ЙÆ  ТОХФÆНДАГ ФÆЦИС ПРАГÆЙЫ

Даргъ æмæ вазыгджын уыд Джиоты Соломаны цардвæндаг. Райгуырд 1915 азы Знауыры районы Уелиты хъæуы. Ахуыр кодта сæхи хъæуы райдиан скъолайы, фæстæдæр та – Цхинвалы ирон авдазон скъолайы. 1933 азы ацы скъола каст фæуыны фæстæ куыста сæ хъæуы колхозы хынцæгæй. Фæлæ æвзонг лæппу тырныдта ахуырмæ æмæ 1936 азы каст фæци Цхинвалы рабфак, 1938 азы та – Цхинвалы дыууæазон институт. Уыцыиу рæстæджы куыста газет «Коммунист»-ы сæудæджерады хайады сæргълæууæгæй. 1938 азы Соломанмæ æрсидтысты Сырх Æфсады рæнхъытæм. Службæ кодта Севастополы зенитон-артиллерион ахуыргæнæндоны. Æфсады рæнхъытæй куы æрыздæхт, уæд кусынмæ бацыд газет «Ленинон»-ы редакцимæ. Уый фæстæ та куыста газет «Коммунист»-ы (ныры «Хурзæрин»-ы) редакцийы агитаци æмæ пропагандæйы хайады сæргълæууæгæй, стæй та – бæрнон секретарæй.

1941 аз… Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Соломанмæ æрсидтысты æфсадмæ, куыста Хуссар Ирыстоны областон æфсæд-дон къамисариаты политикон хайады инструкторæй. 1942 азы Джиойы фырт æрвыст æрцыд В.И.Ленины номыл Æфсæддон-политикон академимæ, каст æй фæци 1943 азы. Уыцы аз ноябры мæйы та æрвыст æрцыд фыццаг украинаг фронтмæ, нысан æрцыд 253-æм æхсæг дивизийы 808 артиллерион полчы парторгæй. Соломанæн йæ хæстон фæндаг райдыдта горæт Киевы ссæрибар кæныны  сæрыл тохтæй. 1944 азы августы мæйы советон хæстонтæ сæхи цæттæ кодтой горæт Сандомиры хуссары ‘рдыгæй фарс цæугæдон Вислæйы сæрты ахизынмæ. Æвирхъау карз тохты уыдонæн бантыст доны сæрты ахизын æмæ ахсджиаг нысаниуæг кæмæн уыдис, ахæм позицитæ бацахсын. Фæлæ уыцы позицитæ фæстæмæ байсыны сæрыл знæгтæ самадтой карз тохтæ. Æвæстиатæй хъуыд доны сæрты знаджы танкæты ныхмæ хæцæнгæрзтæ аласын æмæ хæстон позицитæ сфидар кæнын. Уыцы ахсджиаг хæслæвæрд бахæс кодтой Джиоты Соломанæн. Уый сарæзта доны сæрты ахизыны план. Советон хæстонтæ сцæттæ кодтой тъиуитæ,  сæвæрдтой сыл сармадзантæ æмæ сæ ных сарæзтой доны фаллаг фарсмæ. Фæлæ сæ знæгтæ бафиппайдтой æмæ ныннæрыдысты сармадзантæ, скуыстой пулеметтæ æмæ цæу-гæдон  Вислæ хъаймæт фестад. Соломан æмæ йе ‘мбæлттæ бахаудтой знаджы æхсты бын. Уыцы æвирхъау æхстыты бын сын стыр зынтæй бантыст доны фаллаг фарсмæ сармадзанты аирвæзын кæнын. Уадидæгæн, танкæты ныхмæ хæцæнгæрзтимæ тъиуитыл цы бæхтæ рахизын кодтой, уыдоны сыл аифтыгътой æмæ сæ хъавгæ бахæццæ кодтой уæлвонг къуылдыммæ. Бонрæфтæм æрфи-дар кодтой танкæты ныхмæ хæцæнгæрзтæ къуылдымыл, уæдмæ фæзындысты знæгтæ дæр. Уыцы  бон æхсæз хатты рацыдысты немыцаг танкæтæ атакæйы æмæ сæ æхсæз хатты дæр удуæлдай тохты фæстæмæ аппæрстой советон хæстонтæ. Æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы хæстонтæ удуæлдайæ хъахъхъæдтой бæрзæнд. Стæй уæдмæ æфсæддон хæйттæ ахызтысты Вислæйыл æмæ баххуыс кодтой армыдзаг хъæбатыр хæстонтæн.

