Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли хайад райста армийы инæлар Василий Маргеловы номыл Рязаны гвардион уæлдæфон-десантон командон уæлдæр ахуыргæнæндоны 100-азон юбилей нысан кæныны цытджын мадзæлтты.

Уый дидинджытæ сæвæрдта уæлдæфон-десантон æфсæдты  ахуыргæнæндонæй фæмардуæвæг рауагъдонты стелæйыл.

Мадзæлтты хайад истой Рязаны областы губернатор Николай Любимов, УФ-йы хъахъхъæнынады министры хæдивæг Юрий Садовенко, УФ-йы уæлдæфон-десантон æфсæдты командагæнæг Андрей Сердюков.

Бибылты Анатоли фембæлд ахуыргæнæндоны директор æмæ профессорон-ахуырадон скондимæ, кæцытæн бузныджы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстоны курсантты ахуыры тыххæй.

«Бузныг уын Республикæ Хуссар Ирыстоны ног æфсæддон элитæйы ахуыры тыххæй»,  – загъта Президент.

Мадзалы хайадисджытæ бабæрæг кодтой, Георгий Уæлахизгæнæджы ног аргъуан æмæ ахуыргæнæндоны территорийыл цы Уæлдæфон-десантон æфсæдты музей ис, уый.

Юбилейы цытæн уæлдæр ахуыр-гæнæндоны курсанттæ æмæ афицертæ плацы рацыдысты цытджын маршы æмæ сæххæст кодтой патриотикон зарджытæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.