Немыцаг фашизмы ныддæрæн кæныны боныл 25 азы куы сæххæст, уый фæстæ, 1966 азы 3 декабры уæд советон салдаты буары баззайæццæгтæ æфсымæрон ингæнæй Мæскуыйы Кремлы цурмæ хаст æрцыдысты æмæ уым ныгæд æрцыдысты цытджын уавæрты. Уæдæй фæстæмæ нысан цæуы Æбæрæг сæфт салдаты бон. Уый фæстæ 1967 азы 8 майы та Æбæрæг сæфт салдаты номыл ссыгъд Æнусон арт.

Æбæрæг салдаты боны цытæн знон, 3 декабры, Хуссар Ирыстоны горæт Цхинвалы Хъайтарты Аллеяйы Æнусон арты раз уагъд æрцыд мысæн мадзал. Ацы бон Хуссар Ирыстоны территорийыл нысан цæуы ныр æртыккаг аз. Мысæн мадзалмæ æрбацыдысты РХИ-йы разамынады бæрнон кусджытæ, министрадтæ, уагдæтты сæргълæуджытæ, районты минæвæрттæ æмæ астæуккаг скъолаты ахуыргæнинæгтæ.

Парламенты къухдариуæгад, депутаттæ æмæ Хицауады уæнгтæ Æнусон арты раз судзгæ цырæгъты фарсмæ сæвæрдтой веноктæ – 1941-45 азты, Афганистаны æмæ локалон хæстыты æмæ 1989-2008 азты Фыдыбæстæйон хæсты æбæрæг сæфт салдатты номыл. Сæ рухс нæмттæ ссарыны цытæн мадзалы хайадисджытæ дидинджытæ æвæрдтой Æнусон арты раз, сæркъулæй мысыдысты сæ нæмттæ.

Мах нæ зæрдыл дардзыстæм, нæ ферох кæндзысты нæ фидæны фæлтæртæ, сæ царды аргъæй дунейы уæлцъарыл, зæххы къорийыл, чи хъахъхъæдта æнусон фидыдад, æппæт уыдон хъæбатырдзинад, фæндвидардзинад. Уымæн æмæ уыдон сæ царды аргъæй нæ рæсугъд сомбоны сæрыл сæхи æрхастой нывондæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Гасситы Петр ацы мысæн боны фæдыл дзургæйæ банысан кодта, зæгъгæ, мысынад у иунæг фæрæз, кæцыйæ адæймагад хицæн кæны зæххон цæрæгойтæй.

«Рæстдзинад æмæ мысынад хъуамæ æлдариуæг кæной зæххыл. Мах хъуамæ нæ зæрдыл дарæм, сæ цард мах тыххæй, цæмæй абон мах цæрæм, уæвынад кæнæм, уый тыххæй чи рауæлдай кодта, уыдон. Уый мах хæс у. Æнусон кад æмæ цыт, тохы быдырты йæ цард чи рауæлдай кодта, æппæт уыдонæн», – дзырдта Парламенты Сæрдар.

Культурæйы министр Зассеты Жаннæ та загъта:

«Мах агурæм алы сæфт советон салдаты дæр, цалынмæ фæстаг æбæрæг сæфты ссарæм, уæдмæ махæн æнцой нæ уыдзæн. Хуссар Ирыстоны хæстон архайдтыты рæстæджы æбæрæг сæфт цы 139 æмбæстаг фесты, уыдон ссарыныл дæр дарддæр цæуы куыст.

Монон-хæрзæгъдауон, æфсæддон-патриотикон хъомылады нысанæн уагъд цæуынц ацы мысæн мадзæлттæ, цæмæй абон ацы мадзалы хайадисæг рæзгæ фæлтæр хайджын уой хистæр кары адæмы патриотикон æнкъарæнтæй.

Махæй бирæ æмбæстæгтæ ныр дæр ма æнхъæлмæ кæсынц се ‘ввахс хиуæттæм, кæд дзы минæй фылдæры ингæнтæ ссардтам, уæддæр иннæтæ махæн сты æбæрæг сæфт».

Æбæрæг салдаты мысæн боны цытæн ма уыцы бон горæты фыццæгæм скъолайы уагъд æрцыд æхсардзинады урок ахæм номимæ: «Имя твое неизвестно, подвиг твой бессмертен». Уый фæстæ та Анахарсисы номыл республикон библиотекæйы уагъд æрцыд историон изæр – «Я камнем стал, но я живу: о памятниках и мемориалах, установленным неизвестному солдату». Мысæн боны цытæн ма изæры музыкалон ахуыргæнæндоны уагъд æрцыд мадзал «Есть память, у которой нет конца».

Къæбулты Марина

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.