Гвардийы булкъон Войко, Джиоты Соломаны  Фыдыбæстæйон хæсты  2-аг къæпхæны орденæй схорзæхджын кæныны тыххæй фыста йæ бардзырды: «Партион организаци, полчы сæрмагонд сконд карз тохты равдыстой хъæбатырдзинады хорз цæвиттонтæ. Джиойы фырт тох кæны хъæбатыр æмæ ныфсджынæй, активон æххуыс кæны тохмæ бацæттæ кæныны хъуыддаджы. Фыдызнаджы фæстийæ сургæйæ, партион куыст хорз сифтонг кодта æмæ баххуыс кодта рæс-тæгыл хæстон тыхты равæрды хъуыддагæн. 1944 азы 8-æм августы ныхмæлæууæджы тыхджын артиллерион-пулеметон æхсты бын Джиоты Соломан батареимæ аленк кодта, дивизийæ цæугæдон Вислæйы сæрты фыццаг чи ахызт, уыдонимæ æмæ хайад иста фыдызнаджы цыппар контратакæйы аппарыны тохты. Разæнгард кодта батарейы сæрмагонд сконды хæстонты уæлахизы тохтæм».

Знаг карз тохтимæ фæстæмæ лыгъд йæ лæгæтмæ. Советон Æфсад знаджы дæрæнгæнгæ цыд ныгуылæнмæ. Соломан. 1944 азы фæззæджы тохгæнгæ бахæццæ Одеры фаллаг фарс горæт Грюнбергмæ. Знæгтæ хинвæнд скодтой, горæтмæ бацæуæнты сæ тох æрурæдтой, афтæ зынд, цыма горæтæй ацыдысты. Уыдон та бабадтысты сæ хæдзæртты, ныккæндты, æрæмбæхстысты сисрæбынты æмæ куыддæр æфсæддон хæйттæ баирвæзтысты горæты уынгтæм, афтæ сыл знæгтæ сæхи ныццавтой. Карз тохтæ бацайдагъ сты горæты уынгты. Разæй цы артиллерион батарейæ уыд, уый командир фæмард. Уæд Джиоты Соломан йæхимæ райста командæкæнынад, разылдта сармадзаны æмæ комкоммæ æхстæй скуынæг кодта знаджы æмбæхст бынæттæ. 1945 азы январы мæйы тохтæ райтынг сты горæт Губен æмæ Коттбусы сæрыл. Уыцы горæттæ бирæ рæстæджы цыдысты къухæй къухмæ. 808 артиллерион полк стыр хъæбатырдзинад равдыста уыцы горæтты ссæрибар кæныны тохты.

Фæстæдæр, 1945 азы 14 апрелы гвардийы инæлар-майор Войко Джиоты Соломаны  Фыдыбæстæйон хæсты  1-аг къæпхæны орденæй схорзæхджын кæныны тыххæй фыста: «1945 азы 12-æм январæй суангдæр 18-æм февралмæ фыццаг украинаг фронты размæбырсты тохты Джиоты Соломан кæддæриддæр уыд батарейты æмæ ифтонг кодта партион-политикон куыст хæстон бардзырдтæ æххæст кæныны хъуыддаджы.  Воглянытовы сæрыл тохты Джиойы фырт, фыццаг батарейы сконды уæвгæйæ, аппæрста ныхмæлæууæджы æртæ тыхджын контратакæйы. Куынæг æрцыдысты 200  немыцаг салдаты æмæ афицерæй фылдæр, ныппырх кодтой фыдызнаджы 40 уæрдоны хæстон æрмæджытимæ. Горæт Грюнбергы сæрыл тохты, 1945 азы 14-æм февралы   Джиойы фырт сорганизаци кодта,  знæгтæ цы хæдзæртты бадтысты, уырдæм комкоммæ  æхст  æмæ  сæ  ныддæрæн  кæныны хъуыддаг. Полчы хæстонтимæ уацары ракодтой 44 немыцаг салдаты æмæ афицеры».

