Ирон адæммæ цы бирæ профессионалон бæрæгбонтæ ис, уыдонæй се ‘гасæй кадджындæрыл нымайын, абон кӕй нысан кӕнӕм, уый – Ахуыргӕнӕджы бон, уымæн æмæ цыфæнды профессийыл кусæг адæймаг дæр рацæуы уыдоны къухæй.

Дæ сывæллоны скъоламæ куы арвитыс, уæд дæ фыццаджыдæр фæнды, цæмæй йыл зæрдæхæлар  ахуыргæнæг сæмбæла.

Алы ахуыргæнæг дæр хъуамæ архайа, цæмæй йæ алы урок дæр уа арфхъуыдыгонд, куыд гæнæн ис, афтæ хуыздæр банкъарын кæна скъоладзауæн, цы зæгъынмæ хъавыд йæ абоны урокæй.

Ирон æвзаг æмæ литературæйы урок у сывæллоны зондахасты бындурæвæрæг, йæ цæстæнгас æрдзмæ, адæммæ, æхсæнадон цардмæ парахатдæргæнæг, уымæн æмæ æппæт адæттæ удмæ хъарынц æрмæстдæр уæд, мадæлон æвзагыл сæ куы хъусай.

Уæлдæр цы миниуджытæ ранымадтам ахуыргæнæгæн, уыдонæй се ‘ппæтæй дæр хайджын у Цхинвалы фæндзæм астæуккаг скъолайы ирон  æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Тедеты Батрадз.

Хæрзконд, хæрзæгъдау, æхсидгæ хъаруйы хицау æрыгон ахуыргæнæг – æвæллайгæйæ хъомыл кæны рæзгæ фæлтæры. Сывæллæттæ дæр йемæ æнцонæй арынц иумийаг æвзаг.

Ирон æвзаг æмæ литературæмæ цымыдисдзинад рæзын кæнынæн, аив кæсынад æмæ анализы арæхстдзинæдтæ райсынæн, литературон уацмысæй зонындзинæдты уæлдай æхцондзинад банкъарынæн, ахуырдзауты ахуырмæ фæцалх кæнын, æппæт уыдæтты тыххæй уыд не ргом ныхас Батрадзимæ:

– Абон ахуыргæнæг куыд кусы, цæвæр зындзинæдтыл æмбæлы?

– Кæй зæгъын æй хъæуы, алцæмæн дæр ис арæнтæ, уыимæ ныббарынæн дæр. Фæлæ сывæллонæн æппæты фыццаг йæ æппæрццаг миниуджытæ хъуамæ ма райдайай æфхæрын, фæлæ уал дзы хъæуы раппæлын, цæмæй æвзæрдзинадыл ма цайдагъ кæна. Бирæ сывæллоны куы ‘фхæрай æмæ йын куы уайдзæф кæнай, уæд фæныхкъуырд вæййы æмæ раст фæндагæй ахизы.

–  Æдзух æмхуызон кæм сты сывæллæттæ дæр, æнæ фыдуаг ми акæнгæ дæр нæ вæййынц. Ахæм рæстæджы та цавæр мадзæлттæй фæпайда кæныс?

– Ахуыры уæлдай ма ахуыргæнæг хъомылгæнæг дæр у. Сывæллæтæй алчи дæр хайджын у йæхи удыскондæй. Уыцы удысконд цæмæй раст бамбарай, уый тыххæй алкæй зæрдæмæ дæр хъуамæ ссарай фæндаг. Уый дæ къухы куы бафта, уæд дæ дарддæры куыст уыдзæнис æнцондæр.

– Куыд зонæм, афтæмæй, æфсарм у адæмы цардамонды бындур. Уый кæм нæ уа, уым нæдæр æгъдау уыдзæн, нæдæр – фарн. Уымæн ирд æвдисæн у, абон нæ ирондзинад цы уавæры ис, уый. Ирон æфсарм, хъыгагæн, фæцудыдта. Уый та æвзæрырдæм фæзынд нæ æвæджиауы æгъдæуттыл, фыдæлты фарныл. Ды та куыд хъуыды кæныс?

