ЭРДОГАН ÆМÆ ПУТИНЫ БАНЫХÆСТÆ

Кремлы уагъд æрцыдысты Уæрæсе æмæ Туркы Президенттæ Владимир Путин æмæ Реджеп Эрдоганы баныхæстæ. Фембæлды сæйрагдæр темæтæй иу уыд Сирийаг фарст æрбæстон кæнын темæ. Туркимæ æмарæн чи кæны, Сирийы уыцы цæгатттаг районты фидæн иууыл тынгдæг катайы æппары Анкарайы. Уым архайæг курдты къордты Турк нымайы тæссагдзинадыл. «Нæ туркаг коллегæтимæ мах хъуамæ  дарддæр дæр тох кæнæм террористты ныхмæ кæм фæнды ма уой, уæддæр, уыцы нымæцы Идлибы зонæйы дæр» – загъта Путин. Мæскуы æмæ Анкарæйы сæйраг хæс у Сирийы сабырад къухты бафтын кæнын æмæ Констиуцион комитет саразын, конфликты æппæт фæрсты йæм æрбакæнгæйæ.

УЫНАФФÆ КОДТОЙ ДЫУУÆВАРСОН АХАСТЫТЫЛ

Владимир Путин телефоны  Болгарийы премьер-министр Бойко Борисовимæ ныхас кæнгæйæ, æруынаффæ кодта дыууæварсон æмгуыстады къорд актуалон фарстытыл, уыцы нымæцы энергетикæйы фадыджы дæр.

БАФÆЛВÆРДТОЙ ПАДДЗАХАДОН ФÆФÆЛДÆХТ САРАЗЫНМÆ

Венесуэлæйы  оппозици бафæлвæрдтай паддзахадон фæфæлдæт саразынмæ. Йæ лидер Хуан Гуайдо, кæцы æрæджы ссис парламенты спикер, йæхи рахуыдта Венесуэлæйы рæстæгæмæйон президент. Уайтагъд йе ‘вварс рахæцыдысты Иугонд Штаттæ æмæ йæ банымадтой Венесуэæлйы президентыл. Вашингтоны ацы хъуыддагмæ æнхъæлмæ кастысты.  Николас Мадуро æрцæугæ цауты нымайы паддзахадон фæфæлдæхтыл æмæ фехъусын кодта, зæгъгæ, Венесуэлæ дипломатон ахастытæ халы Иугонд Штаттимæ. «Америкæйаг дипломаттæ се ‘ппæт дæр хъуамæ ацæуой бæстæйæ 72 сахатмæ», – фехъусын кодта Мадуро. АИШ-ы вице-президент Майкл Пенс Мадуройы рахуыдта диктатор. Гуайдойы æххæстбартæ банымадтой Канадæ, Бразили, Колумби, Аргентинæ, Перу, Парагвай, Коста-Рика, Чили. Мексикæ æмæ Эквадор сæхиуыл фæхæцыдысты. Евроцæдисы  къухдариуæгад æрсидт ног президентон æвзæрстытæ ауадзынмæ. Ацы регионы Мадуройы æвварс официалонæй рахæцыдысты Боливи æмæ Кубæ. Уæрæсе раздæрау Мадуройы нымайы Венсуэлæйы архайæг президентыл. Оппозицион дзыллон информацийы фæрæзтæ куыд хъусын кæнынц афтæмæй ныхмæлæудтыты фæстиуæгæн фæмард сты 26 адæймаджы.

НЫХАС КОДТОЙ ТЕЛЕФОНЫ

Уæрæсе æмæ Венсуэлæйы президенттæ Владимир Путин æмæ Николас Мадуро ныхас кодтой телефоны, кæцыйы рæстæджы уæрæсейаг фарс загъта констиуцион комитеты фæлгæтты уавæр аскъуыддзаг кæнын. Уæрæсейы президент равдыста йæ фарсхæцынад Венесуэлæйы закъонон хицауадæн. Путин банысан кодта, зæгъгæ, «деструктивон æддагон хихæццæ кæнын гуымир æгъдауæй халы дунеон барадон нормæтæ». Мадуро йын радзырдта йæ бæстæйы цауты тыххæй æмæ раарфæ кодлта Уæрæсейæн сæ принципиалон позицийы тыххæй.

ТУРК ÆМÆ КИТАЙ  СТЫ МАДУРОЙЫ ÆВВАРС

Китай æрсидт Венесуэлæйы мидполитикон конфликты æппæт фæрстæм, цæмæй уыдон ралæууой æддагон хихæццæ кæныны ныхмæ æмæ ныхмæлæуд аскъуыддзаг кæной сабырадон æгъдауæй. Туркы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Мевлют Чавушоглу дæр æвзæрыл банымадта кодта Венесуэлæйы миддæггагон хъуыддæгты хи хæццæ кæнын æмæ архайæг президент Николас Мадуройы йæ бынатæй раппарынмæ кæй бахъавыдысты, уымæн.

