ПУТИН ÆМÆ ПАШИНЯНЫ БАНЫХÆСТÆ

УФ-йы Президент Владимир Путинæн Кремлы баныхæстæ уыд Сомихстоны премьер-министр Никол Пашинянимæ. «Абоны бон Сомихстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн ахастытæ рæзынц æппæт здæхтыты дæр – уыдон хауынц политикон ахастытæ, æфсæддон фадыгмæ, æдасдзинады фарстытæм, экономикон æмгуыстады фадгуытæм», – банысан кодта Путин. Йæ рады Сомихстоны премьер-министр дæр банысан кодта: «Сомихаг æмæ уæрæсейаг прессæйы  æмæ социалон хызæгты дæр цы пессимизм æвдисынц, уымæ нæ кæсгæйæ, æз хъуыды кæнын афтæ æмæ нæ ахастытæ кæй рæзынц динамикон æгъдауæй. Мах æнцой кæндзыстæм нæ цæдисон ахастыты, нæ бæстæты интерестæн кад кæныныл, кæрæдзийы мидæггагон хъуыддæгты хи нæ хæццæ кæныны принципыл нæ бæстæты суверенитетæн кад кæнгæйæ».

ÆВЗÆРСТЫТÆ УЫДЗЫСТЫ 11 НОЯБРЫ

Донецкы Адæмон Республикæйы Адæмон Советы Сæрдар  Денис Пушилин æвзæрст æрцыд ацы бæстæйы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæгæй. Пушилин йæ къух æрфыста барамындтыл республикæйы хицауады кадрон ивындзинæдты тыххæй, уыцы нымæцы Андрей Ким нысан æрцыд Уæлдæр тæрхондоны сæрдарæй.

ФÆМАРД ФÆНДАГОН-ТРАНСПОРТОН ЦАУЫ

Республикæ Абхазы премьер-министр Геннади Гагулия фæмард фæндагон-транспортон цауы. Авари æрцыд 23 сахатыл  Псоу-Сухумы фæндагыл. Абхазы хицауады пресс-секретарь куыд хъусын кæны, уымæ гæсгæ шофыр æмæ йæ хъахъхъæнæг хъыгдард нæ баййæфтой. Уыдон цыдысты Сирийаг Арабаг Республикæйæ Абхазы официалон делегацийы кортежы. Гагулия цы машинæйы бадт, уый сæмбæлд йæ ныхмæ цæуæг машинæйыл. Гагулия Абхазы премьер-министр ссис 2018 азы апрелы мæйы. 12-æм сентябрь Абхазы расидт æрцыд фыдохы бонæй.

ФЕДЕРАЦИЙЫ СОВЕТЫ СПИКЕРЫ БАЛЦ

Федерацийы Советы спикер Валентина Матвиенкойæн фембæлд уыд Цæгат Кореяйы лидер Ким Чен Ынимæ. Баныхæсты уынаффæ кодтой æртæфарсон проекттыл дыууæ Кореяйы æмæ Уæрæсейы хайадистæй. Дзырд цыд æфсæнвæндаджы бастдзинады рæзты, газуадзæн саразын æмæ электроэнерги транспортировкæ кæныны тыххæй. Ким Чен Ын фехъусын кодта, зæгъгæ, уый визитимæ æрцæудзæн Уæрæсемæ. Уый загъта, зæгъгæ, йын тынг ахсджиаг у Уæрæсейы Президентимæ фембæлын.

БАНЫСАН КОДТОЙ БÆСТÆЙЫ СЫРÆЗТЫ 70 АЗЫ БОН

Цæгат Кореяйы уагъд æрцыд масштабон бæрæгбон, кæцы баст уыд паддзахады сырæзты 70 азы бонимæ. Цытджын мадзæлтты фæлгæтты уагъд æрцыд традицион æфсæддон парад. Мадзалы уазджытæн равдыстой ракетон системæтæ дæр. Уыдоны ‘хсæн уыд æхсæнконтиненталон баллистикон ракетæ, кæцыйы саразыны тыххæй Цæгат Корея фехъусын кодта ивгъуыд аз. Æдæппæтæй парады хайад райстой 10 мин æфсæддоны æмæ æфсæддон техникæйы цалдæр сæдæ иуæджы.

НАЦИОН КУЫСТУРÆДТÆ

Никарагуайы та райдыдтой национ куыстурæдтытæ бæстæйы хицауады архайдтыты ныхмæ протесты нысанæн. Акци цыд æнæхъæн суткæйы дæргъы. Хицауадмæ протестгæнджыты сæйраг домæнтæ сты политикон ахæстты ссæрибар кæнын, афтæ ма хицауады ‘рдыгæй репресситæ æруромын æмæ национ диалог сæндидзын кæныны кризис аскъуыддзаг кæныны тыххæй. Никарагуайы хицауады ныхмæ протесттæ райдыдтой апрелы мæйы хицауады реформæйы ныхмæ. Президент Даниэль Ортега аивта уыцы реформæйы, фæлæ уæддæр протестон акцитæ не ‘рлæууыдысты.

