БРИКС-Ы САММИТ

Йоханнесбургы уагъд æрцыд БРИКС-ы бæстæты (Бразили, Уæрæсе. Инди, Китай æмæ Хуссар Африкæйаг Республикæ) саммит, цыран райстæуыд егъау деклараци. Саммиты сæйрагдæр темæтæй иу уыд нымæцон сæудæджерадон революцийы контексты бæстæты экономикон æмæ политикон рæзты фарст. БРИКС-ы бæстæты хъæуы ацы здæхты активондæрæй æмгуыстад кæнын. Программæ сæххæст кæнын фадат ратдзæн 2024 азмæ Уæрæсейы куысты ахадындзинад 30% фæбæрзонддæр кæнынæн, – фехъусын кодта Владимир Путин. Декларацийы  фылдæр хайы нысан æрцыд цыппæрæм сæудæджерадон революцийы дуджы æмгуыстады рæзт, африкæйаг бæстæтæн æххуыс кæнын Æввахс Хурскæсæны конфликттæ æрбæстон кæнын, терроризмы ныхмæ тохы æнæмæнгхъæуындзинад æмæ афтæ дарддæр. Хицæн пунктæй цæуы  космос милитаризаци кæнын ма бауадзыны тыххæй уæрæсейаг æмæ китайаг инициативæты тыххæй фарсхæцынад.

ФЕМБÆЛДТЫТÆ САММИТЫ ФÆЛГÆТТЫ

Владимир Путинæн БРИКС-ы саммиты фæлгæтты уыд цалдæр хъуыддагон фембæлды. Путин  Туркы президент Реджеп Тайип Эрдоганимæ фембæлды рæстæджы уынаффæ кодтой сирийаг кризисыл æмæ дыууæфарсон ахастытыл. Китайы лидер Си Цзиньпинимæ, баныхæстæ уыдысты æнæ-формалон  уавæры. Владимир Путин йæ кусгæ боны кæрон та фембæлд Индийы премьер Нарендра Модиимæ. Ныхасы темæ уыд дыууæфарсон ахастыты рæзт.

БАРТХЪИРÆН СÆМ КОДТА САНКЦИТÆЙ

АИШ-ы президент Дональд Трамп бартхъирæн кодта Туркмæ ног тыхджын  са-нкцитæ бакæнынæй, америкæйаг евангелист Эндрю Брансоны кæй баурæдтой, уымæн дзуаппæн, кæцымæ зæрдæ фехсайдта 2016 азы октябры мæйы Туркы паддзахадон фæфæлдæхт саразынмæ бафæлварынæй. Трамп æрсидт Туркмæ, цæмæй æвæстиатæй ссæрибар кæной æнæаххос уырнон адæймаджы. Туркы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Мевлют Чавушоглу сдзуапп кодта Трампæн Анкарайы ныхмæ ног санкцитæ бакæныны фæдыл. Уый банысан кодта, зæгъгæ, мах нæ быхсдзыстæм æртхъирæнтæ искæцы бæстæтæй. Закъоны раз, зæгъ, алчи дæр æмбар у.

«СЕВЕРНЫЙ ПОТОК-2»

Германы сæхи цæттæ кæнынц газуадзæн «Северный поток – 2»-йы хæтæлтæ æнда-дзынмæ. Куыстыты процессы хæтæлты кæрæдзийыл æндадзынц æмæ сæ донбылмæ ласынц, цæмæй сиу кæной «Северный поток  2»-йы донбылгæрон объекттæ ног газуадзæны денджызон хайимæ. Уымæй дарддæр ма фондз экскаваторы къахынц 29 километрон траншей газуадзæн Грайфсвальдаг донбакæлæны. Ацы фадыджы фæнд кæнынц арæзтадон куыстытæ 2018 азы кæронмæ фæуын.

ФÆФЫЛДÆР КОДТА РЕКЛАМÆЙЫ ЛИМИТ

УФ-йы Паддзахадон Думæ райста закъон телеуынынады рекламон рæстæджы лимит фæфылдæр кæныны тыххæй. Рекламон паузæйæн гæнæн уыдзæн «ивазын» сахатон программæты. Фæлæ суткæйы дæргъы рекламæйы иумиаг рæстæг ма хъуамæ сырæза. Сахатон телепрограммæйы рекламæйы кæройнаг дæргъвæтиндзинад фæфылдæр уыдзæн 15 процентæй 20 проценты онг, ома, 9 минутæй 12 минуты онг иу сахаты мидæг.  Уыимæ кæд телеканал æвдисы суткæйы дæргъы 24 сахаты, уæд телепрограммæты рекламæ 216 минутæй фылдæр ма хъуамæ уа. Афтæмæй, йæ иумиаг гуырахст нæ рахиздзæн ныртæккæ сфидаргонд суткæйон рекламон рæстæджы фæлгæттæй.

