ТРАМПЫ СИДТÆН СКОДТА КОММЕНТАРИТÆ

АИШ-ы президент Дональд Трамп æрсидт Сиримæ, цæмæй «нæ» зæгъа Идлибы сатакæ кæнынæн, афтæ ма бафæдзæхста Уæрæсе æиæ Ираны гæнæнуæвæг рæдыд æруадзыны тыххæй, кæд æмæ Мæскуы æмæ Тегеран æрбаиу уой хæстон операцимæ, уæд. Идлибы тыхы руаджы ссæрибар кæнын гæнæн ис æркæна гуманитарон катастрофæмæ, – фехъусын кодта Трамп.

Уый фæдыл комментаритæ скодта Уæрæсейы Федерацийы Президенты пресс-секретарь Дмитри Песков. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, фæдзæхсæн ныхæстимæ ралæууын, нæ хынцы террористты ‘рдыгæй тæссагдзинад, уыдон не сты ацы ахсджиаг фарсты фæдыл æмбæлон фæдзæхстытæ. «Æнæмæнгхъæуæг у проблемæ сахуыр кæнын. Мах зонæм, Сирийы гарзджын тыхтæ сæхи кæй цæттæ кæнынц ацы проблемæ аскъуыддзаг кæнынмæ, уымæн æмæ сын æндæр гæнæн нæй», – банысан кодта Дмитри Песков.

ДЕМОГРАФИ

УФ-йы Хицауады Сæрдар Дмитри Медведев фехъусын кодта, зæгъгæ, национ проект «Демографи» среализаци кæныны тыххæй бахъæудзæн æппынкъаддæр 3 трилуан сомы. Уый банысан кодта, зæгъгæ, бацамынд здæхты фæлгæтты скъуыддзаг æрцæудзысты сывæллонджын бинонты æмæ хистæр кары адæмы фарстытæ. «Æппæт уыдæтты тыххæй бахъæудзæн дзæвгар ресурстæ. Ахсджиаг у уый дæр, цæмæй уыдон æрхæссой конкретон  фæстиуджытæ», – загъта Дмитрий Медведев. Национ проект «Демографи» конд у фондз дæлпроектæй. УФ-йы фæллойы æмæ социалон хъахъхъæныны министр Максим Топилин куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ национ проекты реализацийы фæрæзты хынцыд æрцыдысты, уыцы нымæцы мады капитал æмæ æндæр æххуысты бафыстытæ.

ЗАХАРЧЕНКОЙЫ АМАРЫНЫ ХАЙАД ИСТОЙ УКРАИНÆЙЫ СПЕЦСЛУЖБÆТÆ

УФ-йы Æдасдзинады федералон службæйы оперативон информаци æмæ дунеон бастдзинæдты службæйы къухдариуæггæнæг Сергей Беседа куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ Донецкы Адæмон Республикæйы сæргълæууæг Александр Захарченкойы амарыны хайад райстой Украинæйы спецслужбæтæ. Ведомствойы ма куыд фехъусын кодтой, афтæмæй уыдон цæттæ сты фыдракæнд равзарынмæ, Донецкмæ æрвыст æрцыдысты Æдас-дзинады федералон службæйы кусджытæ. Специалисттæ ныридæгæн кусынц уым.

РАХИЗДЗÆН НАЦИОН ВАЛЮТÆЙЫ БАХЫГЪДТÆМ

Уæрæсе кусы Æввахс Хурскæсæны, Хуссар-Скæсæн Ази, Латинаг Америкæ æмæ Африкæйы бæстæтимæ национ валютæты бахыгъдтæм рахизыны фарстыл, – уый тыххæй фехъусын кодта УФ-йы сæудæджерад æмæ базарады министр Денис Мантуров. Уæрæсе рагæй уынаффæ кæны ацы фарстыл къорд бæстæтимæ. АИШ санкцитæ кæй бакодтой, уый та ссис радон стимул, цæмæй раздæхой ацы фарстыл æруынаффæ кæнынмæ. Мантуров банысан кодта, зæгъгæ, уый тагъдыл саразын кæд нæ къухты нæ бафта, уæддæр министрад дарддæр дæр кусдзæн ацы фарстыл.

ЦÆТТÆ У БАХХУЫС КÆНЫНМÆ

ЮНЕСКО цæттæ у зынгсирвæзты фæдыл Бразилийæн баххуыс кæнынмæ, кæцыйы фæстиуæгæн басыгъд РИО-де-Жанейройы национ музейы бæстыхай. «Мах æмзæрдæ стæм бразилиаг адæмимæ, ахæм культурон бынтæ кæй фесæфтой, уый тыххæй, кæцыйæн саргъгæнæн дæр нæй. Ацы зонадон музей уыд культурæ æмæ иртасæн куысты ‘хсæн бастдзинады символ. ЮНЕСКО-йæн йæ бон у Бразилимæ йæ экспертты арвитын, цæмæй сын баххуыс кæной зынгсирвæзты фæстиуджытæ аиуварс кæнынæн.

