Уæлахизы парад

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы боны цытæн парад уагъд æрцыд Мæскуыйы Сырх фæзуаты. Парад райста УФ-йы Хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу. Уæлахизы боны 73 азы сæраппонд Мæскуымæ æрцыдысты Израилы премьер-министр Беньямин Нетаньяху æмæ Сербийы президент Александр Вучич. Нетаньяху акци «Æнæмæлгæ полк»-ы хаста Стыр Фыдыбæстæйон хæс-ты хайадисæг, дзуттаг хъайтар Вольф Виленскийы портрет æмæ Вучич та – йæ дадайы портрет. Ацы аз парады хайад райстой 13 мин адæймаджы, техникæйы 159 иуæджы, 75 хæдтæхæг æмæ вертолеты. Акци «Æнæмæлгæ полк»-ы хайад райстой милуангай адæймæгтæ куыд Уæрæсейы, афтæ фæсарæйнаг бæстæты дæр.

Д. Медведев – ногæй УФ-йы Хицауады Сæрдар

Дмитри Медведев ногæй æвзæрст æрцыд УФ-йы  Хицауады Сæрдарæй. Уый фæдыл æмбæлон Барамындыл йæ къух æрфыста Президент Владимир Путин. Уый размæ Медведевы кандидатурæ хорзыл банымадтой Паддзахадон Думæйы депутаттæ. Йæ кандидатурæйы æвварс рахæцыдысты 374 депутаты, йæ ныхмæ рацыдысты 56 депутаты. Паддзахадон Думæйы ныхас кæнгæйæ, Дмитри Медведев радзырдта, ног хицауады размæ цы приоритетон хæстæ æмæ фарстытæ лæууынц, уыдоны тыххæй.

Сæвзæрстой ног премьер-министры

Сомихстоны Серж Саргсяны отставкæйы æмæ æртæ къуырийы дæргъы протестон митингты фæстæ 8-æм майы бæстæйы премьер-министрæй æвзæрст æрцыд Никол Пашинян, кæцы йæхи хоны «адæмæй кандидат». Сомихстоны парламентаритæй Пашиняны кандидатурæйы æвварс рахæцыдысты 58 адæймаджы, йæ ныхмæ схъæлæс кодтой 42 депутаты. Пашинян раарфæ кодта УФ-йы Президент Владимир Путинæн Сомихстоны кризисы фæдыл йæ позицийы тыххæй. Пашинян фехъусын кодта, зæгъгæ, йæ ныфс ис 14-æм майы Сочийы Уæлдæр Евразиаг экономикон советы рабадты рæстæджы кæй фембæл-дзæн Владимир Путинимæ.

Арфæ йын ракодтой

УФ-йы Президент Владимир Путин раарфæ кодта Никол Пашинянæн Сомихстоны премьер-министрæй йæ кæй сæвзæрстой, уый сæраппонд. «Ныфс мæ ис, зæгъгæ, хицауады сæргъ лæугæйæ дæ архайд кæй ахъаз кæндзæн нæ бæстæты ‘хсæн дарддæры хæларадон, æмцæдисадон ахастыты рæзтæн. Никол Пашинянæн ма арфæ ракодта УФ-йы Хицауады Сæрдар Дмитри Медведев дæр.

Ног санкцитæ

Америкæйаг администраци радон санкцитæ бакодта акционерон æхсæнад «Рособоронэкспорт»-ы ныхмæ. Санкциты архайды æм-гъуыд у дыууæ азы. Уыимæ банысан кодтой, зæгъгæ, санкциты архайд гæнæн ис урæд æр-цæуа кæд æмæ АИШ-ы паддзахадон секретарь Майкл Помпео æмбæлон уынаффæ райса, уæд.

Рахиздзæн ядерон сразыдзинадæй

АИШ-ы президент Дональд Трамп фехъусын кодта, зæгъгæ, АИШ рахиздзæн Иранимæ ядерон программæйы фæдыл сразыдзинадæй. Йæ раныхасы Трамп Ираны фæаххосджын кодта ядерон сразыдзинады архайдмæ нæ кæсгæйæ, ядерон хæцæнгарз бакусынæй. «Ядерон программæйы фæдыл Иранимæ ба-дзырд сабырдзинад никуы æрхæсдзæн», – загъта уый. Америкæйаг лидер нымайы, зæгъгæ, æгæрыстæмæй кæд Иран хъахъ-хъæны ядерон программæйы фæдыл бадзырды уагæвæрдтæ, уæддæр йæ бон у цыбыр æмгъуыдмæ ядерон хæцæнгарз саразын. Трамп бафидар кодта, зæгъгæ, АИШ æввахс рæстæджы бакæндзæн Ираны ныхмæ иууыл карздæр санкцитæ. Æмæ Иран дарддæр дæр куы куса ядерон хæцæнгарз саразыныл, уæд сæмбæлдзæн ахæм проблемæтыл, кæцытыл никуыма сæмбæлд.