Хæст хæццæ кодта йæ кæронмæ. Советон æфсæдтæ бацыдысты Прагæмæ, ныппырх кодтой знæгты æмæ ссæрибар кодтой горæт. Уым фæцис йæ тохы хъæбатыр фæндаг Джиоты Соломанæн дæр. «Фыдыбæстæйон хæсты» 1-аг æмæ 2-аг къæпхæны дыууæ орденæй дарддæр ма Джиойы фырт йæ хъæбатырдзинады тыххæй хорзæхджын æрцыд фондз майданæй. Цалдæр хатты фæцæф, райста контузи, фæлæ тохы быдыр никуы ныууагъта. 1947 азы Джиоты Соломан æрыздæхт йæ райгуырæн Ирыстонмæ æмæ æрæвнæлдта сабырадон цард аразынмæ. Куыста бирæ бæрнон бынæтты. Уыд Знауыры партийы райкомы 2-аг секретарь, Хуссар Ирыстоны обкомы инструктор, Цхинвалы райкомы дыккаг секретарь, газет «Советон Ирыстон»-ы редактор, Профцæдисты Хуссар Ирыстоны областон советы сæрдар. Куыста Хуссар Ирыстоны облæххæсткомы паддзахадон сусæгдзинæдты мыхуыр хъахъхъæныны управленийы  хистæрæй.

1952 азы Джиойы фырт каст фæци Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институт æмæ 1957 азы та – СЦКП ЦК уæлдæр партион скъола. Цалдæр хатты æвзæрст æрцыд Хуссар Ирыстоны партийы обкомы уæнгæй, фæллойгæнджыты депутаты областон советмæ депутатæй. Кад æмæ намысы фæндагыл рацыд Соломан. Чи йæ зыдта, уыцы нымæцы ацы уацы автор дæр, уыдон æй бахъуыды кодтой зæрдæхæлар, уæздан, саламдæттаг адæймагæй.

Джиоты Екатеринæ

 

ЗДÆХТ БЕРЛИНÆЙ УÆЛАХИЗИМÆ

Хӕст йемӕ æгæрон фыдбылызтӕ, хъизӕмӕрттӕ, удзиæнттæ   хӕссы. Хӕсты койӕ адӕймаджы уӕнгтӕ ихӕнрызт бакӕнынц, сагъӕсты бахауы, арвӕй йӕм хуры цӕст ӕрттивгӕ нал фӕкӕсы.

Историйы иууыл ӕгъатырдӕр хӕст Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕст уыд. Уый бирӕ цардбӕллон адӕймӕгты хъысмӕт фескъуыдта ӕрдӕгыл, сӕ рӕсугъд фӕндтӕ ӕмӕ бӕллицтӕ сӕххӕст кӕнын сӕ къухты нӕ бафтыд, афтӕмӕй.

Советон бирӕнацион адӕмтимӕ иумӕ Райгуырӕн бӕстӕйы сӕрибардзинады сӕраппонд тохы быдырмӕ цыдысты Ирыстоны цӕхӕрцӕст фырттӕ дӕр. Уыдоны ‘хсӕн уыд Знауыры районы Бадаты хъӕуккаг ӕвзонг лӕппу Пухаты Димитр дӕр. Уый хӕрзӕвзонгӕй бавзӕрста   куысты уӕз. Йӕ райгуырӕн хъӕуы дӕр колхоз ӕндидзын куы райдыдта, уӕд активон хайад исын райдыдта йӕ арӕзтады. Фыццагдӕр колхозмӕ чи бацыд, уыдонæй уыдысты йӕ хӕдзары бинонтӕ дæр ӕмӕ дзы райдыдтой фӕллой кӕнын. Бӕргӕ йӕм бирӕ хорз фӕндтӕ уыд, фӕлӕ йын сӕ ӕваст фескъуыдта хӕст. Пухаты лӕппу дӕр ӕндӕртау хӕрзбон загъта сабырадон цардӕн ӕмӕ ӕрлӕууыд фыдгулы ныхмӕ. Цы ӕфсӕддон хайы службӕ кодта, уый ӕрвыст ӕрцыд Ираны арӕнмӕ.

