Уæлдæфон-десантон æфсæдты боны цытæн Цхинвалы Æнусон арты цур Кады Аллеяйы уагъд æрцыд мысæн мадзал. Мадзалы хайадисджытæ Æнусон арты цур сæвæрдтой венок фæмадрдуæвæг десантонты номарыны тыххæй. Мадзалы организатор уыд Хуссар Ирыстоны Десантонты цæдис, кæцыйы сæргъ лæууы Президент Бибылты Анатоли.

Десантонты цæдисы уæнгтæй сæ иу, фыссæг Гаглойты Къоба йæ интервьюйы радзырдта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны Уæлдæфон-десантон æфсæдты бон азæй азмæ нысан цæуы уæрæхдæрæй.

«Мах аргъ кæнæм нæ хæлардзинадæн, нæ æфсымæрон ахастытæн. Мах нæ рох кæнæм æмæ æрымысæм, не ‘мбæлттæй чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ», – загъта уый. Бафæндыд æй æппæт десантонтæн æнæниздзинад, сабырдзинад æмæ царды æппæт хæрзиуджытæ.

Мадзалы хайад райстой, советон æфсады чи службæ кодта, уыцы десантонтæ, афтæ ма уæрæсейаг  уæлдæр æфсæддон ахуырадон уагдæты курсанттæ дæр.

Мысæн мадзалы фæстæ йæ хайадисджытæ  сарæзтой   автозгъорст Цхинвалы уынгты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.