УЫНАФФÆ КОДТОЙ ИРАНЫ НЫХМÆ САНКЦИТЫЛ

Уæрæсейы Президент Владимир Путин УФ-йы Æдасдзинады советы æдзухон уæнгтимæ æруынаффæ кодта, Ираны ныхмæ АИШ санкцитæ кæй бакодта, ууыл. Оперативон рабадты иннæ проблематикæ та уыд ОДКБ. Дзырд цыд Астанамæ ацы бонты Путины ацыды тыххæй. Уымæй дарддæр ма уынаффæ кодтой социалон-экономикон цæджы актуалон фарстытыл.

ÆРТÆБОНОН ОФИЦИАЛОН БАЛЦ

УФ-йы Хицауады Сæрдар Дмитрий Медведев æртæбонон кусæгон балцы уыд Китайы. Уым байгом импортон товарты дунеон масштабон равдыст – æппæт дунейæ дзы хайад исынц 40 регионæй 400 мин адæймаджы. Йæ мидис у хуымæтæг –  Китай цæттæ у æлхæнынмæ. Уæрæсемæ та ис, цы ауæй кæна, уый. Дмитрий Медведев æмæ Китайы Адæмон Республикæйы сæрдар Си Цзиньпин иумæ азылдысты æмæ федтой национ павильонтæ. Китай æмæ Уæрæсейы егъаудæр проектты ‘хсæн сты уæрæхфюзеляжон дардмагистралон хæдтæхæг æмæ Тяньваны атомон электростанцы энергоблокты арæзтад. Фæлæ равдысты уæлдай хъусдард здæхт цыд уæрæсейаг продукттæм. Базарадон хæсты æмæ кæрæдзийы ныхмæ фиддонты тыххæй китайаг базарæй цæуынц америкæйаг амалиуæггæнджытæ. Уый та нысан кæны, уæрæсейаг продукцийæн кæй гом кæнынц ног перспективæтæ, уæлдайдæр та сойæ æмæ нæмыгонтæн.

КУСÆГОН БАЛЦ

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров дыууæбонон кусæгон балцы уыд Испаны, цыран фембæлд къарол Филипп  æмæ йæ испайнаг коллегæ Жозеп Боррелимæ. «Мах æруынаффæ кодтам регулярон æмæ интенсивон контакттыл дыууæ æддагведомствоты хаххыл æмæ нæ къухтæ æрфыстам консультациты планыл 2019-2020 азтæн», – загъта уæрæсейаг министр. Лавров фехъусын кодта, зæгъгæ, ма уыдон æруынаффæ кодтой дунеон проблемæтыл, Æввахс Хурыскæсæн, Цæгат Африкæйы, Сири, Ирак, Ливи æмæ Украинæйы уавæрыл.

УРÆД ÆРЦЫДЫСТЫ

Францы барадхъахъхъæнæг органтæ аиуварс кодтой бæстæйы президент Эмманюэль Макроны амарынмæ бафæлвæрд. Ацы резонансон хъуыддаджы фæдыл урæд æрцыдысты æхсæз адæймаджы – фондз нæлгоймаг æмæ иу сылгоймаг, 20 азæй 60 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæ. Зæрдæ кæмæ фехсайдта, уыдонæй иу адæймагмæ ссардтой егъаукалиброн хæцæнгарз. Ныр фæдагурджытæ хъуамæ сбæрæг кæной, ацы къордæй цæуæг тæссагдзинад цас раст у, уый.

УЫДЗÆН САНКЦИТЫ БЫН

Венесуэлæ ноджы иу аз арвитдзæн Евроцæдисы санкциты бын, кæцыты адарддæр кодтой 2019 азы 14 ноябрмæ. Ахæм уынаффæ райста Евроцæдисы совет Брюсселы. «Венесуэлæйы уавæр кæй æвзæрдæр кæны, уымæ гæсгæ совет уынаффæ райста ныртæккæйы санкциты архайд ноджы адарддæр кæнын». Фыццаг хатт Венесуэлæйы ныхмæ санкцитæ бакондæуыд 2017 азы. Уæд эмбарго æвæрд æрцыд хæцæнгарзыл æмæ арæзт æрцыд официалон адæймæгты сау номхыгъд. Афтæ ма Евроцæдис растыл нæ банымадта президент Николас Мадуройы æвзæрстытæн.

ÆРЦАХСТОЙ ТЕРРОРИСТТЫ РАЗДЗОГТЫ

Татарстаны Æдасдзинады федералон службæйы управленийы кусджытæ, мидхъуыддæгты дæлхæйттæ Росгвардиимæ иумæ баурæдтой террористон организаци «Хизб ут-Тахрир аль-Ислами»-йы къордты раздзогты. Фæсарæйнаг кураторты бацамындмæ гæсгæ уыдон Уæрæсейы территорийыл æххæст кодтой антиконституцион архайд «Всемирный халифат»-ы арæзт доктринæмæ гæсгæ, кæцытæ хъавыдысты сæ бынæттæй закъонон хицауады раппарынмæ, уыцы нымæцы террористон амæлттæй дæр. Уымæй дарддæр ма, террористон къордты раздзогтæ куыстой бæстæйы хызæгон æхгæд структурæ саразыныл æмæ скъуыддзаг кодтой хæслæвæрдтæ Æввахс Хурскæсæны бæстæты территорийыл архайæг террористон организацитæ баххæст кæныныл.

