Республикæ Абхазы Хæдбардзинады бон æрвылаз дæр нысан цæуы 30 сентябры, 1993 азы гуырдзиаг-абхазаг хæсты абхазæгтæ куы фæуæлахиз сты, уæдæй нырмæ. Абхазаг адæмæн ацы бон у ахсджиаг æмæ иууыл сæйрагдæр бæрæгбон. Уыцы бон Абхазы сæйраг горæт Сухум сæрибар æрцыд  гуырдзиаг агрессорæй.

Республикæ Абхазы бæрæгбонон мадзæлтты хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны делегаци Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг, РХИ-йы Хъахъхъæнынады министр инæлар-лейтенант Гассеты Ибрагим,  Мидхъуыддæгты министр Лæууойты Æхсар, Абхазы Республикæйы Хуссар Ирыстоны минæварады кусджытæ сæ сæргъ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Абхазы Республикæйы Боциты Олег, Хуссар Ирыстоны хæсты инвалидтæ, «1989-2008 азты РХИ-йы территорийыл хæстон архайдтыты фæцæфуæвджытæн æххуысы фонд»-ы президент Плиты Мадинæйы сæргълæудæй æмæ æндæртæ.

Хуссарирыстойнаг делегаци дæр Абхазы республикæйы къухдариуæгадимæ иумæ хайад райста Сухумы Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвæг хæстонты Мемориалыл веноктæ æмæ дидинджытæ сæвæрыны церемонийы, афтæ  ма веноктæ æмæ дидинджытæ сæвæрдæуыд  Дæллаг Эшерайы  Республикæ Абхазы фыццаг  Президент, Абхазы адæмы националон хъайтар Владислав Ардзинбайы мемориалон уæлмæрдыл. Уый 1992-1993 азты хæстон архайдтыты слæууыд Гуырдзыстоны гæрзифтонг агрессорæй фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты сæргъ æмæ агрессор дæрæн æрцыд. Афтæ ма хъæбатыр хæстон, курдиатджын политик, йæ адæмы æцæг лидер абхазаг адæмы æрбангом кодта республикæйæн уæззау азты æмæ бахъахъхъæдта йæ Райгуырæн бæстæйы националон интерестæ. Ардзинба амард 2010 азы уæззау рынчыны фæстæ.

* * *

Абхазы Хъахъхъæнынады министр Мераб Кишмария йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министр инæлар-лейтенант Гассеты Ибрагимы æмæ делегацийы минæвæртты. Фембæлды рæстæджы Гассеты Ибрагим Республикæйы Хæд-бардзинады боны цытæн раарфæ кодта Республикæ Абхазы Хъахъхъæнынады министр, армийы инæлар Мераб Кишмарияйæн æмæ Республикæ Абхазы Хъахъхъæнынады министрады офицертæн.

Мераб Кишмарияйæн радта зæрдылдарæн лæвар æмæ абхазаг адæмæн загъта сабырад æмæ дидинæфтыды фæндиæгтæ. Хуссарирыстойнаг министр Абхазы хъахъхъæнынадон ведомствойы къорд офицеры схорзæхджын кодта РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады хорзæхтæй – «Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй», «Хæстон æмхæларады тыххæй», «РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрадыл 20 азы сæххæсты» майдантæй.

Йæ рады Республикæ Абхазы Хъахъхъæнынады министр, армийы инæлар  Мераб Кишмария дæр ведомствойон хорзæхтæ радта хуссарирыстойнаг делегацийы уæнгтæн. «Инæлар-лейтенант Х. Л. Харазия»-йы майданæй схорзæхджын кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министр, инæлар-лейтенант Гассеты Ибрагимы, «Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй» майдантæй хорзæхджын æрцыдысты  РХИ-йы Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг, Мидхъуыддæгты министр Лæууойты Æхсар, Мид-хъуыддæгты министры хæдивæг Кокойты  Тарзан. Мераб Кишмария «Хæстон æмхæларады тыххæй», «Республикæ Абхазы Хъахъхъæнынады министрадыл 20 азы сæххæсты», «Абхазы сабырад хъахъхъæныны тыххæй», «Хæстон æхсардзинады тыххæй» майдантæй схорзæхджын кодта РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады, Мидхъуыддæгты министрады æмæ Хуссар Ирыстоны æндæр тыхон структурæты минæвæртты.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.