9-æм маймæ Цхинвалы централон уынгты газонтæ æмæ сквертæ æрцæудзысты хæрзвæлыст æмæ горæт бæрæг фæрæсугъддæр уыдзæн, цæмæй æхцондзинад æрхæссой канд Уæлахиз æрхæсджытæн нæ, фæлæ ма бæрæгбоны хайад чи райса, уыдонæн дæр.

Горæты администрацийы пресс-службæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй хæрзарæзтады комбинаты кусджытæ горæты централон уынгты ныссадзысты 30 мин алыгъуызон рæсугъд дидинæджы. «Махæн ис нывæзт, цæмæй 9-æм маймæ горæты стырдæр уынгтæ, уыцы нымæцы Ногдзауты парк дæр, срæсугъд кæнæм. Ныр дыууæ къуырийы бæрц кусæм. Цъус графикæй фæфæстæ стæм, фæлæ нын администрацийæ хæсгонд у, цæмæй 9-æм маймæ горæт дидин кала», – зæгъы ландшафтон дизайнер Пæррæстаты Иринæ.

Уый ма банысан кодта дидинты иу хай æлхæд кæй æрцыд республикæйы фæлгæтты, иннæ хай та бынæттон амалиуæггæнæгæй, кæцы йæхæдæг сарæзта хъæрмуат æмæ уым иу сезонмæ æрзайын кæны 12 минмæ æввахс дидинæджы.

Дизайнер ма куыд загъта, афтæмæй ныр æртыккæгæм аз цæуы горæты ахæм куыст. «Азæй-азмæ хæрзарæзт уынгты нымæц куыд фылдæр кæны, афтæ фылдæр кæны æмæ рæзы ногсагъд иуазон дидинджыты ны-мæц дæр», – загъта Пæррæстаты Иринæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.