Донецкы иумиагæфсæддон командон ахуыргæнæндоны курсанттæ хайад райсдзысты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизыл 73 азы сæххæсты цытæн Цхинвалы æфсæддон парады. Уый фæдыл фехъусын кодта, дунеон информацион хызæг «Сутник»-ы пресс-центры брифингы рæстæджы, Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны тыхон структурæтæй дарддæр ма æфсæддон парады хайад райсдзысты уæрæсейаг 4-æм æфсæддон базæйы службæгæнджытæ æмæ арæнхъахъхъæнджытæ.

Ныхасгæнæг куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Советон Цæдисы адæмæн фидар дисциплинæ, идейон иудзинад æмæ фæндвидардзинады руаджы адæймагады историйы иууыл тæссагдæр хæсты сæ къухты бафтыд Стыр Уæлахиз. Хъусдард ма аздæхта уыцы-иу рæстæджы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты мысынад рæзгæ фæлтæры хъуыдыйы бафидар кæнынмæ.

«Нæ фыдыфыдтæ махæн дзырдтой хæсты цауты тыххæй, нæ хъуыдыйы æвзæрыд хъайтардзинад æмæ ныфсхастдзинад фронты хайадисджыты уынгæйæ, фæлæ ныртæккæ, хъыгагæн, уыдон нымæц кадавар кæны», – загъта Мария.

Цæмæй нæ зынаргъ ветерантæ зоной, æвзонг фæлтæр сæ хъайтардзинад æмæ сгуыхтдзинæдтæн стыр аргъ æмæ кад кæй кæнынц, уый тыххæй Информаци æмæ мыхуыры комитет Знауыры районы Балтайы хъæуы хъуамæ бабæрæг кæной Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветераны. Уымæн æмæ, йæ ныхæстæм гæсгæ, мах, ирон адæм, сæрыстыр стæм адæмты нымæцмæ гæсгæ Советон Цæдисы Хъайтартæ ирæтты ‘хсæн фылдæр кæй сты.

Комитеты сæрдар зæрдыл æрлæууын кодта, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты тохы быдырмæ Ирыстоны хуссар æмæ цæгат хайæ 110 мин ироны кæй ацыд. Æрмæст Хуссар Ирыстонæй хæстмæ ацыд 21 мин 736 адæймаджы, уыдонæй   фæмард 11 мин адæймаджы, 7 мины та фесты æбæрæгæй сæфт.

Стыр хайбавæрд бахастой Уæлахизмæ, фæсчъылдым сæ тыхтыл чи нæ ауæрста æмæ фронтæн æнæмæнгхъæуæг продукци чи уагъта, уыдон.

Æрмæстдæр, зæгъгæ, нæ фыдыфыдты хъайтар, дзинæдты историтæ ныры фæлтæртæн æмбарын кæнын кæнынц, уыцы хæстон азты куыд уæззау цард уыд. Ныртæккæ цæрæм сабыр, стабилон рæстæджы, уый хорз у, фæлæ уæд цардысты кæрдзыны къæбæрыл.

Хъотайты Мария ма зæрдыл æрлæууын кодта, Кавказ байсыны фæдыл немыцаг æфсады операци кæй фæсыкк, уый. 1943 азы райдианы Сырх  æфсад знаджы тыхтæ æппæрста фæстæмæ. Æрсидт, цæмæй ацы цаутæ хъуыды кæнæм æмæ фæлтæрæй фæлтæрмæ лæвæрд цæуой.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.