорзæхджын æрцыд бирæнымæц хорзæхтæй, уæддæр  йæ иууыл стырдæр хорзæхыл нымайы йæ ахуыргæнинæгты уарзондзинад æмæ æнтыстытæ.

Арфæ дын кæнæм ахуыргæнæджы боны цытæн. Бирæ азты дæргъы дæ зонындзинæдтæ фæамон, афтæ бирæ цы хъомылгæнинæгты уарзыс, уыдонæн.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.