Очерк

1994 азы ЮНЕСКО сфидар кодта ахуыргæнæджы дунеон бон æмæ уæдæй фæстæмæ æрвылаз дæр цытджын æгъдауæй нысан цæуы 5-æм октябры. Рагон грекъаг зынгæ философ Сократ дзырдта, зæгъгæ, æцæг ахуыргæнæг йæ курдиат райсы Хуыцауæй. Ахуыргæнæджы дæсныйад у  æхсæнады ахсджиагдæртæй сæ иу. Иууыл ахсджиагдæр та уымæн у, æмæ фидæны кæцыфæнды дæсныйады иттæг хорз специалисттæн дæр кæсын æмæ фыссын фыццаг хатт ахуыргæнæг бацамоны, зонындзиндæты дунемæ йын фæндаг уый байгом кæны.

Абон уын мæ уацы цы диссаджы уæздан сылгоймаджы кой ракæнынмæ хъавын, уый йе ‘ппæт æмбаргæ цард снывонд кодта рæзгæ фæлтæры хъомыладæн. 37 азы дæргъы уый цыд æмæ цæуы ацы фæндагыл æмæ йæ фæдыл кæны рæзгæ фæлтæры фидæны рæсугъд цардмæ. Хатт-иу  æрлæууыд æмæ-иу ахъуыды кодта  мыййаг кæд цыдæр раст нæ аразын. Нæ, уый бар мын нæй! Æз хъуамæ мæ хъомылгæнинæгтæй алкæйы зæрдæмæ дæр ссарон фæндаг, æцæг адæймæгтæ сæ саразон! Æмæ йын бантыст! Ныр 37 азы дæргъы уый цырагъау судзы йæ ахуыргæнинæгты рæсугъд фидæны тыххæй. Чи  фæнымайдзæнис, уал азы дæргъы йæ зонындзинæдтæ æнæвгъау цал адæймагæн бацамыдта, цал адæймаджы бафтыдта царды раст фæндагыл, уыдоны…

Æрвылрайсом дæр йæ куыстмæ фæцæйтындзы зæрдæмæдзæугæ, уæздан,  хæрзæгъдау æмæ æцæг ирон сылгоймаг. Уый уын горæт Цхинвалы Колыты Аксойы номыл Аивæдты паддзахадон лицейы ирон æвзаг æмæ литреатурæйы ахуыргæнæг Гæбæраты Фатимæйы кой кæнын. Райгуырд горæт Цхинвалы. Астæуккаг ахуырад райста нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы. Уый фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта ХИПИ-йы ирон-фæсарæйнаг факультеты. 1981 азы институт æнтыстджынæй каст фæуыны фæстæ уайтагъд райдыдта хъомыладон куыст кæнын. Нырма уал куыста 5-æм æмæ 12-æм астæуккаг скъолаты æмæ уыцыиу рæстæджы Профцæдисты хæдзары культурæйы хæдзары дæр. 1991 азы  Колыты Аксойы номыл Аивæдты лицей куы байгом, уæдæй абонмæ Фатимæ кусы  ацы ахуырадон уагдоны ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй. Уыцыиу рæстæджы ма 1993 азæй суанг 2009 азмæ куыста Хуыбылты Валерийы номыл гимназ «Рухс»-ы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй дæр. Фатимæ арæх æрæмысы 12-æм скъолайы йæ фыццаг урокмæ цæугæйæ куыд тынг тыхст, уый. Фæлæ, зæгъ, къласмæ бахизгæйæ, ахуыргæнинæгты райдзаст цæсгæмттæ куы ауыдтон, уæд, зæгъ, мæ тыхстдзинад æрбайсæфт. 12-æм скъолайы ахуыры хайы уæды сæргълæууæг Гæззаты Иван бацымыдис кодта æвзонг ахуыргæнæг йæ уроктæ куыд уадзы, уымæ æмæ йын байхъуыста йæ урокмæ. Фатимæ фæтыхст æмæ йæм афтæ фæкаст, цыма ногæй фæлварæн лæвæрдта къамисы раз, фæлæ уæддæр йæ урок ауагъта тынг хорз. Урочы фæстæ йын Гæззайы фырт загъта,  «хорз ахуыргæнæг дæ рацæудзæн», зæгъгæ. Ацы ныхæстæ æвзонг сылгоймаджы ноджы тынгдæр сразæнгард кодтой æмæ зæрдæйæ аныгъуылд хъомыладон куысты, скъола йын ссис дыккаг хæдзары хуызæн.

