Ныртæккæ тынг тæвд бонтæ кæны, хур йæ зынг цæстæй ныккаст. Ахæм рæстæджы æмбæстæгтæ сæхи айсынц æрдзы хъæбысмæ æмæ уым сатæг уæлдæфæй фæисынц æхцондзинад, баулæфынц дзы зæрдæйы фæндиаг. Фæлæ зæрдыл дарын хъæуы уый, æмæ иуæй-иу адæймæгтæ кæд нæ æрдзы ахæм хорздзинæдтæй æнæвгъауæй пайда кæнынц, уæддæр ыл нæ аудынц, нæ йæ хъахъхъæнынц. Сæ фæстæ ныууадзынц брон, нæ сæ бафснайынц æмæ афтæмæй афардæг вæййынц. Ноджы хъыгагдæр та уый у, æмæ дзы кæй фæдымынц тамако, хатт зынг нæ ахуыссын кæнынц æмæ уый фæстиуæгæн æрцæуынц æнамонд цаутæ дæр. Хæрзæрæджы Цхинвалы зынгхуыссынгæнджыты бригадæ фæдисы уадæй бацыд, горæты администрацимæ æввахс цы кафе ис, уый цурмæ. Ам зæххыл калд уыдысты арæзтадон брæттæ, сæ фарсмæ та – уæзласæн автомашинæ. Зынгхуыссынгæнджыты хистæр куыд загъта, афтæмæй кæцыдæр æнæрхъуыды адæймаг быронмæ æрæппæрста тамакойы зынг, судзын райдыда бырон, уый фæстæ та арты æвзæгтæ сæхи байвæзтой машинæмæ дæр. Изæры æхсæз сахатмæ æввахс сæм фæдзырдтой æмæ уайтагъд æрбахæццæ сты зынгхуыссынгæнджытæ, сæ цырд архайды фæстиуæгæн не ‘рцыд бæллæх. Ацы бæллæх æвæстиатæй аиуварс кæныныл бацархайдтой сменæйы хистæр Уалыты Алик, зынгхуыссынгæнджытæ Джиоты Алан, Къæбысты Алан æмæ шофыр Къомшиашвили Бесо.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.