9-æм августы Хуссар Ирыстонæй æфсымæрон Республикæ Абхазмæ улæфынмæ ацыдысты 20 ахуыргæнинаджы – горæт Цхинвалы скъола-интернат æмæ Ленингоры поселочы сидзæр сывæллæтты хъомылгæнинæгтæй ацæугæ ахуыры азы рæстæджы, йæхи хуыздæр чи равдыста, уыдон.

Ацы сабитæ Абхазы республикæйы сæрдыгон лагерь «Юный патриот»-ы денджызы былыл æрвитдзысты сæ рæстæг, цалынмæ ахуыры аз нæ райдайа, уæдмæ. Уырдæм хуссарирыстойнаг сабиты фæхуыдта Абхазы вице-президент Витали Габния.

Ацы категорийы сывæллæтты улæфынмæ æрвитыны фæнд æрцыд «Хæсты фæцæфуæвæг инвалид лæппуты фонд»-ы хистæр Плиты Мадинæмæ. Уымæ, сæрмагондæй, фæдзырдта Абхазы вице-президент Витали Габния æмæ йæм бахатыд, цæмæй сорганизаци кæна ахуыргæнинæгты къорд, кæцытæ баулæфдзысты Сау денджызы былыл.

Куыд зонæм, афтæмæй ивгъуыд аз стыр куыст бакодта «Хæсты фæцæфуæвæг инвалид лæппуты фонд»-ы хистæр Плиты Мадинæ, цæмæй æфсымæрон республикæ Абхазимæ нæ ахастытæ ноджы фенгомдæр уой. Уый нысанæн 19-æм сентябры нæ республикæмæ хуынд æрцыдысты, Абхазы цы æнгæс фонд ис, уый уæнгтæ, сæ сæргъ Бадри Агрба, афтæмæй. Уыдон хайад райстой, 20-æм сентябры нæ республикæ цы бæрæгбон нысан кодта, уыцы цытджын церемонийы. Бæрæг куыд у, афтæмæй 30-æм сентябры та æфсымæрон республикæ Абхаз нысан кодта йæ 22 азы бæрæгбон. Фæхуыдтой «Хæсты фæцæфуæвæг инвалид лæппуты фонд»-ы дæр. Уырдæм æрцыдысты ацы фонды лæппутæ цалдæр адæймаджы скондæй Плиты Мадинæимæ. Стыр кад кæнынц Абхазы адæм Ирыстонæн. Нæ делегацийæн тынг скад кодтой Абхазы, цытджын æгъдауæй сæ райста Абхазы Президент Рауль Хаджимба æмæ Вице-президент Витали Габния. Фембæлды рæстæджы дзырд цыд бирæ фарстытыл. Уыцы нымæцы сæ къæхтæ ампутацигонд цы лæппутæн æрцыдысты, уыдоны проблемæтыл дæр. Абхазы ис центр «Бок о бок», цыран арæзт цæуынц протезтæ. Ис сын фидар æмæ уæрæх ахастытæ, фæсарæйнаг бæстæтæй ацы фадыджы чи кусы, уыдонимæ. Куыд зонæм, афтæмæй махмæ дæр бирæ ис протезтæ кæй хъæуы, ахæм лæппутæ. Уымæ гæсгæ Плиты Мадинæ бахатыд Рауль Хаджимбамæ, цæмæй Абхазы фондимæ иумæ бакусой ацы вазыгджын фарстыл. Абхазмæ визиты рæстæджы ма къухтæ æрфыстæуыд ахæм вазыгджын хъуыддагыл дæр, цæмæй инвалид лæппутæ ацæуой Гаграйы санаторион комплексмæ се ‘нæниздзинад фæхуыздæр кæнынмæ. Дзырд ма цыд, цæмæй дыууæ республикæйы фонды инвалидтæ хуынд цæуой кæрæдзимæ экскурсийы хуызы историон бынæттæм.