«Цæмæй сывæллæттæ зæрдæрайæ ахуыр кæной сæ мадæлон æвзаг, уый тыххæй ахуыргæнинагæн алы урок дæр хъуамæ уа цымыдисон, алы урок дæр ын хъуамæ хæсса цахæмдæр ногдзинад», – зæгъы Гæбæраты чызг. Бацамоны сын презентаци куыд аразгæ у, реферат куыд фыссын хъæуы, уыдæттæ. Зæгъæм сын æрæджы радта хæслæвæрд, Анахарсис чи уыд, уый тыххæй реферат ныффыссын. Арæх ауадзы уæлæмхасæн уроктæ дæр. «Мæ куысты арæх пайда кæнын ахæм мадзæлттæй, цæмæй сывæллæттæн рæза сæ хъуыдыкæнынад æмæ зоной сæ хъуыдытæ нывæндын, æрдзмæ кæсгæйæ ныффысой радзырд. Курдиатджын, фæлтæрд ахуыргæнæг ма йæ куысты сæйраг фарстыл нымайы хъомыладон фарст дæр. Йæ хъомылгæнинæгты ахуыр кæны ирон адæмы фыдæлты традицитæ æмæ æгъдæуттыл. Уый банысан кодта, зæгъгæ, хорз уаид æмæ уыцы æгъдæуттæ æмæ традициты рæзгæ фæлтæр куы уыниккой сæ бинонты ‘хсæн дæр, уæд, зæгъ, нæ цард бирæ рæсугъддæр уаид. Цæмæй сывæллæттæ ахуыр кæной патриотикон æнкъарæнтыл, уый тыххæй сæ арæх акæны экскурситæм куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Цæгат Ирыстоны фенддаг бынæттæм дæр. Акодта сæ Дæргъæвсмæ, Цъæйы коммæ, Фыййагдонмæ, бацыдысты  Къоста æмæ Васойы уæлмæрдтæм дæр æмæ сын сæ уæлмæрдтыл сывæллæттæ сæвæрдтой дидинджытæ. Хъайтарты аллеямæ сæ куы бакодта, уæд ын йæ ахуыргæнинæгтæй сæ иу – Икъаты Инал афтæ дзуры, зæгъгæ, дам, æз мæхи амондджыныл нымайын Плиты Иссæйы уæлмæрдыл, дам, мæ къух кæй авæрдтон, уый тыххæй. Ахæм мадзæлттæ æнæмæнæгæй бандавынц сывæллæтты  патриотикон хъомыладыл.

Фатимæ хæрзчысылæй бауарзта йæ мадæлон æвзаг. Уымæн ын стыр ахъаз фæцис йæ фыд, Стыр Фыдыбæстæйон хайадисæг Гæбæраты Герман. Уый хæстæй æрæздæхт инвалидæй æмæ афтæмæй куыста Залдайы хъæуы колхозы сæрдарæй. Йæхи хæдзары хъæуы сывæллæттæн бакодта скъола æмæ сын йæхæдæг дæр амыдта НВП æмæ математикæ. Уыимæ ма уыд тынг рæсугъд оратор, тынг уарзта Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæ кæсын дæр.   Фатимæйæн чысылæй арæх каст Къостайы æмдзæвгæтæ, дзырдта-иу ын ирон аргъуæттæ дæр æмæ йын афтæмæй бауарзын кодта ирон литературон сфæлдыстад. Фатимæ куыд зæгъы уымæ гæсгæ, уый абон сывæллæттæн æмдзæвгæтæ куы фæамоны, уæд йæ хъустыл йæ фыды уæздан æмæ рæвдаугæ хъæлæс фæуайы æмдзæвгæтæ кæсгæйæ. Гæбæриан арæх фæдзуры, зæгъгæ, цæмæй ныййарджытæ хорз кæстæртæ схъомыл кæной, уый тыххæй уал сын фыццаг рады сæхæдæг хъуамæ уой цæвиттойнаг сæ алы хъуыддаджы дæр. Йæ мад Гуыззыдтаты Евæ дæр уыд куырыхон æмæ куыстуарзаг, адæмуарзон æмæ кæрдзындæттон сылгоймаг. Фатимæйы хотæй сæ иу Залинæ  дæр равзæрста ахуыргæнæджы дæсныйад æмæ кусы химийы ахуыргæнæгæй Дзæу-джыхъæуы скъолатæй сæ иуы.