1942 азы сӕрд ӕмӕ фӕззӕджы Цӕгат Кавказ ссис немыцаг тыхӕйисджыты ныхмӕ ӕнӕмсӕр тохты сӕйраг бынат. Фыдгулӕн йӕ хъавд уыд, цӕмӕй сӕрдыгон рӕстӕджы Кавказ (Майкоп, Грознӕ, Бако) ӕмӕ стратегион хомысы гуырӕнтӕ йӕхи бакодтаид. Уыимӕ ма Кавказ гитлеронтӕн уыд ӕфтиагджын плацдарм Ӕввахс Хурыскӕсӕны ӕмӕ Азийы бӕстӕтӕм бахизынӕн. 1942 азы сентябры райдианы немыцаг тыхӕйисджытӕ бахызтысты Таманы ӕрдӕгсакъадахмӕ. Уӕд, Пухайы фырт цы ӕфсӕддон хайы сконды уыд, уый тагъд Ираны арӕнтӕй ракодтой Кубаны район Горячий Ключмӕ. 1943 азы райдианы Кубаны райтынг сты ӕнӕмсӕр тохтӕ. Пухайы фырт уыд 377-ӕм ӕхсӕг полчы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, знаг тыхджын уыд, фӕлӕ йын советон ӕфсӕддонтӕ ахъаззаг цӕф куы ныккодтой, уӕд фӕстӕмӕ алӕууыд. Уый фадат радта советон хæстонтæн Краснодары ‘рдæм дарддӕры размӕбырстӕн. Димитримӕ ма уыцы тохты ирӕттӕй хайад истой Сиукъаты Къоста, Харебаты Георги, Гӕбулты Алекси, Бекъойты Барис, Асаты Реуаз, Гасситы Виктор ӕмӕ ӕндӕртӕ.

1943 азы 9 февралы не ‘фсӕдтӕ абырстой Краснодармӕ ӕмӕ йӕ  12 февралы оккупанттӕй ссӕрибар кодтой. Фӕлӕ тохтӕ ууыл нӕ фесты. Фыдгул йӕ тыхтӕ ноджы фӕфылдӕр кодта, Новороссийск ӕмӕ Таманы ӕрдӕгсакъадах бакодта йӕхи, дарддӕр тырныдта Хъырымы бацӕуӕнтӕ сфидар кӕнынмӕ ӕмӕ не ‘фсӕдтӕн кодта ахъаззаг цӕфтӕ. Ацы тохты хайад иста Пухаты Димитр дӕр танкон ротӕйы сконды, фӕлӕ иу рӕстӕджы карз тохты фӕцӕф. Цӕгат Кавказы фронты хайадисджытӕ карз хӕсты фӕстӕ 1943 азы 9 октябры ссӕрибар кодтой Таманы ӕрдӕгсакъадах немыцаг тыхӕйисджытӕй. Хъӕбатырдзинад кӕй равдыста Пухайы фырт, уый тыххӕй хорзӕхджын ӕрцыд «Хъӕбатырдзинады тыххӕй» майданӕй. Советон адӕмы хъайтарон тох Кавказ ссӕрибар кӕныны тыххӕй 1943 азы фидар ӕрцыд «Кавказ бахъахъхъӕныны тыххӕй» майдан ӕмӕ дзы хорзӕхджын ӕрцыд ирон ӕхсарджын лӕппу Пухаты Димитр дӕр. Уый ма хорзӕхджын ӕрцыд Кады нысаны 3-аг къӕпхӕны орденӕй. Фӕстӕдӕр, куы фæцæфтæ æмæ йын куы байгас сты, уӕд ӕрвыст ӕрцыд Белоруссийы территоримӕ, 246-ӕм гвардион ӕхсӕг полкмæ. Хайад райста знаджы дзӕмбытӕй Польшӕйы ссӕрибар кӕныны тохты, афтӕ ма ӕндӕр тохты дӕр. Афтæмæй ныххӕццӕ Берлинмӕ. Бирӕ автографтимӕ иумӕ империон канцелярийы къултыл фенӕн уыд Бадаты хъӕуккаг Пухаты Димитры мыггаг дӕр.

Уæлахизхæссæг салдат Пухаты Димитр ӕрыздӕхт йӕ райгуырӕн хъӕумӕ ӕмӕ аныгъуылд сабырадон куысты. Йӕ хъӕу-бӕстӕ йӕ сӕвзӕрстой колхозы сӕрдарӕй ӕмӕ дзы намысджынӕй бакуыста цалдӕр азы. Уый фӕстӕ та фӕллой кодта стурвосдарды фермӕйы сӕргълӕууӕгӕй,уыд колхозы райдиан партион организацийы секретарь, цалдӕр хатты ӕвзӕрст ӕрцыд депутатӕй. Кӕмфӕнды ма куыстаид, алы ран дӕр йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ каст бӕрндзинады цӕстӕй.

Димитр йӕ бинойнаг Тадтаты Верӕимӕ схъомыл кодтой ӕмӕ царды раст фӕндагыл бафтыдтой се ‘ртӕ фырт ӕмӕ цыппар чызджы. Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хайадисӕг цардӕй ахицӕн 1993 азы, фæлæ   йын йӕ ном кӕддӕриддӕр мысдзысты, сабырад зынаргъ кӕмӕндӕриддӕр у, уыцы дзыллӕтӕ.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.