Басаст «Новичок»-ы тыххæй

Чехийы президент Милош Земан, телеканалы ныхас кæнгæйæ, фехъусын кодта, зæгъгæ, басæттын хъæуы буарад «Новичок» Чехийы кæй уагътой, уыцы факты тыххæй. «Махмæ уагъд æмæ æфснайд æрцыд «Новичок», кæд чысыл бæрцы, уæддæр», – фехъусын кодта Чехийы лидер.

Фæмард сты сабыр цæрæг сирийæгтæ

АИШ йæ сæргъ кæмæн лæууы, уыцы коалици Хасакейы провинцийы Эль-Фадилы цæрæн пункты авиацæф кæй ныккодта, уый фæстиуæгæн фæмард сты 25 сабыр цæрæджы. Фæмардуæвджыты ‘хсæн сты дыууæ ацæргæ адæймаджы, афтæ ма сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ дæр. Цалдæр цæрæн хæдзары ныппырх сты.

Теракттæ

Ливийы столицæ Триполы Централон æвзарæн къамисы штабмæ боевикты бабырсты рæстæджы фæмард сты 16 адæймаджы, 19 та райстой алыгъуызон травмæтæ. Атакæйы тыххæй бæрндзинад йæхимæ райста «Исламаг паддзахады» террористон къорд.

***

Нигерийы горæт Мубийы дыууæ срæмыгъды амæттæгтæ систы 37 адæймаджы. Фыццаг срæмыгъд айхъуыст аргъуаны  бакуывды фæстæ. Рæмудзæн æрмæг архайдмæ æркодта террорист-химар. Дыккаг боевик та йæхи спырх кодта, фыццаг атакæ кæм æрцыд, уыцы бынатмæ æввахс базары. Цæфтæ та фесты дæсгай адæймæгтæ.

Ацæудзæн йæ бынатæй

Уæрæсейы Олимпион комитеты архайгæ президент Александр Жуков фехъусын кодта, зæгъгæ, уый дыккаг хатт æвзæрст нал æрцæудзæн Олимпион комитеты президентæй, УФ-йы Паддзахадон Думæйы вице-спикеры бынаты йын бирæ куыст кæй ис, уымæ гæсгæ. «Фæстаг рæстæджы дунеон спорты сæвзæргæ вазыгджын уавæры тынг ахсджиаг у, цæмæй Уæрæсейы Олимпион комитеты сæргъ чи слæууа, уый УФ-йы Олимпион комитеты куса æдзухон бындурыл. Ныртæккæ мæнæн ахæм фадат нæй, Паддзахадон думæйы мын бирæ куыст кæй ис, уымæ гæсгæ», – дзырдæуы Жуковы хъусынгæнина-джы.

Сæ фæстæ ныууагътой рæмудзæн æрмæджыты тоннæтæ

Боевиктæй ссæрибаргонд Скæсæйнаг Гутайы сапертæ ссардтой рæмудзæн æрмæджыты тоннæтæ. Сирийаг Думайы сапертæ æрмæстдæр дыууæ къуыримæ уынгты æмæ ныккæндты ссардтой æрдæг тоннæйæ фылдæр рæмудзæн æрмæджытæ, иу минæй фылдæр минæйы æмæ цыппар мины бæрц та хиаразгæ рæмудзæн ифтонгады. Боевикты куы асырдтой, уый фæстæ дæр Скæсæйнаг Гута цæры, топпыхосæй йедзаг боцкъайыл куыд цæрай, афтæ. «Махæн стыр æххуыс кæнынц бынæттон цæрджытæ. Сæхæдæг нæм фæдзурынц ныккæндтæм, цыран мах ссарæм хиаразгæ минæтæ уадзæн æцæг заводтæ. Фæлæ дзы фæсарæйнаг снарядтæ фылдæр ис», – дзуры сапер Нуфаль Ашфур. Горæт Думайы минæтæй сыгъдæг кæнынц æнæ улæфтбонтæй. Æмткæй горæты ми-нæтæй асыгъдæг кæнынæн бахъæудзæн æртæ мæйы бæрц.