Ацы рæнхъыты автор Гæбæраты Фатимæимæ базонгæ цалдæр азы размæ. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ йæм мæ журналистон архайдмæ гæсгæ бафтыдтæн мадæлон æвзаджы боны цытæн иу мадзалмæ æмæ мæ дисы баппæрста йæ курдиатæй, йæ арæхстдзиндæй, мадзал рауад тынг цымдисон. Уайтагъд æй рахатыдтон Фатимæйæн ахуыргæнæджы дæсныйад Хуыцауæй радтгæ кæй у, уый. Мæхимидæг бабуц дæн, æгайтма нæм ахæм курдиатджын мадæлон æвзаджы ахуыргæнджытæ ис. Ахæмтыл дзурын, фыссын хъæуы, уымæн æмæ Фатимæйы хуызæн иузæрдион ахуыргæнджыты руаджы нæ мадæлон æвзаджы рæзтæн уыдзæн размæцыд.  Йæ хъомылгæнинæгты сæ мадæлон æвзаг уарзыныл æмæ кад кæныныл кæй ахуыр кæны, уымæн уæлдай хатт æвдисæн сдæн нæ горæты Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны уагъдцæуæг  конкурс «Зонды къуыбар»-ы рæстæджыты. Ацы конкурс Галуаны директор Джиоты Арянæйы сæргълæудæй нæ республикæйы скъолаты ахуырдзаутæн уагъд цæуы сыгъдæг ирон æвзагыл ныр цалдæр азы дæргъы. Конкурсы алыхатт дæр ирдæй зынд Гæбæраты Фатимæйы сывæллæттæ-иу уæлдай цæттæдæр кæй уыдысты, уый. Æрвылаз дæр-иу конкурсы бацахстой призон бынæттæ æмæ уымæ та йе стыр хайбавæрд хæссы æвæллайгæ æмæ хуыцауысконд сылгоймаг Гæбæраты чызг. Йæ ахуыргæнинæгтæ æрвылаз дæр хайад райсынц горæтон, республикон олимпиадæты æмæ алыхатт дæр свæййынц сæ уæлахиздзаутæ, хорзæхджын æрцæуынц 1 æмæ 2-аг къæпхæны дипломтæй.

2012 азы Фатимæ хайад иста РХИ-йы Ахуырады министрады «Азы хуыздæр ахуыргæнæг»-ы конкурсы, æмæ ссис йæ уæлахиздзау. Уыцы аз ын лæвæрд æрцыд «РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг»-ы кадджын ном дæр рæзгæ фæлтæры хъомыладмæ йæ уæзгæ хайбавæрды тыххæй. Афтæ ма хорзæхджын æрцыд бирæнымæц паддзахадон хорзæхтæй. Куыд иттæг хорз ахуыргæнæг, афтæ ныр æртæ азы та ис ахуыргæнджытæн аттестаци чи фæуадзы, уыцы экспертон къорды сконды. Арæх ауадзы гом уроктæ. Ивгъуыд аз гом урок ауагъта Брытъиаты Елбыздыхъойы «Амыран»-æй. Урокмæ хуынд æрцыдысты 30 ахуыргæнæджы бæрц æмæ сын  рауад мастер-къласы хуызæн.

