Уæлдæфон-десантон æфсады боны цытæн знон нæ горæты Хъайтарты Аллейы Æнусон арты размæ æрæмбырд сты, ацы æфсады рæнхъыты чи службæ кодта, уыцы ветерантæ, Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр ахуыргæнæндæтты рауагъдонтæ æмæ курсанттæ. Ацы бон нысан цæуы 1930 азæй фæстæмæ 2 августы. Уыцы бон Воронежы бын Мæскуыйаг æфсæддон зылды ахуырты рæстæджы фыццаг хатт парашютты руаджы рагæпп кодтой   12 адæймаджы скондæй тактикон хæстæ æххæст кæныны нысанæн. Раздæры Советон Цæдисы территорийыл ацы æфсад хайад истой æппæт гарзджын конфликтты. Йе службæгæнджытæн æнæивгæйæ баззад сæ тых, ныфсхастдзинад, адæмыл æнувыддзинад.

Уæлдæфон-десантон æфсады бон у архайæг æмæ фæсауæрцы æфсæддон службæгæнджыты профессионалон бæрæгбон æмæ традицион æгъдауæй нысан цæуы Уæрæсе æмæ æндæр бæстæты.

Бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ацы бæрæгбон уæрæх нысан кæнынц, Уæлдæфон-десантон æфсады чи службæ кодта, уыцы «æрвгъуыз беретты» минæ-вæрттæ дæр.

«Уæрæсейы Федерацийы уæлдæфон-десантон æфсадыл зындгонд командæгæнæгВасили Маргелов афтæ дзырдта: «Ацы æфсадмæ чи нæ бахауд службæ кæнынмæ, уый цин хъуамæ кæна, æмæ дзы чи службæ кодта, уый та сæрыстыр хъуамæ уа». Уымæ гæсгæ махæй алчидæр сæрыстыр у, ацы æфсады рæнхъыты кæй службæ кодтам, уымæй. Махæн рæсугъд мысынадæй баззадысты уыцы службæйы бонтæ – не ‘мслужбæгæнджытæ, практикон ахуыртæ æмæ афтæ дарддæр», – дзырдта Президент.Президенты ныхæстæм гæсгæ, ацы æфсады рæнхъыты службæ кæнын уыд йæ бæллиц æмæ йын сæххæст. Æмæ Рязанæй æрмæст де-сантон службæгæнæгæй не рыздæхт, фæлæ – уæлдæфон-десантон æфсады афицерæй. Уый Президент йæхицæн банымадта бæрæг цардуагон бындурыл.

Ацы æфсады сæйраг принципыл ма Бибылты Анатоли банымадта Василийы Маргеловы афоризм  «куы фæкæлай, уæд зоныгуылæй тох кæн, дæ бон цæуын куынæ уа, уæд та – хуыс-гæйæ». Уымæ гæсгæ адæймаг, æрмæстдæр, размæ хъуамæ кæса.

Куыд зонæм, афтæмæй ацы æфсадæн традицион у бæрæгбоны доны ныггæпп кæнын. Уый тыххæй Бибылты Анатоли загъта, зæгъгæ, уый сæйраг нæу, фæлæ йæ сæххæст кæндзыс-тæм. Десантон æфсæддон службæгæнджытæн ис æндæр ахсджиагдæр принциптæ дæр, кæцытыл сты иузæрдион.

Ацы æфсады службæгæнджытæ æндæр æфсæддонтæй цæмæй хицæн кæнынц, уый фæдыл банысан кодта, зæгъгæ, уыдон  принципиалонæй бæрнон ахаст дарынц кæрæдзимæ, сæ хæстон хæлæрттæм.

Президент банысан кодта Уæлдæфон-десан-тон æфсады архайд нæ бæстæйы царды. 1992 азы хæствæллад Хуссар Ирыстоны зæхмæ Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхтæ конд куы æр-цыдысты, уæд уыдоны ‘хсæн уыд Псковы 76-æм уæлдæфон-десантон гвардион дивизи. Уы-дон рæнхъыты службæ кодта Бибылты Анатоли дæр æмæ уæд уый дæр æрцыд семæ.

2008 азы гуырдзиаг тыхæйисджыты сабырадмæ куы æркодтой, уæд дæр Псков æмæ Ивановы Свиры дивизи хайад райстой ацы операцийы. Уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны адæм бузныг сты Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгадæй æмæ йæ Уæлдæфон-десантон æф-сады службæгæнджытæй, нæ зæххыл нын би-рæ азты сабырад кæй биноныг кодтой, уый сæ-раппонд. Уыцы сабырдзинад абоны онг дæр æххæссы æмæ уыцы сабыр цард дарддæр кæны хæдбар бæстæйы.

Президент Бибылты Анатоли арфæ ракодта, ацы æфсады рæнхъыты чи службæ кодта æмæ кæны, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр, æрмæст Хуссар Ирыстоны нæ, фæлæ æппæт десантон службæгæнджытæн. Йæ цæст сын бауарзта са-бырад, сæ разы хæстæ æнтыстджынæй       скъуыддзаг куыд цæуой æмæ алы хæстон операцийæ дæр сæрæгасæй куыд здæхой сæ бинонтæм.

Æнусон Арты раз обелискыл Хъахъхъæнынады министрады Цытджын караул Президент Би-былты Анатолийы номæй дидинджытæ сæвæр-дтой. Сæ ном ма сын ссардтой Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан, ветерантæ æмæ армийы инæлар Василий Маргеловы номыл Рязаны уæлдæр æфсæддон-уæлдæфон командон    ахуыргæнæндоны æвзонг курсанттæ æмæ рауа-гъдонтæ.

Бæстæйы сæргълæууæг ма ацы бæрæгбон нысангæнджытæн балæвар кодта тельняшкæтæ æмæ семæ хайад райста бæрæгбонон автозгъорды.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.