Нæ республикæ йæхи цæттæ кæнын райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы 73 азы бонмæ. РХИ-йы Культурæйы министрады пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй цытджын бæрæгбонон мадзæлттæ райдайдзысты 2 майæ Анахарсисы номыл Республикон библиотекæйы бæстыхайы равдыст-реквием «Хæсты азтæ  Мысынады æнустæ»-йæ.

«3 майы сывæллæттæн уыдзæн историон викторинæимæ тематикон равдыст «Хæст нæм кæсы чиныджы сыфты ‘хсæнты», 4 майы сывæллæттæн сорганизаци кæндзысты нывты равдыст «Дæ бон хорз, дада! Бузныг Уæлахизы тыххæй!», уыдзæн ма стилизацион равдыст «Зæронд альбомы сыфтæ фæлдахгæйæ». Уыцы бон Паддзахадон киноконцертон зал «Чермен»-ы Гуццаты Нодарæн уыдзæн концерт «Сымахæн, хæсты хайадисджытæн…», 7 майы та уыдзæн историон квест-хъазт «Уæлахизы фæндаг».

Стыр Уæлахизы бæрæгбон нысан кæныны фæлгæтты уыдзысты: æвзонг нывгæнджыты пленэр «Уæлахизы портрет», интерактивон хъазт «Уæлахизы цæсгæмтæ» æмæ сывæллæтты сфæлдыстадон курдиæтты концерт «Сывæллæтты курдиæтты арвырон».

5-7 майы концертон программæтæ «Уæлахизы уалдзæг алы хæдзармæ дæр!» уагъд цæудзысты æрмæст Хуссар Ирыстоны столицæйы нæ, фæлæ горæт Къуайсайы, Дзау, Знауыр æмæ Ленингоры поселокты дæр.

7 майы планмæ хаст ис Зард æмæ кафты паддзахадон фольклорон ансамбль «Нохчо»-йы концерт «Стыр Уæлахизы фæндæгтыл». Стыр Уæлахизы хæдразмæ – 8 майы ауагъдæуыдзæн акци «Фронты уæвæгы цинæн!», Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвджыты обелискы раз æвæрд æрцæудзæн Цыты гирляндæ, афтæ ма ауагъдæуыдзæн митинг «Фæмардуæвджытæн –  æнусон мысынад, удæгастæн – æнусон кад!» æмæ «Салдаты æрулæфт», кæцы  бацæттæ кодтой 4-æм æфсæддон базæйы хæстонтæ.

Уыцы бон Хуссар Ирыстоны цæрджытæ æмæ уазджытæн сæ бон уыдзæн бакæсой дыууæ концертмæ, уыдонæй фыццаг  «Музæтæ дæр нæ нымæг кодтой…» уагъд æрцæудзæн 12.00 сахатыл, 19.00 сахатыл  та уыдзæн концерт «Æнусты дæргъы цæхæр кал, Стыр Уæлахиз!»

Цхинвайлæгтæ хæстон техникæйы хуызтимæ базонгæ уыдзысты  8-9 майы Джиоты Аланы уынджы.

Бæрæгбоны  сæйраг мадзæлттæ ауагъдæуыдзысты 9 майы, уыдон райдайдзысты фæмардуæвджыты удæнцойы тыххæй бакуывдæй. Уый фæстæ 11.00 сахатыл Театралон фæзуаты уыдзæн æфсæддон парад Хуссар Ирыстоны тыхон структурæты хайадистæй, афтæ ма парады рацæудзысты 4-æм æфсæддон базæйы хæстонтæ дæр.

Парады хæдфæстæ уыдзæн бирæминон акци «Æнæмæлгæ полк». Уый фæстæ та -адæмон инструментты оркестр «Айзæлд»-ы  концерт «Зæнæджы зæнæгæн Уæлахизы тыххæй, зæнæджы зæнæг – Уæлахизæн!»

Уыцы бон 19.00 сахатыл уыдзæн æмырæй алæууыны Æппæтнационалон минут. Ма-дзæлттæ фæуыдзысты 19.30 сахатыл 9 майы «Уæлахизæй дзæнгæрæг кæны дидинæфтаугæ май!»-ы бæрæгбонон концертæй æмæ 21.00 та уыдзæн фейерверк. Уый адыл Стыр Уæлахизы бæрæгбонон программæ нæ фæуыдзæн. 11 майы ма уыдзæн ноджы иу мадзал –  Галаты Барисы номыл Хуссар Ирыстоны Кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль «Симд»-ы концерт «Фидыдады, Уæлахизы тыххæй».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.