– Куыд зонæм, афтæмæй ирондзинады бындур сты не ‘взаг, не ‘гъдæуттæ,  нæ фарн. Уыдон нын абон цы уавæры сты, стæй сомбон цы уагыл æвæрд уыдзысты, ууыл хъуамæ уа нæ сагъæс, нæ мæт. Мах нæ ирондзинадæн уымæн нæ кæнæм фаг аргъ, æмæ нын æй чи балæвар кодта, уыцы дзæнæты бадинаг фыдæлтæ чи уыдысты æмæ цы фарны хъуыддæгтæ арæзтой, цæмæй мах абон, сæ фæдонтæ, амондджынæй цæрæм, уыцы фыдæбæттæ æххæстæй нæ зонæм.

Вæййы афтæ æмæ адæймаг тырнын райдайы ирон æвзагыл хорз дзурынмæ. Сахуыр кæны ирон литературон растдзурынады æууæлтæ грамматикæйы фæрцы, фæлæ уæддæр йæ бæллиц нæ сæххæст вæййы, уымæн æмæ арвылбон нæ фæфæлвары йæ теоретикон зонындзинæдтæ практикæйы фæрцы бафидар кæныныл.

Цард размæ цæуы. Фæлтæр ивы фæлтæры. Абон ирон литературон æвзагыл дзурынц нæ театр, радио æмæ телеуынынады, ахуыр æй кæнынц скъолаты. Раст куы зæгъæм, уæд не ‘взагæн абоны бон бирæ рæвдздæр сты йæ растфыссынады æгъдæуттæ йæ растдзурынады æгъдæуттæй.

Алы адæймаг дæр хъуамæ дзура раст, рæсугъд, æнæкъуылымпыйæ. Уый та аразгæ у нæ интеллигенцийæ. Æвзаджы культурæйыл кусын хъæуы скъоладзаутимæ суанг сæ сабийы бонтæй фæстæмæ.

Арæх фехъусæн ис: «Нæй ахæм салдат, инæлар суæвын кæй нæ фæнды».  Уæдæ нæй ахæм ахуырдзау, царды асинтыл бæрзонддæр къæпхæнмæ схизын кæй нæ фæнды, хуыздæрты æмрæнхъ слæууынмæ чи нæ тырны, йæ уарзон бæстæйæн аккаг лæггад кæнынмæ чи нæ бæллы. Уый та бантысдзæн æрмæст уæд, æмæ дæ размæ цы нысан æвæрыс, уый æвæллайгæйæ, зæрдиагæй куы æххæст кæнай, – зæгъы Батрадз.

Ахуыргæнæг рæзгæ фæлтæры йæ фæдыл акæны зонындзинæдты дунемæ, бацамоны сын æнусон æргъадтæ, фæцайдагъ сæ кæны мингай æвæрццаг хъуыддæгтыл. Æмæ кæд æндæр чидæртæ царды цыдæр диссаджы хæрзиуджытæм фæбæллынц, уæд ахуыргæнæгæн та йæ зынаргъдæр хæрзиуæг у йæ ахуыргæнинаджы стыр æнтыст.

Батрадз æрмæст ирон сывæллæттимæ нæ кусы ирон æвзаджы рæзтыл, фæлæ ма нæ горæты æндæр нацийы минæвæрттимæ дæр. Мадæлон æвзаг сывæллæттæн уарзын кæныны хъуыддаджы ахуыргæнæджы хæстæ бæрзонд сты. Не ‘гъдæуттæ, нæ культурæ, æвзаг æмæ истори цæмæй сывæллæттæ зоной, уый тыххæй ирон æвзаджы ахуыргæнæджы зонындзинæдтæ дæр  хъæздыг  æмæ мидисджын хъуамæ уой. 

Куыд ис уарзæн ирон æвзагæн, ирон литературæйæн, куынæ зонай Къостайы æнæмæлгæ зарджытæ, куынæ бакæсай Секъайы цымыдисаг радзырдтæ æмæ таурæгътæ, куынæ зонай, нæ рагфыдæлтæ сæ зæрдæйы рæсугъддзинадæй цы фæрныг æгъдæуттæ æмæ бæркадджын хæзнатæ сфæлдыстой, уыдæттæ?!

