Нæ горæты Хъайтарты уынджы кæрон ног цæрæн комплекс цæттæ у эксплуатацимæ æмæ рæхджы 200 амондджын бинонтæ бауыдзысты хæрзарæзт æмæ хæрзвадат фатерты хицæуттæ.

Фатертæ лæвæрд æрцæудзысты, горæты администрацийы цæрæнуат райсынмæ номхыгъдты рады чи лæууы, уыдонæн.

Ныртæккæ фатертæ се ‘ппæт дæр сты æхгæд æмæ сæ хъахъхъæнынц мидхъуыддæгты министрады службæгæнджытæ, цæмæй сæ хивастæй мачи бацахса.

Куыд зонæм, афтæмæй ацы цæрæн комплекс арæзт æрцыд 2015-2017 азты Инвестицион программæйы фæлгæтты. Объектыл райдианы куыста уæрæсейаг фирмæ «Союз-СтройПроект». Уæрæсейы ‘рдыгæй йæ рæстæджы хицæн æрцыд 524 милуан сомы объектæн. Йæ иумæйаг фæзуат у 12 мин 925 квадратон метры. Фондзуæладзыгон хæдзæрттæ сты 2. Сæ иууастсекцион, иннæ та – фондзсекцион. Сæ æддаг бакастæй – «бæхы цæфхад»-ы формæйы хуызæн. Ис дзы иухатæнон фатертæ, 60 – дыууæхатæнон, 55 – æртæхатæнон æмæ 5 та – цыппархатæнон фатертæ. Сæ цæрæн фæзуат у, ныртæккæ горæты цы бирæуæладзыгон хæдзæртты фатертæ ис, уыдонæй уæрæхдæр.

Объекты райдианæй куыстытæ цыдысты къуылымпытимæ, графикæй задысты фæсте-йæ, куыст раст организаци нæ цыд æмæ ивд æрцыд подрядон организаци.

Афтæмæй объект лæвæрд æрцыд ООО «СТМ-ЮГ»-мæ æмæ куыстытæ фæрæвдздæр сты. Ныр уыдон кæронмæ фесты.

Арæзтадон фирмæ «СТМ-ЮГ»-ы мастер Джиоты Шамилмæ бахатыдыстæм, цæмæй нын фенын кæна, фатертæ мидæгæй куыд арæзт сты, уый. Хæдзæрттæм бацæуæн секцитæ ифтонг сты домофонтæй. Фыццаг уæладзгуытæм инвалидтæн арæзт æрцыдысты пандустæ дæр. Алы фатеры дæр ис рудзгуытимæ дыууæ балконы. Фатерты алцыдæр у аив æмæ бæстон арæзт, сты цæрынæввонг. Систыл ныхæст гъæдджын гæххæтт, сæ мидæг сæ газын пецтимæ. Алы фатеры дæр лæууы датчик, кæцы «фæхаты» газ искуыцæй хъуызы æви нæ. Ифтонг сты хъармгæнæн системæйæ.

Ацы фатертæм цы амондджын бинонтæ балидзой, уыдон ма æрмæстдæр хъæудзæнис хæдзарон мигæнæнтæ æрæвæрын.

Ныр ма хъæуы, горæты администрацийы рады цы 1800 адæймаджы лæууы, уыдонæй 200 адæймаджы номхыгъд саразын.

Горæты администрацийы куыд загътой, афтæмæй къамис бæрæг архайы, цæмæй  номхыгъдмæ ма бахауой æнæнхъæлæджы адæм. Цалынмæ алкæйы дæр индивидуалонæй нæ бабæрæг кæной, уæдмæ фатертæ нæ байуардзысты.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.