НОГ САНКЦИТÆ

5-æм ноябры йæ тыхы бацыд Ираны ныхмæ АИШ-ы бакæнгæ санкциты дыккаг пакет. Санкцитæ сты нефть, финансон æмæ транспортон секторты ныхмæ. Санкциты бынмæ бахаудтой 700 физикон æмæ юридикон цæсгомы. Ирайнаг нефты экспорты фæдыл санкциты бын нæ бахаудтой аст паддзахады – Турк, Китай, Хуссар Корея, Инди, Греци, Итали, Япон æмæ Тайван. Æхсæз мæйы дæргъы ацы бæстæтæн сæ бон уыдзæн Иранæй нефть исын, фæлæ йæ гуырахст фæкъаддæр уыдзæн.

ТЕГЕРАНЫ ДЗУАПП

Уыцы рæстæджы Тегераны фехъусын кодтой, зæгъгæ, сæ нæ тæрсын кæны Вашингтоны экономикон рестрикциты ног уылæн, уымæн æмæ АИШ-ы санкцион политикæ фæкъуыхцы уыдзæн. Ираны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады официалон минæвар Бахрам Касемийы хъуыдымæ гæгæ, АИШ-ы антиирайнаг политикæйæн ис Ираныл психологон æгъдауæй бандавыны нысан. Ирайнаг æддагполитикон ведомствойы нымайынц, зæгъгæ, АИШ санкцитæ кæй сног кодта, уый у ИНО-йы Æдасдзинады советы 2231 резолюци гуымир æгъдауæй фехалын, дунеон бадзырдтæ Вашингтоны ницæмæдард æмæ Иранимæ базарадон-экономикон бастдзинæдты тыххæй æндæр бæстæты бафхæрыныл америкæйæгты бафæлвæрд.

ÆРСИДТ ИНО-мæ

Иран æрсидт ИНО-мæ, цæмæй йæ хъуыды зæгъа АИШ-ы æбæрн ахасты тыххæй. ИНО-йы Ираны æдзухон минæвар Голамали Хошру æрсидт дунеон æмæхсæнадмæ, цæмæй  Тегераны ныхмæ АИШ санкцитæ кæй бакодта, уымæн сдзуапп кæной. «АИШ-ы æбæрн ахаст домы дунеон æмæхсæнады коллективон дзуапп, закъоны уæлиондзинад æмæ дипломати бахъахъхъæныны нысанæн», – банысан кодта минæвар.

 

СНОГ КОДТОЙ ИУМИАГ ÆФСÆДДОН АХУЫРТÆ

АИШ æмæ Хуссар Корея æрдæг азы фæстæ фыццаг хатт райдыдтой денджызон фистæг æфсады иумиаг ахуыртæ. Дзырд цæуы уыцы маневрты тыххæй, кæцытæ дæргъвæтин рæстæджы фæстæдæрмæ æргъæвтой Цæгат Кореяимæ диалоджы рæзты æмæ денуклеаризацийы æмархайды тыххæй. Ахуырты хайад райсдзысты 500 хæстоны. Уымæй дарддæр ма план цæуы фистæг æфсады десантон-штурмон хæстон  машинæты хайадист дæр. «Ацы ахуыртæ здæхт сты дыууæ бæстæйы денджызон фистæг æфсады хæстхъомдзинад сбæрæг кæнынмæ», –  загътой ведомствойы.

ФÆЛВАРЫ СЫГЪЗÆРИНТÆ РАЗДАХЫНМÆ

Венесуэлæйы хицауад Николас Мадуройы сæргълæудæй фæнд кæны йæ райгуырæн бæстæмæ Англисы бангæй 14 тоннæйы сыгъзæрин раздахын, кæцыйы аргъ у 550 милуан доллары. Ахæм уынаффæ райстой, санкциты тыххæй сын сæ куынæуал раздахой, уый тасæй Каракас ныр дыууæ мæйы дæргъы æнæнтыстæй фæлвары сыгъзæрин раздахыныл. Вазыгджындзинæдтæ баст сты фæдзæхсты (гæххæтт) райсынимæ, кæцы æнæмæнгхъæуæг у сыгъзæрин раласыны тыххæй. Ивгъуыд къуыри АИШ-ы президент Дональд Трамп уынаффæ рахаста санкциты тыххæй, кæцытæ сæхгæндзысты Венесуэлæйы сыгъзæрины фæсауæрцтимæ операциты.

ÆРБАТАХТ УÆРÆСЕЙЫ АРÆНТÆМ ХÆСТÆГ

УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады радзырдтой, уæрæсейаг арæнты цур АИШ-ы хæдтæхæг кæй бафиппайдтой, уый тыххæй. Министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 5-æм ноябры райсомæй 10 сахатыл Сау денджызы нейтралон дæтты сæрмæ уæлдæфон тыгъдадыл контролы радгæсон фæрæзтæ сбæрæг кодтой æнæзонгæ уæлдæфон нысан, кæцы æрбаввахс УФ-йы уæлдæфон тыгъдады арæнтæм. Æввахсдæр аэродромæй стахт куынæггæнæг хæдтæхæг Су-27 æнæзонгæ нысан æрцахсыны тыххæй. Куынæггæнæг хæдтæхæг æрбаввахс уæлдæфон наумæ æдас дæрддзæджы æмæ сбæрæг кодта, АИШ-ы денджызон гарзджын тыхты радиотехникон развæдсгæрсты хæдтæхæг кæй у, уый. Куынæггæнæг хæдтæхæджы экипаж фехъусын кодта радиоразвæдсгæрсты америкæйаг хæдтæхæджы идентификацийы тыххæй æмæ йæ фæрсты тахт УФ-йы уæлдæфон тыгъдады арæнтæ æнæфехалгæйæ æмæ æдасдзинады æппæт мадзæлттæ бахъахъхъæнгæйæ. Америкæйаг хæдтæхæг йæ курс куы фæивта УФ-йы уæлдæфон тыгъдады арæнтæй атæхгæйæ, уæд уæрæсейаг куынæггæнæг хæдтæхæг Су-27 раздæхт аэродроммæ.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.