«Хуссар Ирыстоны хæсты рæстæджы цæфтæ æмæ инвалидтæн, æххуысы фонд»-ы минæвæрттæ, сæ сæргълæууæг Плиты Мадинæ, афтæмæй 30 сентябры хуынд æрцыдысты æфсымæрон Абхазы Республикæ фыдыбæстæйон хæсты уæлахизы 24 азы бæрæгбонон мадзæлтты хайад райсынмæ. Делегацийы сконды уыд 10 адæймаджы. Æрвыст æрцыдысты нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолийы æххуысæй. Зæгъын хъæуы уый æмæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы хæсты инвалидтæн кæрæдзиимæ тынг æнгом ахастытæ кæй ис.

28-æм сентябры Абхазмæ бацæуæны делегацийыл цытджын æгъдауæй фембæлдысты Абхазы хæсты инвалидтæ. Уыдон уый размæ 20-æм сентябры немæ иумæ банысан кодтой нæ Республикæйы бæрæгбон æмæ та ныр дæр тынг æх-сызгонæй сæмбæлдысты нæ делега-цийыл.

Райдианы Хуссар Ирыстоны делега-цийы уæнгтæ дидинтæ сæвæрдтой Аб-хазы сæрибар æмæ хæдбардзинады сæрыл фæмардуæвæг хуссарирыстойнаг бархион-хъайтарты цыртыл. Ирон æгъдаумæ гæсгæ рухс зæгъгæйæ цырты сæрмæ æрсагътой Ирыстоны паддза-хадон тырыса.

Абхазы адæм кæд Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизы бон 30-æм сентябры Сухумы Кады парчы банысан кæны, уæд республикæйы хицæн районты та æндæр бонты банысан кæнынц тугкалæн хæсты бонтæ. Зæгъæм, Очамчиры районы Члоуы хъæуы бæрæгбон нысан цыд 28-æм сентябры æмæ уырдæм официалон æгъдауæй хуынд æрцыд нæ делегаци дæр. Уым хъæуы астæу хæсты фæмардуæвджытæн цы мемориалон комплекс арæзт ис, ууыл венок сæвæрдтой деле-гацийы уæнгтæ. Уый фæстæ ацы хъæуы администрацийы сæргълæууæг Аслан Сангулия уазджыты ахуыдта админист-рацийы агъуысты цы музей арæзт æр-цыд, уырдæм. Дыууæ стыр хатæны сты, хæсты ацы хъæумæ хæстæг цы 160 адæймаджы бабын, уыдоны цард æмæ тохы фæндагыл дзурæг æрмæджытæ. Музейы ма базонгæ уæвæн уыд æндæр нациты, уыцы нымæцы фæмардуæвæг ирон хæстонты цардыл дзурæг æрмæ-джытæ дæр. Зæгъын хъæуы уый, æмæ абхазæгтæ тынг кæй кад кæнынц йæ цард тугкалæн хæсты чи радта, уыцы хæстонтæн. Хуссар Ирыстонæй æрцæугæ деле-гацийы цытæн бæрæгбонон мадзалмæ хуынд æрцыд æрæджы телепроект «Ты супер»-ы уæлахиздзау Валерия Адлейба дæр. Уый фæстæ Галы районы уæв-гæйæ администрацийы сæргълæууæг, Абхазы хæсты хъайтар Тимур Надария уазджытæн загъта: «Стыр бузныг нæ фæхуындæн нын кæй саргъ кодтат æмæ нæм кæй æрцыдыстут, уый тыххæй». Æмæ арфæйы ныхæстæ равдыста æгас Хуссар Ирыстоны адæмæн.

Нæ делегацийы сконды уыд цыппар хатты теракттæ чи аиуварс кодта, фæлæ фæстагмæ йæхæдæг дæр цæфтæ æмæ уонгцухтæ чи фæци, уыцы хъайтар Колыты Инал. Уый Тимур Надариайы схорзæхджын кодта Хъахъхъæнынады-министрады амындмæ гæсгæ «Боевое содружество»-йы майданæй.

Делегацийы уæнгтæ бацыдысты Абхазы дзæнæттаг президент Сергей Багапшы ингæнмæ. Сæвæрдтой йыл венок. Ам сыл сæмбæлд йæ фырт: «Ирыстонæй Абхазмæ æххуысмæ æрцæуæг лæппуты хъайтардзинадæн æвдисæн сты Абхазы адæм, уыдон махмæ се ‘ххуысы къух фæдаргæйæ, сæ царды аргъæй ахъаз фесты Абхазы зæхх знагæй ссæрибар кæнынæн. Ныр цалдæр азы та рохуаты нæ уадзут мæ фыды ингæн. Ам, æрвыл хатт дæр 30-æм сентябры хæдразмæ æвæрд æрцæуы Ирыстонæй хаст венок, ирон тырысайы атрибуттимæ. Уый та æвдисæн у ирон æмæ абхазаг адæмы хъайтардзинад, фидардзинад æмæ иудзинадæн», – загъта уый.