Гæбæраты чызджы уарзынц æмæ йын кад кæнынц йæ коллегæтæ. Плиты Нелли, Аивæдты лицейы ахуыры хайы сæргълæууæг: «Куыд коллегæ æмæ адæймаг, афтæ Фатимæйæн æмбал нæй. Фæнды йæ алкæмæндæр исты хорзы бацæуын. Сæйраг ма у уый дæр, æмæ афтæ тынг кæй уарзы йæ мадæлон æвзаг, хъахъхъæны йæ æмæ алкæйы дæр фæдзæхсы, цæмæй дзурой сæ мадæлон æвзагыл. Алы аз дæр нæ уагдоны вæййы практиканттæ æмæ уыдонимæ дæр бакæны æвæллайгæ, цæстуарзон куыст. Æрвылаз  дæр вæййы къласон къухдариуæггæнæг. Афтæ ма у лицейы предметон методист дæр. Йæ предмет зоны тынг хорз. Сывæллæтты арæх акæны театрмæ æмæ бауарзын кодта  театр, куыд ахуырдзаутæн, афтæ йæ коллегæтæн дæр. Иууыл цымыдисондæр та мæм уый кæсы æмæ  дыккаг бон сывæллæттæ анализтæ кæй фæаразынц спектаклтæн.  Йæ хъомылгæнинæгты арæх акæны экскурситæм, алцыдæр сорганизаци кæны йæхæдæг. Ныр та фæнд кæны сывæллæтты Дыгуры Задалескмæ акæнын».

Мулдарты Светланæ, лицейы географийы ахуыргæнæг: «Фатимæ у тынг æууæнкджын коллегæ æмæ æмгар. Цæмæфæнды йæм ма баулæф, йæхицæн бынат не ссардзæн цалынмæ дын дæ къух фæрог кæна, уæдмæ. Иу дзырдæй алчидæр дзы у тынг райгонд. Хуыцау зæгъæд æмæ Фатимæйы хуызæн адæймæгтæй хъæздыг цы уа Ирыстон».

Æнæскойгæнгæ мын нæй Фатимæйы бинонты тыххæй. 1980 азы йæ цард баиу кодта Мамиты Валериимæ æмæ уæдæй абоны онг цæрынц кæрдзи æмбаргæйæ. Стыр Хуыцауы цæст сын бауарзта дыууæ хъæбулы  чызг æмæ лæппу. Уыдон дæр сты царды раст фæндагыл лæуд. Чызг Алисæ у йæ мады коллегæ, кусы лицейы англисаг æвзаджы ахуыргæнæгæй, лæппу Вадим каст фæцис ХИПУ-йы юридикон факультет æмæ  кусы мидхъуыддæгты министрады. Дыууæтæн дæр ис бинонтæ æмæ хъæбултæ. Æдæппæтæй Фатимæйæн ис фондз  хъæбулы хъæбулы æмæ сæ хурæй æфсæст уæд. Банысан кæнын мæ фæнды уый дæр, æмæ гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды райдианæй фæстæмæ, уыцы нымæцы 2008 азы августы хæсты рæстæджы дæр Фатимæйæн йæ цардæмбал æмæ йæ фырт та лæууыдысты Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты фарсмæ æмæ знагæн  аккаг ныхкъуырд лæвæрдтой. Йæхæдæг дæр нæ ныууагъта йæ райгуырæн зæхх, йæ бинонты.

Уæдæ ирон сылгоймаг йæ удæй арт цæгъды йæ бинонты фæрныгад æмæ йæ ахуыргæнинæгты хæрзиуæгæн æмæ йын мах цæст дæр бауарздзæн фидар æнæниздзинад æмæ амондджын цард. Уадз, ноджы ма бирæ азты дæргъы æнæвгъау фæамонæд йæ зонындзинæдтæ, афтæ бирæ цы ахуыргæнинæгты уарзы, уыдонæн. Арфæ йын кæнæм ахуыргæнæджы дунеон боны цытæн.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.