Бразилийы рагондæр зонадон уагдон – национ музей басыгъд цалдæр боны размæ. Йæ коллекцийы уыд 20 милуан экспонаты бæрц, уыцы нымæцы археологон артефакттæ, мумитæ, рагон дзаумæттæ, чингуытæ æмæ бирæ æндæртæ. Сæрмагондæй, музейы уыд адæймаджы стæгдар, кæцы нымад цыд, Хуссар æмæ Цæгат Америкæйы территорийыл кæй ссардæуыд, уыдонæй иууыл рагондæрыл. Уый уыд сылгоймаджы стæгдар, кæцы цард 12 мин азы размæ. Зынгсирвæзты нæ бахъыгдард, 18-æм æнусы кæрон нырыккон Бразилийы территорийыл цы метеорит Бендего ссардæуыд, уый, кæцыйы уæз у 5260 килограммы.  Бразилийы президент Мишел Темер куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ æнæхъуаджы фесты 200 азы куыстытæ, иртасæнтæ. Бразилийы национ музей ахсы 20 мин квадратон метрæй фылдæр фæзуат.

НÆЙ СЫН АНАЛОГТÆ

«Роскосмос»-ы сæргълæууæг Дмитрий Рогозин куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Иугонд Штаттæн сæ бон нæу гъæд æмæ аргъмæ гæсгæ уæрæсейаг ракетон змæлын-гæнджыты хуызæн бакусын. «АИШ у бæрзондтехнологон паддзахад, фæлæ уыдонæн сæ бон не суыдзæн ахæм эффективон змæлынгæнджытæ саразын, кæд сæ тынг фæнды, уæддæр. Июлы кæрон уæрæсейаг змæлынгæнджытæ уадзæг «Энергомаш» фехъусын кодта, 2020 азы АИШ-æн ноджы æхсæз змæлынгæнæг РД-180 ауæй кæныны фæдыл контрактыл къухтæ кæй æрфыстой, уый тыххæй. 1997 азы Мæскуы æмæ Вашингтон къухтæ æрфыстой сразыдзинадыл 101 змæлынгæнæг РД-180 ауæй кæныны тыххæй. Дыууæ азы размæ АИШ-ы конгресс уынаффæ рахаста, 2019 азæй фæстæмæ уыдонæй кæй нал пайда кæндзысты, уый тыххæй, фæлæ йæ уый фæстæ аргъæвтой 2022 азмæ.

ÆРСИДТ АХАСТЫТÆ ФÆИВЫНМÆ

Австрийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Карин Кнайсель фехъусын кодта, зæгъгæ, Европæйæн афон у Уæрæсеимæ ахастытæ фæивынæн æмæ йæ куыд партнер, афтæ банымайынæн. Кнайсель банысан кодта, зæгъгæ, Европæйы иууылдæр æмбарынц ахастытæ хуыздæрырдæм фæивыны æнæмæнгхъæуындзинад. Цæвиттонæн æрхаста Францы президент Эммануэль Макроны æрæджыйы раныхас, кæцы фехъусын кодта, зæгъгæ, европæйаг хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады фарстытыл уынаффæ кæныны хъуамæ хайад иса Мæскуы.

НÆ БАУАГЪТОЙ ЖУРНАЛИСТТЫ

Гуырдзыстонмæ нæ бауагътой уæрæсейаг журналистты –  Виктор Литовкин, Геннадий Бордиогусов æмæ Александр Токаревы. Уыдон хъуамæ хайад райстаиккой Тбилисы уагъдцæуæг Хуссар Кавказы дунеон медиафорумы. Журналисттæн гæххæттытæ радтой гуырдзиаг æвзагыл фыстæй æмæ сын нæ бамбарын кодтой, цы аххосагæн сæ нæ уа-дзынц, уый тыххæй.

КАНАДÆ СДЗУАПП КÆНДЗÆН

Канадæйы премьер-министр Джастин Трюдо фехъусын кодта, зæгъгæ, Канадæ йæ къух не ‘рфысдзæн АИШ-имæ ног базарадон сразыдзинадыл, кæд æмæ дзы бæстæйы интерестæ хынцыд не ‘рцæуой, уæд. «Канадæйæгтæн райсинаг нæу, цæмæй америкæйаг телехызæг æлхæна канадæйаг медиакомпаниты, фæнды газеттæ, телеуынынады сигналтæ, кæнæ телехызæгтæ уой, уæддæр. Уый уаид нæ суверенитетæн «нæ» зæгъыны хуызæн. Мах иууыл райдианæй фæстæмæ дзырдтам, зæгъгæ, мах хъæуы быцæутæ аскъуыддзаг кæныны механизм æмæ йæ карзæй домдзыстæм», – загъта уый.

ÆРУАРЫД МИТ

Кемеровойы областы цæрджытæ æвдисæнтæ систы стæм æрдзон фæзындæн – регионы æруарыд мит. Уый у стæм цау сентябры райдианæн. Ахæм раджы мит никуы ма æруарыд Кемеровойы. Фæлæ уый уыд хуылыдз мит æмæ уайтагъд батад.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.