29-æм сентябры делегацийы йæхимæ райста Абхазы Республикæйы премьер-министр Витали Габния. «30-æм сентябры нысан кæнæм Абхазы чызджытæ æмæ фырттæ сæ царды аргъæй цы зæхх бахъахъхъæдтой, уыцы бæрæгбон. Ныр Абхазы адæм цæуынц паддзахадон арæзтады фæндагыл. Фидарæй мæ уырны хуссарирыстойнаг-абхазаг рагон хъарм ахастытæ кæй рæздзысты æмæ кæй фидар кæндзысты дыууæ республикæйы адæмты хæрзиуæгæн. Мах æрвылхатт дæр цæттæ стæм Хуссар Ирыстоны адæмимæ иудзинад аразынмæ. Тынг хъарм ахастытæ нын ис уæ Президентимæ. Æрæджы махмæ Хуссар Ирыстонæй цы делегаци æрцыд уыдон лæмбынæгæй дзырдтой æмахастыты фарстытыл. Дзырд цыд уæ инвалидты протезтæй сифтонг кæныны фарстытыл дæр. Кæд махмæ ис протез кæныны центр, уæддæр уырдæм хæйттæ æрвыст цæуынц фæсарæнтæй. Ацы фарст чысыл бакъуылымпы, фæлæ ныр хъуыддаг йæ бынатæй фенкъуыст. Ныр мах цæттæ стæм уæ инвалидтæм дæр фæкæсынмæ», – загъта Абхазы премьер-министр.

Хуссар Ирыстоны  делегацийы сæргълæууæг Плиты Мадинæ йæ раныхасы  банысан кодта, зæгъгæ, абхазаг æмæ хуссарирыстойнаг адæмтæн ис иу знаг. Тугкалæн хæсты фæстиуæгæн нæ дыууæ республикæйы хуыздæр фырттæ æмæ чызджытæ сæ цард нывондæн æрхæсгæйæ, нæ къухты бафтыд хæдбардзинад. Ныры æмæ фидæны фæлтæртæн ма сæ хæс у йæ бахъахъхъæнын. Стыр æхсызгонæй арфæйы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстоны Президенты номæй æппæт абхазаг адæмæн. Кæд тынг зын уыд инвалидтæн, уæддæр нæ абхазаг æфсымæртæм цыдысты рай-зæрдæйæ. Нæ инвалидтæн баххуыс кæныны тыххæй дæр сын загъта стыр бузныг.

Уыцы бон ма Очамчирийы районы бæрæгбоны цытæн уагъд цыд бæхты дугътæ. Ардæм æрбацыдысты бæрæгбоны уазджытæ. Абхазы Президент Рауль Хаджимба йæ цардæмбалимæ иумæ æрбацыд нæ делегацийы уæнгтæм æмæ сын зæрдæбын арфæ ракодта бæрæгбоны охыл, бузныг сын загъта кæй сæм æрцыдысты, уый тыххæй.

Хуссар Ирыстоны инвалидты делегацийы йæхимæ фæхуыдта Абхазы æфсады инæлар Мериаб Кишмария. Уазджыты ‘хсæн уый сæрмагондæй рахицæн кодта Хуссар Ирыстоны инвалидты, арфæтæ æмæ сын бузныджы ныхæстæ зæгъгæйæ. Делегацийы сæргълæууæг Плиты Мадинæ Меираб Кишмариайæн Хуссар Ирыстонæй лæварæн ахаста Чилæхсаты Хъазбег æмæ Гаглойты Юрийы чингуытæ.

30-æм сентябры ма Абхазы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизы 24 азы бæрæгбоны цытæн мадзæлтты хайад райстой нæ делегацийы уæнгтæ дæр. Уыдон веноктæ æмæ дидинджытæ сæвæрдтой фæмардуæвджыты мемориалы раз Сухумы Хæстон кады парчы. Нæ делегацийы уæнгтæ хайад райстой Абхазы парады дæр. Уыцы бон ма хæсты инвалидтæ веноктæ сæвæрдтой Республикæ Абхазы фыццаг президент Владислав Ардзимбайы цыртыл Дæллаг Эшерайы хъæуы.

Дыккаг бон Абхазы Президенты фæхуындмæ гæсгæ ацыдысты Рицайы цадмæ.

Гудауты та бæрæгбон нысангонд цыд 1-æм октябры. Ардæм, хæстон инвалидты фæхуыдтой ацы районы администрацийы сæргълæууæг Руслан Ладария, кæцы цытджын æгъдауæй банысан кодта, зæгъгæ абхазаг æмæ ирон адæмы хæлардзинады тыххæй æз хъуыстон мæ фыдæлтæй, ис ын бирææнусон истори. Ам дæр Колыты Инал хорзæхтæ радта Хъахъхъæнынады министрады но-мæй Руслан Ладария æмæ хæсты фæцæфуæвæг лæппутæй цалдæрæн.

Бæрæгбонон мадзалы хайад райсыны фæстæ Хуссар Ирыстоны делегаци рафæндараст Ирыстонмæ.

Уазæгты марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.