ФЕМБÆЛД – КРЕМЛЫ

УФ-йы Президент Владимир Путин Кремлы фембæлд ЮНЕСКО-йы генералон директор Одре Азулеимæ. «Мæнæн тынг æхсызгон у уый, æмæ Уæрæсе æмæ ЮНЕСКО-йы ‘хсæн ахастытæ кæй рæзынц. Мах нæхирдыгæй фарс алы хатт дæр æххуыс кодтам организацийæн, афтæ фæнд кæнæм дарддæр дæр», – загъта Путин. «Бар мын радт, æмæ дын равдисон мæ бузныгдзинад, ЮНЕСКО-йы архайды ныр 65 азы дæргъы Уæрæсейæн цы ахсджиаг нысаниуæг ис, уый тыххæй. Мах архайдтам ЮНЕСКО-йы архайд афтæ сорганизаци кæнын, цæмæй фæныллæгдæр уа политикон æндыгъд-дзинад. Ныфс мæ ис ацы здæхтыты архайын», – банысан кодта Одре Азуле.

ТОХ – КОРРУПЦИЙЫ НЫХМÆ

УФ-йы Президент Владимир Путин фехъусын кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы Æдасдзинады органтæ бакодтой 405 уголовон хъуыддаджы коррупцийы ныхмæ архайды фадыджы, ноджы ма 7 мин хъуыддаджы та бакодтой æндæр барадхъахъхъæнæг органтæ Æдасдзинады федералон службæйы æрмæджытæм гæсгæ. Афтæ ма Путин банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы аиуварсгонд терактты нымæц у бæрзонд – азы дæргъы 20 теракты, ацы æмвæзад хъахъхъæд цæуы фæстаг æртæ азы.

ÆРУЫНАФФÆ КОДТОЙ ДЫУУÆВАРСОН ÆМГУЫСТАДЫЛ

УФ-йы премьер-министр Дмитрий Медведев Болгарийæ ацыд Люксембургмæ дыууæбонон официалон визитимæ. Фембæлд ын уыд йæ люксембургаг коллегæ Ксавье Беттелимæ.  Æруынаффæ кодтой экономикон, культурон æмæ гуманитарон фадгуыты дыууæварсон æмгуыстады тыххæй. Баныхæсты хатдзæгтæм гæсгæ, къухтæ фыст æрцыдысты экономикæйы модернизацийы фадыджы æмгуыстады æмæ культурæйы фадыджы æмгуыстады программæ радон æртæазон æмгъуыдмæ адарддæр кæныны тыххæй суагъæйыл.

БАНЫХÆСТÆ

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровæн персаг донбакæлæны цыппар арабаг бæстæтæм йæ балцы рæстæджы баныхæсты сæйрагдæр фарстытæй иу уыд  Арабаг бæстæты лигæмæ Сирийы æрбаздæхыны фарст. Афтæ ма уынффæ цыд мидрегионалон æндыгъд-дзинад æмæ палестинæйаг-израилаг конфликтыл.

КУСЫНЦ ИУГОНД СИСТЕМÆЙЫЛ

БРИКС – Бразили, Уæрæсе, Инди, Китай æмæ Хуссар-Африкæйаг Республикæ æввахс рæстæджы райдайдзысты хисæрмагонд иугонд фидыны системæ BRICS Pay-йыл кусын, кæцыйы руаджы гæнæн уыдзæн балхæд товарты тыххæй кæцыфæнды бæстæйы дæр бафидын. УФ-йы Базарадон-сæудæджерадон палатæйы президент Сергей Катырин куыд радзырдта, уымæ гæсгæ фондз бæстæйы фидæн системæйы æрбаиу кæнын ссис приоритетон проекттæй сæ иу.