Байгом ног порт

Туркменистаны горæт Туркменбашийы Каспийы донбылгæрон цытджын æгъдауæй байгом ног дунеон денджызон порт. Ашхабады куыд нымайынц, уымæ гæсгæ портæн ис стратегион нысаниуæг æппæт Астæуккаг Азийы регионæн æмæ бæстæты ‘хсæн ахастытæ ракæндзæн ног æмвæзадмæ. Республикæйы президент Гурбангулы Бердымухамедовы ныхæстæм гæсгæ, Туркменистан цæттæ у Астæуккаг Азийы бæстæтимæ  портæй спайда кæныны фæдыл æмгуыстады фарстатыл æруынаффæ кæнынмæ. Порты фæзуат у 1,3 квадратон километры, йæ аргъ та у 1,3 миллиард доллары.

Æруромдзæн йæ архайд

Украинæ иу къуырийы æмгъуыдмæ бацæттæ кæндзæн уынаффæ Хæдбар Паддзахадты Æмхæларадæй йæ минæвæртты ракæныны тыххæй. Афтæмæй Украинæйы президенты ныхæстæм гæсгæ, бæстæ æруромдзæн йæ хайадист Æмхæларады координацион органты.

Авиакатастрофæ

АИШ-ы штат Джорджияйы æнæнхъæлæджы æрхауд æфсæддон-транспортон хæдтæхæг С-130, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард сты фараст адæймаджы. Уыдон иууылдæр уыдысты Пуэрто-Рикойы национ гвардийы æфсæддон службæгæнджытæ. Хæдтæхæг æххæст кодта йæ фæстаг тренировкæгæнæн атахт.

Æрхауд уæрæсейаг куынæггæнæг хæдтæхæг

Авари æрцыд Зæххыастæу денджызы акваторийы сæрмæ. Хæдтæхæг ратахт аэродром Хмеймимæй. Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ хæдтæхæг ничи фесхста, гæнæн ис æмæ машинæйы змæлынгæнæгмæ бахауд маргъ. Дыууæ пилоты дæр фæмард сты.

Коллегæты фембæлд

Сочийы УФ-йы æмæ Иорданийы Фæсарæйнаг хъуыддæгы министртæ Сергей Лавров æмæ Айман ас-Сафади сæ фембæлды рæстæджы уынаффæ кодтой ядерон энергийæ сабырадон фадыджы спайда кæныны фæдыл дыууæ бæстæйы æмгуыстады перспективæтыл, афтæ ма ахуырады æмæ гуманитарон фадгуыты æмгуыстадыл дæр. Фембæлды уæлдай хъусдард здæхт æрцыд базарадон-экономикон æмгуыстад фæактивондæр кæныны æнæмæнгхъæуындзинадмæ.

Змисы тымыгъ

Змисы тымыгъы фæстиуæгæн Индийы цæгаттаг штатты фæмард сты 80 адæймагæй фылдæр. Тыхджын дымгæ æд уидæгтæ скъуыдта бæлæсты, пырх кодта хæдзæртты, фæлдæхта электротелты цæджындзтæ. Æрдзон æнамонддзинадæй иууыл тынгдæр бахъыгдард Уттар-Прадешы штат.

Ногæй æвзæрст æрцыд

Махмуд Аббас дарддæр дæр кусдзæн Палестинæйы ссæрибар кæныны организацийы сæргълæууæджы бынаты. «Организацийы æххæсткæнынады уæнгтæ ауынаффæ кодтой кæрæдзиимæ æмæ аскъуыддзаг кодтой Махмуд Аббасы æххæстгæнæн комитеты сæр-дарæй сæвзарыны тыххæй».

Кæнынц боевикты

Сирийы фидыдады фæдыл уæрæсейаг центр байгом кодтой рæстæгмæйон гуманитарон къæлидор боевикты æмæ сæ бинонты уæнгты Мухайям-эль-Ярмукы районæй ракæныны тыххæй. Центры хистæр, инæлар-майор Юрий Евтушенко банысан кодта, зæгъгæ, уæрæсейаг специалисттæ дарддæр баныхæстæ уадзынц боевиктимæ, цæмæй уыдон æрбаиу уой фидыдадмæ.

Фидыдады фæдыл центры уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджытæ Сирийы горæт Марджанийы цæрджытæн бакодтой гуманитарон æххуыс, афтæ ма сын байуæрстой Георгийы ленточкæтæ. Æдæппæтæй цæрджытæн радтой 1,5 тоннæйы хæлцадон продукттæ æмæ иу мины бæрц та Георгийы лентæтæ.

Информацион агентадты

хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.