Уырыссаг æвзаджы хъомыс æмæ æндæвдад иудадзыг тыхджындæр кæнынц æмæ уымæ гæсгæ иуæй-иуты ныхасы (мадæлон æвзаг иттæг хорз чи зоны, уыдоны ныхасы дæр) хатгай февзæры хицæн, æнæхъæугæ дзырдтæ, æнæхъæн дзырдбæстытæ кæнæ суанг хъуыдыйæдтæ дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм уагæн сыгъдæг литературон æвза-гыл дзурджыты ныхасы хъуамæ бынат ма уа.

 Ахуыргæнæджы раз ис ахсджиаг æмæ бæрнон хæс: ахуырдзауты сæ мадæлон æвзагыл аив дзурын æмæ сæ хъуыдытæ раст фыссын сахуыр кæнын, æвзаджы аивдзинад æмæ цыргъ ныхæстæм сывæллæтты æргом здахыныл фæцалх кæнын, мадæлон æвзаг æмæ литературæ, нæ ирон культурæмæ цымыдисдзинад æмæ сæрыстырдзинад гуырын кæнын.

Сывæллон йæ мадæлон æвзагыл æнцондæрæй æмбары, йæ алфамблай дунейы цы цаутæ цæуы, уыдон. Æмæ мадæлон литературæ æмæ æвзаджы сæйрагдæр хæстæй иу у, уыцы æнкъарæнтæ æмæ зонындзинæдтæ арфдæр æмæ уæрæхдæр кæнын. Рæзгæ фæлтæры зæрдæты нæ уадзынц ахуыссын кæнын мадæлон æвзагмæ уарзондзинады арт.

Дард æмæ вазыгджын фæндагыл абоны сывæллæттæ сæ рагбонтæй цы   ахæссой, уымæй бирæ аразгæ у сæ уды сыгъдæгдзинад æмæ ныфсхастдзинад, Фыдыбæстæмæ уарзондзинад æмæ йæ сыгъдæг идеалтыл æнувыд уæвын, æрдхорддзинад æмæ хæлардзинады æнкъарæнтæ хъахъхъæнын æмæ бирæ æндæртæ.

Адæймаг кæцыфæнды магазинмæ, йе та афтекмæ куы бацæуы æмæ уæйгæнджыты истæмæй куы бафæрсы,  уæд ын дзуапп иронау ничи ратдзæн, фæлæ уырыссаг æвзагыл сдзуапп кæнынц. Уæдæ нæ  æрыгон фæсивæд, стæй йæ кары чи бацыд, уыдон дæр, кæд ирæтты нæмттæ хæссынц, ирон мад æмæ фыдæй райгуырдысты, уæд цы кодтой? Ирон æвзаг нæ цæстыты раз мынæг кæны, хъæрзы, агуры æххуыс, фæсдуармæ йæ кæй схойынц, уый тыххæй, æмæ йæм æххуысы  къух  бадарæг  нæй.

Йæ райгуырæн бæстæ чи уарзы, уый хъуамæ зона, нæ Ирыстон номдзыд, тыхджын, хъæздыг æмæ царды цинтæй æфсæст  уыдзæн, нæ фæлтæры фæсивæд фæллойуарзаг, æгъдауджын æмæ цардбæллон куы уой, уæд. Алы куыст дæр куы уарзай æмæ йæ зæрдиагæй куы кæнай, уæд уый у нæ Ирыстонæн де ‘ххуысы хай, дæ удæн – царды хос æмæ хъазуатоны ном.  Цы ма уа уымæй хуыздæр?

Хъыгагæн, ахуыргæнæджы бирæ лæггæдтæн алчи æвзонгæй нæ фæаргъ кæны. Царды дзæвгар къахдзæфтæ куы акæны, уæд æрымысы, кæддæр уæлæнгай цæстæй цы зондамындтæм кастис, уыдонæн царды стыр нысаниуæг кæй ис.

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.