Роуханийы дзуапп

Ираны президент Хасан Роухани фехъусын кодта, зæгъгæ, Тегеран цæттæ у ядерон ба-дзырды ма чи баззад, уыцы фондз хайадисджытимæ æмгуыст кæнынмæ, АИШ ацы ба-дзырдæй рахизыны тыххæй куы фехъусын кодта, уый фæстæ. Роухани ма фехъусын кодта, зæгъгæ, АИШ «никуы æххæст кодтой сæ хæстæ» ядерон бадзырды фæлгæтты, æмæ президент Дональд Трампмæ та «фæлтæрд-дзинад ис дунеон бадзырдтæ фехалыны». Бæстæйы президент бахæс кодта фæсарæйнаг хъуыддæгты министрæн æввахс къуыриты европæйаг бæстæимæ, Уæрæсе æмæ Китайимæ консультацитæ ауадзыны тыххæй. «Бадзырд баззайдзæн йæ тыхы, кæд æмæ сразыдзинады нысæнттæ æндæр бæстæти-мæ къухты бафтын  кæнæм, уæд», – фехъусын кодта Роухани.

Туркæн дарддæр базарадон ахастытæ уыдзæн Иранимæ

Турк дарддæр дæр раздæры гуырахсты ба-зар кæндзæн Иранимæ æмæ уый фæдыл ни-кæйы раз дзуапп дæтдзæн, – фехъусын кодта Туркы экономикæйы министр Нихат Зейбекчи.

Иумиаг хъусынгæнинаг

Стырбритани, Герман æмæ Францы лидерты иумиаг хъусынгæнинаджы дзырдæуы, зæгъгæ, уыдон не сты АИШ-ы президент Дональд Трампы уынаффæйы æвварс Ираны атомы фæдыл, уымæн æмæ бадзырд ахсджиаг у иумиаг æдасдзинад бахъахъхъæнынæн. «Мах сидæм АИШ-мæ, цæмæй архайдтыты иумиаг планы уагæвæрдтæ баззайой æнæ ивындзинæдтæй», – дзырдæуы хъусынгæнинаджы.

Равдыста йæ катайдзинад

ИНО-йы Генералон секретарь Антониу Гутерриш фехъусын кодта, зæгъгæ, катайы бахаудта АИШ Иранимæ ядерон сразыдзинадæй кæй рахызт, уый тыххæй æмæ æрсидт иннæ бæстæтæм, цæмæй рахæцой бадзырды æвварс.

 Евроцæдис æвдисы йæ катайдзинад

Евроцæдисы дипломатийы сæргълæууæг Федерика Могерини фехъусын кодта, зæгъгæ, «ядерон бадзырд тынг ахсджиаг у Европæ æмæ дунейы æдасдзинадæн». «Мах æххæс-тæй æууæндæм МАГАТЭ-йы куыст æмæ компетенцийыл, кæцы ныммыхуыр кодта Иран æххæстæй йæ хæстæ кæй æххæст кæны, уый тыххæй 10 хыгъды. Мæ катайдзинад æвдисын ног санкциты тыххæй хъусынгæнинаджы фæдыл. Тынг æнгомæй консультацитæ кæндзынæн нæ партнертимæ, цæмæй саргъ кæнæм йæ фæстиуджытæн».

Рахæцыд Трампы уынаффæйы æвварс

Израиль рахæцыд Иранимæ ядерон ба-дзырдæй рахизыны тыххæй Трампы уынаф-фæйы æвварс. «Израиль æххæстæй хæцы Трампы ныфсджын уынаффæйы æвварс. Израиль райдианæй дæр нæ хæцыд ацы бадзырды æвварс, уымæн æмæ не ‘хгæдта ядерон хæцæнгарзмæ Тегераны фæндаг», – фехъусын кодта Израилы премьер-министр  Биньямин Нетаньяху.

Теракттæ

Кабулы дыууæ полициаг фадыгмæ боевикты бабырсты фæстиуæгæн фæмард сты 5 адæймаджы, 16 адæймаджы та цæфтæ фесты. Теракты тыххæй бæрндзинад сæхимæ райстой дыууæ террористон къорды.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.