Ацы хæрзиуæгон хъуыддагæн уыд хорз фæстиуджытæ. Абхазмæ хуынд æрцыд протез аразынмæ не ‘мбæстаг Хуыгаты Денис.

«Бок о бок»-ы центры Хуыгаты Денисæн заказ æрцыд протез, кæцы æрæрвыстæуыд фæса-рæнтæй.

Уый фæстæ æфсымæрон республикæ Абхазы æххуысæй нæ къухы бафтыд ноджыдæр стырдæр æнтыст, РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид æмæ Абхазы Президент Рауль Хаджимбайы баныхæсты фæрцы сæрибар æрцыдысты не ‘мбæстæгтæй цыппар лæппуйы Гуырдзыстоны ахæстонæй  кæцытæн тæрхонгонд  уыд цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадын. Цалдæр азы Женевæйы дискусситы рæстæджы саразын цы нæ бантыст йæ хайадисджытæн, уый сæрæзт Тыбылты Леонид æмæ Рауль Хаджимбайы фæрцы.

Æрæджы фембæлд уыд РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид æмæ Абхазы Вице-президент Витали Габнияйæн. Уым Абхазы минæвар бахатыд нæ бæстæйы сæргълæууæгмæ, цæмæй бацæттæ кæной ахуыргæнинæгты къорд, кæцытæ сæ улæфт арвитдзысты «Юный патриот»-ы.

Сывæллæтты фæндараст кодтой Плиты Мадинæ æмæ Абхазы минæвар Хуссар Ирыстоны Елбачиты Алан, Ахуырады министрады кусджытæ æмæ ахуыргæнинæгты хиуæттæ.

Плиты Мадинæ куыд зæгъы, афтæмæй: «Ленингоры сидзæрты хæдзары сывæллæтты къорд улæфджыты номхыгъдмæ хаст æрцыд РХИ-йы Президент Тыбылты Леониды инициативæмæ гæсгæ. Мæнæн тынг æхсызгон у, нæ Президенты сидзæр сывæллæтты хъысмæт тынг кæй æндавы. Уый кæдфæнды  дæр цæттæ у канд сабитæн нæ, фæлæ ма тыхст адæммæ дæр æххуысы къух фæдаргъ кæнынмæ».

Абхазы минæвар Хуссар Ирыстоны Елбачиты Алан та загъта: «Тынг æхсызгон мын у, августы бонтæм кæй æрхауд ацы фæхуынд. Аст азы рацыд, нæ сыхæгтæ нын нæ фидæны фæлтæрты бындзагъд кæнынмæ куы æрхъавыдысты. Фæлæ фыдæхдзинадыл фæуæлахиз рæстдзинад æмæ абон, 9-æм августы нæ сывæллæтты фæндараст кæнæм улæфынмæ, æфсымæрон Республикæ Абхазмæ. Иууыл хуыздæр фæндиæгтæ зæгъын Абхазы вице-президент Витали Габнияйæн, нæ республикæмæ нын ахæм хъарм ахаст кæй дары, уый тыххæй. Ацы къахдзæф ма иу хатт æвдисæн у, нæ адæмы ‘хсæн хæлардзинад тынгдæр кæй кæны, уымæн», – зæгъы Абхазы минæвар.

Зæрдæбын арфæтæ кодта нæ бæстæйы сæргълæууæг æмæ Абхазы къухдариуæггæн-джытæн Ленингоры сидзæрты хæдзары директор Елхъанты Заирæ: «Нæ сывæллæттæ тынг амондджын сты абон. Уыдон рагæй бæллыдысты сæхи денджызы ныннайынмæ æмæ мæнæ сæххæст сæ бæллиц!»

Сабитæн семæ ацыд дыууæ хъомылгæнæджы, цæмæй æппынæдзух уой цæстдарды бын.

Уыдонмæ æрдæгфæндагыл баиу уыдзæн Хъæрæсе-Черкескы сабиты къорд дæр.

 

Уазæгты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.