Уæлдæфон-десантон æфсады бæрæгбон 2 июлы Хуссар Ирыстоны нысан æрцыд цытджын рæнхъæйлæудæй нæ горæты Кады Аллеяйы.

Æнусон арты размæ, сæрæгас чи нал сты, уыцы  æмслужбæнæг хъайтарты ном ссарыны охыл æрæмбырд сты инæлар В. Маргеловы номыл Рязаны гвардион уæлдæр æфсæддон-уæлдæфон командон ахуыргæнæндоны Хуссар Ирыстонæй раздæры курсанттæ æмæ Уæлдæфон-æфсæддон æфсады ветерантæ. Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтыл Уæлдæр сæйрагкомандæгæнæг Бибылты Анатолийыл десантон æфсады службæгæнджытæ сæмбæлдысты сæ легендарон «Никто, кроме нас!» девизимæ.

Президент Бибылты Анатоли дидинджытæ сæвæрдта Кады Аллеяйы цырты раз æмæ арфæ ракодта ацы нысаниуæгджын боны цытæн десантон æфсады службæгæнджытæн, йæ цæст сын бауарзта сабырад, фидар æнæниздзинад æмæ хæрзиу-джытæ.

«Арфæ кæнын Уæрæсе, Ирыстон æмæ раздæры Советон Цæдисы десантон æфсады службæгæнджытæн. Фыдыбæстæйæн десантон æфсадæй стырдæр патриоттæ нæй. Фæнды мæ не ‘ппæтæн дæр ахæм арфæ, цæмæй азæй азмæ десантон æфсымæрдзинад тыхджындæр кæна æмæ размæ цæуа. Кад уæлдæфондесантон æфсадæн», – загъта Бибылты Анатоли.

Десантон æфсады раздæры службæгæнджытæ дæр бæрæгбоны цытæн арфæ ракодтой Бибылты Анатолийæн, кæцы йæхæдæг дæр службæ кодта десантон æфсады рæнхъыты. Сæ цæст бауарзта сæ æмслужбæгæнæгæн стыр æнтыстытæ йæ ахсджиаг æмæ бæрнон бынаты.

Бæрæгбоны цытæн уагъд æрцыд автоалыгъд дæр.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.