ДУНЕОН ЭКОНОМИКОН ФОРУМ

Давосы экономикон форум уагъд цæуы егъау базарадон конфликттæ, национ кризистæ æмæ протестон акциты рæстæджы. Уый аххосагæй форуммæ æрцæуын сæ бон не ссис АИШ, Китай, Франц æмæ Стырбританийы лидертæн. Фæкъаддæр  официалон делегациты сконд дæр. Швейцарийы форуммæ йæ визит аивта УФ-йы Энергетикæйы министр Александр Новак, кæцы Довосы хъуамæ фембæлдаид йæ коллегæтимæ Саудоваг Арави æмæ Иугонд Штаттæй. Давосы ацы аз фыццаг хатт сдзырдтой деглобализацийы тыххæй. Йæ куысты дыккаг бон Уæрæсе ссис  сæйраг темæ. Уæрæсейы тыххæй ауагътой дыууæ пленарон сессийы, форумы фæлгæтты бирæнымæц беседтæ нæ нымайгæйæ. Бирæ дзырдтой санкциты тыххæй. УФ-йы «Сбербанк»-ы сæргълæууæг Герман Греф: «Мах 4 азы стæм конкретон санкциты бын. Уæрæсейæн арæнгонд у капиталы базармæ бацыд. Махæн проблемæ ссис дунеон базарæй капитал райсын. Фæлæ уыцы азты сахуыр стæм æмæ æнгомæй кусæм, цæмæй фæкъаддæр кæнæм хисæрмагонд валютон баланстæ».

Реклама СКРИТИКÆ КОДТА «РОСКОСМОС»-Ы КУЫСТ

УФ-йы премьер-министр Дмитрий Медведев æмбырд ауагъта «Роскосмос»-ы рæзты фарсты фæдыл. Хицауады Сæрдар æрсидт паддзахадон корпорацимæ, зæгъгæ, æнæмæнгхъæуæг у коммерциализаци æмæ дунеон базары Уæрæейы хай фæфылдæр кæнын. Уый фехъусын кодта, зæгъгæ, 2019-2021 азты фадыг райрæзын кæныны тыххæй план цæуы бюджетон финанскæнынад 515 миллиард сомы.

07 БРИФИНГ

УФ-йы Хъахъхъæнынады министрад ауагъта брифинг фæсарæйнаг атташетæ æмæ прессæйæн. Брифинг баст уыд 9М729 базырджын ракетæимæ. Уый размæ америкæйаг хицауад фехъусын кодта, зæгъгæ, хæцæнгæрзты ацы хуыз халы астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæты тыххæй Бадзырды уагæвæрдтæ. Америкæйæгтæ не сразы сты брифингмæ æрбацæуыныл. Афтæ ма брифингмæ не ‘рбацыдысты Стырбритани, Франц, Германы æфсæддон атташетæ,  Уæрæсейы Евроцæдисы æмæ НАТО-йы миссийы минæвæрттæ. Брифингы хайад райстой фæсарæйнаг бæстæты дипломатон корпусы 20 минæвары. Уæрæсейаг министрады банысан кодтой, зæгъгæ, сразыдзинад æнæмæнгхъæуæг у дыууæ фарсæн дæр, бадзырдæй рахизыны тыххæй Вашингтоны уынаффæмæ нæ кæсгæйæ.

БАЛТИКÆЙЫ СÆРМÆ ÆРБАТАХТ ХÆДТÆХÆГ-РАЗВÆДСГАРÆГ

Уæрæсейы арæнты цурмæ Балтийы денджызы нейтралон дæтты сæрмæ сбæрæгчындæуыд шведаг хæдтæхæг-развæдсгарæджы. Хæдтæхæджы сбæрæг кæныны тыххæй стахт радгæсон  куынæггæнæг хæдтæхæг Су-27, кæцы æдас дæрддзæгмæ æрбаввахс нысанмæ æмæ сбæрæг кодта уый Швецийы æфсæддон уæлдæфон тыхты хæдтæхæг-развæдсгарæг «Гольфстрим» кæй у, уый, кæцы тахт йæ транспондер нæ баиу кодта, афтæмæй. Фæсарæйнаг хæдтæхæг Уæрæсейы арæнтæй куы атахт, уæд куынæггæнæг хæдтæхæг раздæхт аэродроммæ.

ФÆСАУУОНМÆ ТÆРХОН

Киевы тæрхондон  Украинæйы экс-президент Виктор Януковичæн фæсауонмæ рахаста 13 азы ахæстоны фæбадыны тæрхон паддзахадыл гадзрахатæй рацæуыны тыххæй. Тæрхондон йæ тыхы ныууагъта экс-президенты исады æрцахсты тыххæй уынаффæ.

РАЙСТА РЕЗОЛЮЦИ

Евроцæдисы Парламентон Ассамблея райста резолюци Керчы донкъубалы уавæры тыххæй. «Ассамблея сиды Уæрæсейы Федерацимæ æвæстиатæй украинæйаг æфсæддонты ссæрибар кæнын æмæ сын Женевæйаг конвенцитæм гæсгæ медицинон, юридикон æмæ консулон æххуыс сифтонг кæнын.  Ассамблея ма æрсидт Уæрæсе æмæ Украинæмæ, цæмæй дарддæр мауал æруадзой, конфликт чи карздæр кæны, ахæм цаутæ. Ассамблеяйы резолюцитæн ис рекомендацигæнæн характер æмæ сæ сæххæст кæнын æнæмæнгхъæуæг нæу. Украинæйы делегаци фæлвæрдта барасткæнинаг бахæссынмæ, кæцымæ гæсгæ урæд чи æрцыд, уыцы украинæйаг денджызонтæ нымад æрцыдаиккой «æфсæддон уацайрæгтыл», фæлæ хатдзæгон резолюцимæ нæ бахауд.

 

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.