БАНЫСАН КОДТА ГОРÆТЫ БОН

Мæскуыйы бон банысан кодтой уæрæхæй. Горæты уынгтæм рахызтысты мингай адæймæгтæ. Бæрæгбоны цытæн уагъд æрцыдысты масштабон мадзæлттæ. Бæрæгбоны сæраппонд мæскуыйæгтæ райстой хорз лæвар – концертон зал «Зарядье», цыран уагъд æрцыд аивæдты дæсныты концерт. Уазджыты ‘хсæн уыдысты Владимир Путин æмæ Хицауады Сæрдар Дмитри Медведев. «Ахæм æмвæзады концертон комплекс саразæн уыд æрмæстдæр уыцы горæты, кæцы æдзухдæр рæзы, азæй-азмæ рæсугъддæр кæны.  Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй ацы диссаджы залы цы музыкæ зæла, уый адæмты иу кæна», – загъта Путин.

САРÆЗТА КЪАМИС

Цæцæны Республикæйы сæргълæууæг Рамзан Кадыров йæ къух æрфыста барамындыл Цæцæны административон арæнтæ дырысæй сбæлвырд кæныны тыххæй республикон паддзахадон къамис саразыны фæдыл. Къамисы хæстæм хауынц арæнтæ сбæрæг кæныны фæдыл æнæмæнгхъæуæг куысты тыххæй документтæ æмæ æрмæджытæ æрæмбырд кæнын, бацæттæ æмæ сын анализ саразын. Къамисы сæргъ слæууыд парламенты спикер Магомед Даудов, йе скондмæ бацыдысты республикæйы премьер-министр Муслим Хучиев, муфтий Салах-Хаджи Межиев, министрадтæ æмæ ведомствоты сæргълæуджытæ. Къамисы куыстыл контроль кæндзæн Рамзан Кадыров йæхæдæг. Цæцæн æмæ Мæхъæлы ‘хсæн административон арæны хахх сбæрæг кæныны тыххæй фарст сæвзæры периодикон æгъдауæй 90-æм азтæй фæстæмæ, уæд дыууæ республикæ ахицæн сты хицауадмæ Джохар Дудаевы æрцыды фæстæ. 1993 азы Цæцæн æмæ Мæхъæлы сæргълæуджытæ Джохар Дудаев æмæ Руслан Аушев сæ къухтæ æрфыстой бадзырдыл, кæцымæ гæсгæ Сунжæйы район, дыууæ цæрæн пункт – Серноводск æмæ Ассиновскæй дарддæр ахызтысты Мæхъæлмæ.

РАХАСТОЙ СЫН МÆЛÆТЫ ТÆРХОН

Каиры уголовон тæрхондон мæлæты тæрхон рахаста, бæстæйы бар кæмæн нæй, уыцы террористон организаци «Братья-мусульмане»-йы 75 уæнгæн, 2013 азы сæрды барадхъахъхъæнæг тыхты ныхмæ хæстон ныхмæлæуд сорганизаци кæныны тыххæй. Мæлæты тæрхон кæмæн рахастой, уыдоны ‘хсæн сты организаци «Мухаммед аль-Бельтаги»-йы лидертæ Иссам аль-Арьян æмæ Сафуат Хигязир. Сфидаргонд фæткмæ гæсгæ, мæлæты тæрхон сфидар кодта Египеты уæлдæр муфтий. Ныртæккæ «Братья-мусульмане»-йы къорды уæлдæр къухдариуæгад практикон æгъдауæй сты ахæстоны кæнæ та æмбæхсынц  тæрхондонæй.

ТЕРАКТ

Афганистаны Даймирдады районы  «Талибан»-ы змæлды боевикты атакæйы фæстиуæгæн фæмард сты тыхон структурæты 10 кусæджы, уыцы нымæцы полицийы районы хайады сæргълæууæг дæр. Контратакæйы рæстæджы тыхон структурæты кусджытæн сæ къухты бафтыд 52 боевикы амарын æмæ 60 боевикы та фæцæф кæнын.

ÆРХАУД ХÆДТÆХÆГ

Хуссар Суданы æрхауд чысыл хæдтæхæг, кæцы тахт дунеон аэропорт Джубайæ горæт Йиролмæ. Фæстаг бæрæг-гæнæнтæм гæсгæ, фæмард сты 21 адæймаджы,  ноджы æртæ адæймаджы, уыцы нымæцы сывæллон æмæ Италийы æмбæстаджы уæззау уавæры баластой рынчындонмæ.

ФÆНДАГОН-ТРАНСПОРТОН ЦАУ

Индонезийы фæндагон-транспортон цауы бахаудта туристтæ ласæг автобус, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард сты 21 адæймаджы. Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, автобусæн нал скуыстой йæ уромæнтæ æмæ ахауд коммæ 30 метры бæрзæндæй.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.