Цытджын æгъдауæй бахызт

президенты бынатмæ

7-æм майы Владимир Путин официалон æгъдауæй бахызт УФ-йы Президенты бынатмæ. Цытджын церемони уагъд æрцыд Андреевы залы, цыран уый радта ардбахæрд.

 Протестон акцитæ

Францы президент Эммануэль Макроны социалон-экономикон политикæйы  ныхмæ Парижы митингмæ рацыдысты 40 мин адæймаджы бæрц. Полици æрцахста аст адæймаджы, кæцытæм ссардæуыд хиаразгæ хæцæнгæрзтæ.

Æнæформалон

фембæлд

Болгарийы уагъд æрцыд Евроцæдисы бæстæты хъахъхъæнынады министрты æнæформалон фембæлд. Форумы боны фæткы сæйрагдæр фарстытæй иу уыд Евроцæдис æмæ НАТО-йы архайдтыты координаци гæнæуæвæг конфликтты профилактикæйы сæраппонд, – уый тыххæй фехъусын кодта фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ политикæйы фæдыл Евроцæдисы уæлдæр минæвар Федерика Могерини. Йæ рады Болгарийы премьер-министр Бойко Борисов фембæлды банысан кодта: «Балканты темæ ногæй ис Европæйы хъусдарды центры. Балканты раз цы фæсидтытæ лæууынц, уыдонмæ гæсгæ уавæрмæ хъуамæ лæмбынæг нæ хъус дарæм, цæмæй æвæстиатæй нæ хъуыды равдисæм». Уый ма æрсидт Евроцæдисы бæстæтæм, цæмæй Туркимæ ахастытæ æрнывыл кæной, кæцы йæ ныхæстæм гæсгæ НАТО-йы хуссары у «иууыл тыхджындæр хæс-тон машинæ».

Хайад райсдзæн

парады

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы 73 азы боны цытæн уæрæсейаг фарсы фæхуындмæ гæсгæ парады хайад райсдзæн Израилы премьер-министр Биньямин Нетаньяху. Израилы Уæлахизы бæрæгбон паддзахадон æмвæзадыл нысан цæуы 2017 азы 26 июлы кнессет (Израилы парламент) «Нацистон Германыл Уæлахизы боны бæрæгбоны» тыххæй закъон куы сфидар кодта, уый фæстæ. Депутаттæ æмхъæлæсæй рахæцыдысты закъоны проекты æвварс. Бæстæйы ахуырады министр Нафтали Беннет уырыссаг æвзагыл дзургæйæ банысан кодта, зæгъгæ, закъоны райст у «ноджы иу Уæлахизы бон».

Æртхъирæн кæнынц

Украинæйы националистон организаци фехъусын кодта, зæгъгæ, акци «Æнæ-мæлгæ полк» ма бауадзыны тыххæй хъахъхъæндзысты горæты уынгтæ. Парти «Братство»-йы лидер Дмитрий Корчинский фехъусын кодта, зæгъгæ, 8 æмæ 9 майы ауадздзысты сæхи акци «Æнæмæлгæ дивизи», кæцыйы хайадисджытæ рацæудзысты СС «Галичины» дивизийы хæстонты портреттимæ.  Украинæйы мидхъуыддæгты министрады раздæры сæргълæууæг Виталий Захарченко куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ «Æнæмæлгæ полк»-ы оранизатортæ ныридæгæн сты контролы бын.

Нæ йæ фæхуыдта… йæ ныгæнæн бонмæ

Америкæйаг сенатор Джон Маккейн, кæцыйæн ивгъуыд аз сæвæрдтой сæрымагъзы рæсыды диагноз, фехъусын кодта йæ ныгæнæн бонмæ кæй фæхондзæн, уыдоны номхыгъд. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый фæнды, цæмæй АИШ-ы ныртæккæйы президент Дональд Трампы бæсты службæйы хайад райса вице-президент Майкл Пенс. Дзыллон информацийы фæрæзты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Трамп дæр нæ фæнд кæны Маккейны ныгæнæн бонмæ бацæуын.

Æрхауд вертолет

Бразилиаг штат Сан-Паулуйы æрхауд вертолет. Вертолетыл тахт чындздзон чызг йæ чындзæхсæвмæ. Чызг æмæ пилот ницы кодтой, фæлæ, семæ чи уыд, уыдонæй æртæ адæймаджы райстой алыгъуызон травмæтæ. Уыдонæн зынгхуыссынгæнджытæ куы баххуыс кодтой вертолетæй  рахизынæн, уæд ссыгъд. Инцидентмæ нæ кæсгæйæ, чындзаджы бакодтой йæ мойагмæ.

