Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли бабæрæг кодта фæсчъылдымы ветеран Уалыты Зояйы æмæ йын раарфæ кодта йæ 90 азы боны цытæн.

Паддзахады сæргълæууæджы цæст ын бауарзта фидар æнæниздзинад æмæ фæрныгад.

«Ды цы зындзинæдтæ бавзæрстай, уыдонмæ нæ кæсгæйæ, дын абон у бæрæгбон – сæххæст дыл 90 азы. Уый ма стыр бæрæгбон у дæ бинонтæн. Хуыцау зæгъæд, цæмæй фидæны мах афтæ нысан кæнæм дæ 100 азы юбилей дæр», – загъта Президент.

Уалыты Зояйы бинонтæ æмæ æввахс хиуæттæ бузныджы ныхæстæ загътой ахæм хъусдарды тыххæй æмæ бахатыдысты Президентмæ, цæмæй сын баххуыс кæна, цы хæдзары цæры, уый сцалцæг кæнынæн.

2008 азы августы Уалыты Зояйыл æрцыд ахæм трагикон хабар: артиллерион æхстыты рæстæджы йæ хæдзарыл сæмбæлд сармадзаны нæмыг æмæ спырх хинайæн уаты, цыран æхстытæй æмбæхст йæ чызг. Уæззау цæфтæ райсгæйæ, уый фæмард бынаты.

Сармадзаны нæмыгæй  ветераны хæдзарæн зынгæ разианчындæуыд: дзæвгар ныппырх хæдзары æмбæрзт, астæрд бахъыгдард ис, хæдзары къулты фæзынд бирæ зыхъхъыртæ. Хæдзары цæрджытæ банысан кодтой, сæ бон цы уыд, уымæй йæ ранæй рæтты бацалцæджытæ кодтой, фæлæ æххæстæй хæдзар сцалцæг кæнын сæ бон нæу.

Бибылты Анатоли йæ цæст ахаста хæдзары уæладзгуыты пырхæй цы ис уыдæттыл бахæс кодта арæзтадон фирмæ «Шанс»-ы директор Козаты Игорæн, цæмæй, бабæрæг кæна ацы хæдзар æмæ ног къуырийæ райдайой цалцæггæнæн куыстытæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.