ФÆАХХОСДЖЫН КОДТОЙ АИШ-ы

Сирийы Эт-Танфы Иугонд Штаттæ фæсыкк кодтой гуманитарон операци лигъдæтты лагерь «Рукбан»-ы цы æмбæстæгтæ ис, уыдон аирвæзын кæныны тыххæй, – дзырдæуы Уæрæсе æмæ Сирийы æхсæнведомствойон координацион штабты иумиаг хъусынгæнинаджы. Ацы зонæйы АИШ-ы æфсæддон къорды командæкæнынад йæхимæ бæрндзинад нæ райста лигъдæттимæ машинæты колоннæты æдасдзинад сифтонг кæныны тыххæй. Банысанчындæуыд, зæгъгæ, америкæйаг фарс у лагерь «Рукбан»-ы сæвзæргæ гуманитарон катастрофæйы иунæг аххосджын. Уæрæсе æмæ Сирийы координацион штабтæ æрдомдтой Иугонд Штаттæй, цæмæй сликвидаци кæной лигъдæтты лагерь æмæ ссæрибар кæной, уым цы адæм ис, уыдоны.

АХХОСДЖЫН ÆЙ КÆНЫНЦ 31 МИЛЛИАРД СОМЫ АДАВЫНÆЙ

«Газпром межрегионгаз»-ы сæргълæууæджы уынаффæгæнæг Раул Арашуковы фæаххосджын кодтой 31 миллиард сомы адавынæй æмæ фыдракæндон æмæхсæнад саразынæй. «Æрдзон газ адавыны тыххæй уголовон хъуыддаджы фæлгæтты, кæцы «Газпром» лæвæрдта Цæгат Кавказы федералон зылды къорд субъекттæм, Уæрæсейы Фæдагурæн комитеты сæйраг фæдагурæн управлени аххосджын кæны Раул Арашуковы», – загъта Фæдагурæн комитеты официалон минæвар Светлана Петренко.

РАСИДТ ÆРЦЫД НОН-ГРАТЫ ПЕРСОНÆЙÆ

Венесуэлæ нон-граты персонæйæ расидт ацы бæстæйы Германы минæвар Даниел Кринеры æмæ йын радта 48 сахаты бæстæйæ ацæуынæн. Ахæм уынаффæ Каракас рахаста дипломат паддзахады мидæггагон хъуыддæгты йæхи схæццæ кæнынмæ кæй бафæлвæрдта, уымæ гæсгæ.

ÆРЦАХСТА АМЕРИКÆЙАГ ХÆДТÆХÆГ-РАЗВÆДСГАРÆДЖЫ

Иугон Штатты хæдтæхæг-развæдсгарæг æрбатахт Балтийы денджызы сæрмæ уæрæсейаг арæнтæм æввахс. Уæрæсейаг куынæггæнæг хæдтæхæг æрвыст æрцыд америкæйаг хæдтæхæджы æрцахсынмæ. Инцидент фæцис æнæ серьзон фæстиуджытæй. Америкæйаг хæдтæхæг-развæдсгарæг атахт фæстæмæ æмæ уæрæсейаг куынæггæнæг хæдтæхæг раздæхт йæ бынатмæ.

АДÆЙМАДЖЫ ОРГАНТЫ ÆНÆЗАКЪОНОН ЗЫЛДЫ ТЫХХÆЙ

ИНО-йы наркотиктæ æмæ фыдракæнддзинады фæдыл управленийы радзырдтой дунейы адæймаджы органты æнæзакъонон зылды масштабты тыххæй. Банысанчындæуыд, зæгъгæ, ныртæккæ дунейы адæймаджы органты æнæзакъонон зылды руаджы азы дæргъы бакусынц 600 милуан доллары. Уый тыххæй фехъусын кодтой ИНО-йы минæвæрттæ адæмы уæй кæныны проблемæты фæдыл Гватемалайы фыццаг регионалон конгрессы.

ФÆМАРД СТЫ 27 АДÆЙМАДЖЫ

Индонезийы Цæгат Сулавесийы провинцийы æнæ-закъонон сыгъзæрингуыстгæнæн къахæныл сыджыт кæй ралæбырд, уый фæстиуæгæн фæмард сты 27 адæймаджы. Фæлæ нырма пырхæнты бын гæнæн ис уой ноджы дæсгай адæймæгтæ.

Информацион агентадты

хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.