ИРЫСТОНЫ ХÆРЗИУДЖЫТЫЛ ТА БАФТДЗÆН

Æрæджы республикæйы радон хатт бабæрæг кодтой Уæрæсейы Федерацийы журналистты Цæдисы сæрдар Владимир Соловьев æмæ организацийы секретарь Тимур Шафир. Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, журналистты Цæдисы регионалон хайады сæрдар Хъуысаты Тимур æмæ иннæ разамонджытимæ ныхас цыд бирæ ахсджиаг фарстатыл. Соловьев куыд банысан кодта, афтæмæй республикæйы разамынд хорз æххуыс кæны æмæ æнгом бастдзинæдтæ дары дзыллон информацийы фæрæзтимæ. Уый тыххæй хъуамæ арæхдæр цæуой алы мадзæлттæ журналистты профессионалон рæзт фæтыхджындæр кæнынæн. “Уæрæсейы журналистты Цæдис фæндон бахаста, фидæн аз уалдзæджы дзыллон информацийы фæрæзты дунеон форум Дзæуджыхъæуы саразын. Уым архайдзысты фæсарæйнаг журналисттæ дæр. Ахæм форумтæ арæзт цæудзысты æрвылаз алы регионты. Уый стыр ахъаз фæуыдзæн журналистты профессионалон рæзтæн”.

Хъуысаты Тимур æмбырды архайджыты размæ рахаста ахæм фæндон, цæмæй нырæй фæстæмæ ног кадджын ном лæвæрд цæуа дзыллон информацийы фæрæзты хуыздæр кусджытæн. Уый уыдзæн»Цæгат Ирыстоны сгуыхт журналист». Куыд зонæм, афтæмæй æрæджы Владимир Путин йæ къух бафыста ахæм закъоны проектыл. Уыцы закъонмæ гæсгæ хуыздæр журналисттæн лæвæрд цæудзæн ахæм нæмттæ: “Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт журналист” æмæ “Бастдзинад æмæ информацийы сгуыхт кусæг”. Уыдон лæвæрд цæудзысты бирæ азты æнæзæрдæхудт куыстæн, стæй курдиатджын журналисттæн.

Хъуысаты Тимуры фæндонмæ гæсгæ, ахæм кадджын нæмттæ раттæн ис нæхимæ дæр республикæйы æмвæзадыл.

Битарты Вячеслав тынг хорзыл банымадта ахæм фæндон æмæ загъта, уый царды ра-уадзыныл зæрдиагæй кæй бацархайдзæн. Ацы кадджын ном кæд закъонæй фидаргонд æрцæуа, уæд иу азы мидæг уыдзæн æртыккаг хæрзиуæг республикæйы æмвæзадыл. Куыд зонæм, афтæмæй нæм фæстаг рæстæджы фæзындысты “Фæллойы Хъæбатыр” æмæ хæстон æмæ æфсæддон сгуыхтдзинæдты тыххæй Плиты Иссæйы номыл орден “Инæлар Плиты Иссæ”.

Фембæлды ма ныхас цыд, ирон æвзагыл фыссæг журналисттæ кæй нæ фаг кæны, уымæ гæсгæ ЦИПУ -йы журналистикæйы фæкультетмæ, иронау хорз чи фыссы, ахæм фондз абитуриенты райсын бюджеты хардзæй. Уыдон ахуыр куы фæуой, уæд кусдзысты дзыллон информацийы фæрæзты. Уый хорз ахъаз фæуыдзæн национ журналистикæйы рæзтæн.

Фембæлды рæстæджы нысангонд æрцыдысты фидæны форумы организацион фарстатæ æмæ нысантæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.