«Хæдбардзинад ныртæккæ»

Глазгойы уагъд æрцыд Стырбританийæ рахицæн кæныны фарсхæцджыты митинг.  Марш «Хæдбардзинад ныртæккæ»-йы хайад райстой дæсгай мин шотландиаджы. Организаторты ныхæстæм гæсгæ уый уыд иууыл масштабондæр акци фæстаг азты. Традицион шотландиаг тырысатæй дарддæр ма иуæй-иу активисттæ семæ рахастой Каталонийы тырысатæ испайнаг регионимæ æмзæрдæдзинады нысанæн.

Ралæууыд гуырдзиаг «феодалты» ныхмæ

Гуырдзыстоны раздæры президент Михаил Саакашвили сарæзта видеосидт гуырдзиаг æмбæстæгтæм, цыран сын уый баныфсæвæрдта бынæттон «феодалтæн» кæрон скæнынæй. Видеосидт сарæзта Амстердамы æмæ баст уыд Аджарийы Аслан Абашидзейы режим раппарыны 14 азы бонимæ. Кадрты Саакашвили лæууы велосипедыл цæугæдоны фоныл. «Кæй зæгъын æй хъæуы, мæнæн æхсызгон уаид аджайраг æмæ Гуырдзыстоны æппæт æмбæстæгтæн Амстердамы уынгтæй  нæ, фæлæ комкоммæ Батумæй раарфæ кæнын, фæлæ ницы кæны, уыцы рæстæг дæр æрлæудзæн», – загъта Саакашвили. Уый загъта, зæгъгæ, æнæмæнгдæр æрцæудзæн Гуырдзыстонмæ æмæ кæрон скæндзæн «феодалтæн».

Ног ракетон нау

УФ-йы Денджызон æфсæддон флот майы мæйы райсдзæн ногдæр чысыл ракетон нау «Вышний Волочек». Нау арæзт æрцыд Татарстаны Зеленодольскы науарæзæн заводы. Нау ифтонг у ногдæр комплекс «Калибр-НК»-йæ, кæцыйæн йæ бон у куынæг кæнын куыд денджызон, афтæ зæххыл нысæнттæ дæр.

Раразмæ йын кодтой йæ

кандидатурæ

Парти «Вместе за Каталонию» фæнд кæны  14 маймæ Каталонийы генералитеты раздæры сæргълæууæг Карлес Пучдемоны кандидатурæ Каталонийы хицауады сæргълæууæджы бынатмæ раразмæ кæнын. Ныртæккæ Пучдемон ис Германы æмæ æнхъæлмæ кæсы тæрхондоны уынаффæмæ, кæцы скъуыддзаг кæны, Испанмæ йæ арвитдзысты æви нæ, уый.

«Æнæмæлгæ полк»

Женевæйы фыццаг хатт официалонæй уагъд æрцыд акци «Æнæмæлгæ полк».  Сæ фыдæлты ном æрымысыны тыххæй цытджын æгъдауæй горæты уынгтæм рацыдысты 200 адæймаджы. «Акцийы хайад райстой Швейцарийы æмæ сыхаг Францы цæрæг Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады республикæты æмбæстæгтæ. Уыдонæй бирæтæ æрбацыдысты сæ сывæллæттимæ, зарыдысты æфсæддон зарджытæ. «Æнæмæлгæ полк»-ы акцитæ уагъд æрцы-дысты æндæр бæстæты дæр, уыцы нымæцы АИШ-ы 20 горæты дæр.

Товартæ нал уадздзысты æнæ

хъалонтæй

АИШ æрурæдта украинаг товарты 155 хуызы базарадон преференцийы генералон системæйы архайд. Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ преференцийы системæ фадат дæтты АИШ-ы территоримæ Украинæйы товарты 3500 хуызы æнæхъалонтæй æрбаласынæн. уырдæм бахаудтой товарты 155 хуызы, сæрмагондæй, хæлцадон, рог, хъæдкуыстгæнæн сæудæджерады, машинæарæзтады товартæ, иуæй-иу электроприбортæ.

Æрæвæрдтой сæ хæцæнгæрзтæ

Цæгат Хомсæй цы боевиктæ цæуынц, уыдон сириаг хицауады тыхтæм радтой хæцæнгæрзты стыр арсенал. Хæцæнгæрзты ‘хсæн сты æртæ БМП, дыууæ ЗСУ «Шилка», хиаразгæ артиллерион сармадзантæ, минæзгъалтæ, нæмыгзгъалтæ, техникон нысаниуæджы цалдæр транспортон фæрæзы æмæ æндæртæ.

Теракт

Афгайнаг аргъуаны срæмыгъды фæстиуæгæн фæмард сты 17 адæймаджы. Срæмыгъд айхъуыст афгайнаг провинци Хосты.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.