ФЕМБÆЛД СОЧИЙЫ

УФ-йы Президент Владимир Путин Сочийы  фембæлд Вьетнамы Коммунистон партийы Централон комитеты генералон секретарь Нгуен Фу Чонгимæ. «Уæрæсе æмæ Вьетнамы ‘хсæн ахастытæ рæзынц æппæт здæхтыты. Мах райгонд стæм æхсæнпаддзахадон ахастыты рæзтæй. Позитивон динамикæ фиппайдæуы политикон архайды, экономикæ, æфсæддон-техникон фадгуыты», – банысан кодта Путин баныхæсты райдианы. Йæ рады, Нгуен Фу  Чонг дæр банысан кодта дыууæ бæстæйы ‘хсæн ахастыты рæзты тыххæй. «Мæ абоны визиты нысан у Уæрæсе æмæ Вьетнамы ‘хсæн æмгуыстады дарддæры рæзтыл æруыенаффæ кæнын», – загъта уый.

СÆ КЪУХТÆ ÆРФЫСТОЙ СРАЗЫДЗИНАДЫЛ

6-æм сентябры Республикæ Абхаз æмæ Сири сæ къухтæ æрфыстой æхсæнхицауадон сразыдзинадыл экономикон, базарадон, зонадон, техникон æмæ культурон æмгуыстады фæдыл сирийаг-абхазаг иумиаг комитет саразыны тыххæй. «Мах нæ хъус дарæм Республикæ Абхазмæ æмæ нæ ныфс ис, Сириимæ уæ ахастытæ кæй ахъаз кæндзысты нæ бæстæты дарддæры рæзтæн. Ныфс нæ ис, дæ визит кæй æрхæсдзæн фæстиуджытæ нæ паддзахадты хæрзиуæгæн», – загъта Сирийы премьер Абхазы президент Рауль Хаджимбаимæ фембæлды рæстæджы. Йæ рады Рауль Хаджимба та банысан кодта, зæгъгæ. «Мах сараздзыстæм цы гæнæн ис, уый, цæмæй нæ ахастытæ рæзой æмæ пайда уой нæ дыууæ бæстæйы адæмæн дæр. Сирийаг æмæ абхазаг адæмы бæтты рагон истории. Нырыккон вазыгджын рæстæджы хъуамæ уæм иумæ».

НАЛ УАДЗДЗÆН ЯДЕРОН ФÆЛВАРÆНТÆ

Цæгат Кореяйы Паддзахадон советы сæрдар Ким Чен Ын ныфс бавæрдта ядерон полигон Пхунгерийы ядерон фæлварæнтæ кæй нал уадздзæн, уымæй, – уый тыххæй журналисттимæ брифингы фехъусын кодта Хуссар Кореяйы президенты администрацийы паддзахадон æдасдзинады управленийы сæргълæууæг Чон Ы Ен. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Ким Чен Ын равдыста йе нæразыдзинад, фæсарæнты Пхунгерийы ядерон полигоны ликвидацийы фæдыл архайдтыты æцæгдзинадыл кæй дызæрдыг кæнынц, уый тыххæй.

АХХОСДЖЫН КÆНЫНЦ ДЫУУÆ УÆРÆСЕЙАГ ÆМБÆСТАДЖЫ

Стырбританийы прокуратурæйы версимæ гæсгæ, раздæры дзырдхæссæг æмæ йæ чызджы Солсберийы фæхъæстæ кодтой Уæрæсейы дыууæ æмбæстаджы – Александр Петров æмæ Руслан Боширов. Скрипалты хъуыддаджы фæдыл лæвæрд æрцыд ордер, зæрдæ кæмæ фехсайдта, уыцы дыууæ уæрæсейаг æмбæстаджы æрцахсыны тыххæй. Стырбританийы прокуратурæйы бамбарын кодтой, зæгъгæ, уыдон цæттæ сты Петров æмæ Бошировы цыппар статьямæ гæсгæ фæаххосджын кæнынмæ.
                             КОНТАКТОН КЪОРДЫ РАБАДТ

Минскы уагъд æрцыд Украинæйы фæдыл контактон къорды фембæлд, цыран Денис Пушилин æрдомдта «скъолайон фидыдады» контролы сæрмагонд мадзалæй баххæст кæнын – диверсион æмæ террористон архайд ма уадзыны тыххæй æмæ йæ фыстæй бафидар кæнын. Киевы ‘рдыгæй нырма ницы реакци ис. Фембæлды Украинæйы  минæвæрттæ не сразы сты иу уысм æмырæй аллæугæйæ Донецкы Адæмон Республикæйы фæмардуæвæг сæргълæууæг Алесандр Захарченкойы ном ссарыныл.

