РЕСПУБЛИКÆЙЫ ÆХСÆНАД ЦЫТДЖЫН ÆГЪДАУÆЙ БАНЫСАН  КОДТА  СТЫР УÆЛАХИЗЫЛ 74 АЗЫ СÆХХÆСТЫ БОН

Республикæ Хуссар Ирыстоны æхсæнад 9 майы банысан кодта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы бæрæгбон. Уыцы бон Театралон фæзуатмæ Æфсæддон парадмæ æмæ «Æнæмæлгæ полк»-ы рацыдмæ бакæсынмæ æрæмбырд бирæ адæм. Уыдонæн уыд бæрæгбонон зæрдæйы равг, уыдысты бæрæгбонвæлыст.

Стыр Уæлахизыл 74 азы сæххæсты цытæн æфсæддон парадыл командæ кодта Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады штабы хистæр Виктор Федоров. Парад иста хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим.

Фæзуатмæ рахастой Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырыса æмæ Уæлахизы Тырыса. Уæлахизы Тырыса у Стыр Уæлахизы, адæмы тыхы символ, Фыдыбæстæйы сæрибардзинад æмæ намыс хъахъхъæнджыты символ. Уæлахизмæ цæугæйæ Сырх æфсад уыцы хæстон тырысаты бын советон æфсады зындгонд гвардион сæрибардзинад æрхаста æрмæст не стыр райгуырæн бæстæйæн нæ, фæлæ æгас Европæйы дæр ссæрибар кодтой морæгъуыз емынæйæ.

Цытджын парады хæдразмæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли арфæ ракодта парады хайадисæг æфсæддон дæлхæйттæн, ацы бæрæгбон чи æрхаста, уыцы ветерантæн, республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæн. Хъусдард аздæхта, хуссарирыстойнаг æфсæддон службæгæнджытимæ ма парады хайад кæй исынц, уæрæсейаг æфсæддон базæ æмæ Арæнгæрон управленийы дæлхæйттæ.

Театралон фæзуаты трибунæйы рæзты цытджын маршæй рацыдысты Хъахъхъæнынады, Мидхъуыддæгты, Уæлвæткон уавæрты министрадты дæлхæйттæ, паддзахадон æдасдзинады комитеты Арæнгæрон службæ, 4-æм æфсæддон базæ æмæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Федералон æдасдзинады службæйы Арæнгæрон управленийы æфсæддон службæгæнджытæ, кадетон скъолайы ахуыргæнинæгтæ. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ фыццаг хатт Уæлахизы цытæн æфсæддон парады хайад кæй райстой Юстицийы министрад æмæ æвзонг хæстонтæ.

Æфсæддон парады рацыдис алыгъуызон æфсæддон техникæ дæр.

«Æнæмæлгæ полк»

Æфсæддон парад адарддæр акци «Æнæмæлгæ полк»-ы хайадисджытæй. 7,5 мины бæрц Хуссар Ирыстоны цæрджытæ рахастой, Стыр Уæлахизы хъуыддагмæ сæ бавæрд чи бахастой, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уыцы хъæбатыр хайадисджыты къамтæ.

«Æнæмæлгæ полк»-ы разæй хастой Уæлахизы Тырыса. Йæ фыццаг рæнхъыты уыд Президент Бибылты Анатоли, уый хаста йæ фыды æфсымæр Бибылты Суликъойы къам. Акцийы ма хайад райстой Республикæйы Хицауад æмæ Парламенты къухдариуæггæнджытæ, министрадтæ æмæ уагдæтты минæвæрттæ, районты минæвæрттæ.

«Сæрæгас полк –

уæлахизы фæдонтæ»

Ацы акцийы хайадисджытæ та рахастой, 1989 – 2008 азты Гуырдзыстоны фашистон агрессийы рæстæджы йæ цард чи рауæлдай кодта, республикæйы уыцы хъахъхъæнджыты къамтæ, уыцы нымæцы уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхты службæгæнджытæ æмæ сабыр цæрджыты къамтæ.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы аз акцитæ «Æнæмæлгæ полк» æмæ «Сæрæгас полк»-ы хайадисджытæ  кæй уыдысты бæрæг фылдæр. Уый нысан кæны,  не ‘хсæнад йæ зæрдæмæ æввахс кæй исы, æндæр æмæ æндæр рæстæджыты  сæрибары  сæрыл  чи тох кодтой, уыдоны æнæмæлгæ сгуыхтдзинæдтæ.

Уыцы бон ма изæрæй бæрæгбоны цытæн уагъд æрцыд бæрæгбонон концерт «Бал Победы». Мадзæлттæ фесты бæрæгбонон фейерверкæй.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.