ЮНКЕР ÆМÆ ТРАМПЫ ФЕМБÆЛД

Еврокъамисы сæргълæууæг Жан-Клод Юнкер æмæ АИШ-ы президент Дональд Трампæн фембæлд уыд Вашингтоны. Юнкер фехъусын кодта, зæгъгæ, Евроцæдисы хæцынц бирæ темæты фæдыл Урс хæдзары хицауы позицийы æвварс. Уый банысан кодта, зæгъгæ, АИШ æмæ Евроцæдисы ‘хсæн базарадон ахастыты  хъæуы фæивын. АИШ æмæ Евроцæдисы къухты бафтыд баныхас кæнын кæрæдзийы ныхмæ фиддонтæ аивыны куыст райдайыны тыххæй. Афтæ ма бадзырдтой базарадон фадыджы фарстыты фæдыл кусæгон къорд саразыны тыххæй. Юнкер куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ АИШ æмæ Евроцæдис бадзырдтой, цæмæй ног тарифтæ баконд мауал æрцæуой, цалынмæ баныхæстæ цæуынц, уæдмæ.

ÆВÆРД ÆРЦЫДЫСТЫ ФЫЦЦАГ РЕЛЬСЫТÆ

Аразджытæ æрæвнæлдтой Хъырымы хиды æфсæнвæндаджы хайы арæзтадмæ. Уыдон æрæвæрдтой фыццаг рельсытæ. Уыцы фæндагыл Хъырыммæ поездтæ цæудзысты  сабыр цыдæй.  Æфсæнвæндаджы кусджытæ куыд дзурынц, уымæ гæсгæ Керчы донкъубалы сæрмæ арæзт цæуы хъæдабæ (бархатный) фæндаг. Иумиагæй кусджыты бахъæудзæн 38 километры фæндагон хызæг сæвæрын. Проектмæ гæсгæ, бæлццæтæласæн поездтæ хидыл цæудзысты 120 километры тагъдадæй иу сахаты мидæг, уæзтæласæн поездтæ та – 80 километры. Уæзтæласæн автотранспортæн фæндаг байгом уыдзæн ацы аз октябры мæйы, æфсæнвæндаджы фæндаг та – 2019 азы декабры мæйы.

ФЕХСТОЙ БОЕВИКТЫ

Израилы уæлдæфон гарзджын тыхтæ сирийаг территори фехсгæйæ, скуынæг кодтой ИГИЛ-ы террористты ракетон ифтонгадтæ. ИГИЛ-ы бандитон къордтæ бафæлвæрдтой Израилы гарзджын тыхты спровокаци кæнынмæ, цæмæй уыдон фехстаиккой сирийаг тыхты позицитæ. Уый тыххæй уыдон спайда кодтой ракетон ифтонгадтæй, кæцытæй сæ бон ссис Израилы ‘рдæм цалдæр ракетæ рауадзын. Зæхх æмæ уæлдæфæй дзуаппон æхстыты фæстиуæгæн ракетон ифтонгадтæ оперативон æгъдауæй куынæг æрцыдысты. Уæрæсейаг æфсæддонтæ бузныг загътой Израилæн Сирийы боевикты кæй фехстой, уый тыххæй.

Сирийы хуссары «ИГИЛ»-ы боевикты терактты амæттæгты нымæц схызт 215 адæймаджы онг, 153 адæймаджы та фесты алыгъуызон цæфтæ. Цалдæр химары сарæзтой теракт горæт Эс-Сувейдайы. Нырма тыхджын срæмыгъд айхъуыст Сук-эль-Ходрайы базары районы, уый фæстæ та – Эль-Мусаллехы районы. Экстремисттæ ма сатакæ кодтой цалдæр хъæуы. Уæрæсейаг дипломатон ведомство фехъусын кодта, зæгъгæ, ДАИШ æмæ «Джебхат ан-Нусра»-йы боевиктæ сабыр цæрджыты тасы æфтауынц.

Информацион агентадты

хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.