НЫЦЦАВТОЙ БОЕВИКТЫ

Уæрæсейы Уæлдæфон космикон тыхты хæдтæхджытæ ныццавтой «Джебхат ан-Нусра»-йы боевикты. Дыууæ уæрæсейаг Су-34 скуынæг кодтой «Джебхат ан-Нусра»-йы æнæпилотонты æмæ рæмудзæн æрмæджыты цех. Йæ рады, куынæггæнæг хæдтæхæг Су-35С та скуынæг кодта хæсгæ зенитон ракетон колмплексты æфтауцдон. Афтæ ма æхсæвы авиабазæ Хмеймимы зенитон фæрæзтæй куынæг æрцыдысты террористты дыууæ æнæпилотон аппараты. Æдæппæтæй боевикты ныццавтой уæрæсейаг авиацийы цыппар хæдтæхæджы

УРÆД ÆРЦЫД ЧИНОВНИК

Дагъыстаны урæд æрцыд федералон автомобилон фæндæгты управлени «Каспия»-йы дагъыстайнаг филиалы къухдариуæггæнæг Магамедрасул Омаров. Чиновникы аххосджын кæнынц бюджетон фæрæзтæ адавынæй. Омаровы хæдзары æмæ кусæн бынаты уагъд цæуынц басгæрстытæ. Чиновникы хæдзары гаражы ссардæуыд эксклюзивон автомобилты æнæхъæн коллекци.

 «СЕВЕРНЫЙ ПОТОК-2»

5-æм сентябры Финляндийы дæтты  райдыдтой газуадзæн «Северный поток-2»-йы хæтæлтæ æвæрын. Хæтæлтæ æвæрыны размæ нау ифтонг æрцыд æмæ рацыд фæлварæнтæ проекты карз домæнтæ сбæрæг кæныны тыххæй. Нау Solitaire газы хæтæлтæ æвæрдзæн æнæхъæн суткæйы дæргъы æмæ æнæ улæфтбонтæй.

ТАЙФУНЫ ФÆСТÆ – ЗÆХХÆНКЪУЫСТ

Японы тайфун «Джеби»-йы фæстæ уыд тыхджын зæххæнкъуыст, кæцыйы амæттæгтæ систы 16 адæймаджы, 26 адæймаджы нымад цæуынц æбæрæгæй сæфтыл æмæ 300 адæймагæй фылдæр та хъыгдардбаййæфтой хæххон районты зæхх кæй ралæбырд, уый фæстиуæгæн. Сакъадахы ныппырх сты бирæ хæдзæрттæ æмæ фæндæгтæ. Иуæй-иу районты зæххæнкъуысты магнитудæ уыд 7 баллы. Æртæ милуан хæдзары баззадысты æнæ рухсæй.

БАХАСТА БАРАСТКÆНИНÆГТÆ

Владимир Путин Паддзахадон Думæмæ бахаста барасткæнинæгтæ пенсион системæ баххæст кæныны тыххæй. Путин фæндон бахаста къорд мадзалы тыххæй, кæцытæ фадат ратдзысты уыйразмæ райсгæ уынаффæтæ фæлæмгъдæр кæнынæн. Сæрмагондæй, йæ ныхæстæм гæгæ, сылгоймæгтæн пенсийы ацæуыны кар уыдзæн 63 бæсты 60 аздзыдæй. Афтæ ма бирæсывæллонджын мæдтæн бар хъуамæ уа æмгъуыдæй раздæр пенсийы ацæуынæн æмæ Цæгаты бынæттон чысылнымæц адæмæн та хъуамæ хъахъхъæд æрцæуой пенси нысан кæныны уавæртæ æмæ афтæ дарддæр.

ТЕРАКТ

Афганистаны столицæ Кабулы уыд дыууæ теракты, кæцыты фæстиуæгæн фæмард сты 20 адæймаджы æмæ 70 та хъыгдардбаййæфтой.

 

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.