НЫХАС КОДТОЙ ТЕЛЕФОНЫ

УФ-йы Президент Владимир Путин æмæ Израилы премьер-министр Биньямин Нетаньяху телефоны ныхас кæнгæйæ æруынаффæ кодтой дыууæварсон ахастытыл æмæ дунеон актуалон фарстыты фæдыл. 21 февралы Нетаньяхуйæн плангонд уыд Уæрæсемæ æрцæуын, фæлæ визит хаст æрцыд фæстæдæр æмгъуыдмæ Израилы мидæггагон хъуыддæгты тыххæй.

БАЙГОМ КОДТОЙ ЦЫРТ

21 февралы Владимиры областы Маринкинойы хъæуы цытджын æгъдауæй байгом кодтой ИНО-йы Уæрæсейы æдзухон минæвар Виталий Чуркины цырт,  дипломаты райгуырдыл 67 азы кæй сæххæст, уый сæраппонд. Виталий Чуркины ном сæнусон кæныны тыххæй кусæгон къорды уæнг журналисттæн куыд радзырдта, уымæ гæсгæ дарддæр меценаты тыхтæй план цæуы дипломаты ныййарджыты хæдзары Чуркинты музей байгом кæнын. Виталий Чуркин йæ цардæй ахицæн 2017 азы 20 февралы йæ кусæгон бынаты. Ууыл дыккаг бон сæххæст уыдаид 65 азы.

«САРМАТ»-Ы ФÆЛВАРÆНТÆ

УФ-йы хъахъхъæнынады министрад æрæвнæлдта уæрæсейаг ног æхсæнконтиненталон баллистикон ракетæ «Сармат»-ы фæлварæнты радон этампмæ, – фехъусын кодта Сергей Шойгу. «Сармат»-ы проекты фæдыл фæлварæн-конструкторон куыстытæ райдыдтой 2011 азы. Уый баивдзæн дунейы иууыл уæззаудæр стратегион ракетæ «Воевода»-йы.

СЛÆУДЗÆН ХÆСТОН РАДГÆСАДЫ

Ацы аз декабры мæйы хæстон радгæсад хæссын райдайдзæн фыццаг полк, кæцы хотыхджын уыдзæн ракетæтимæ комплекстæй гиперзæлон базырджын хæстон блок «Авангард». «Хæцæнгарзы хицæн системæтæ ныридæгæн лæвæрд æрцыдысты эксплуатацимæ. Нæ бакуыстытæ сты сæдæ хатты асламдæр, нæ ныхмæ цы системæтæ æвæрынц, уыдонæй æмæ уыцы хъуыддаг фæсарæнты нæ коллегæтæ æмбарынц», – банысан кодта Сергей Шойгу.

АЭРОКОСМИКОН РАВДЫСТ

Индийы йæ куыст райдыдта егъаудæр аэрокосмикон равдыст. Паддзахадон корпораци «Ростех»  дунеон равдыст  «АэроИндия 2019»-ы фæлгæтты равдисдзæн 200 ногдæр æмбæстагон æмæ æфсæддон бакуысты. Равдыст уагъд цæудзæн 20-24 февралы. Баиугонд авиаарæзтадон корпораци равдисдзæн нырыккон уæрæсейаг хæдтæхджытæ. «АэроИндия-2019» суыдзæн сæудæджерады алыгъуызон фадгуыты Уæрæсе æмæ Индийы æмгуыстады ног рæстæг, уыцы нымæцы æмбæстагон фадыджы дæр.

РАХÆЦЫД ПРОЕКТЫ ÆВВАРС

Австри рахæцыд проект «Северный поток-2»-йы æвварс. Вена йæ фæнд нæ аивдзæн Вашингтоны æнæразыдзинадмæ нæ кæсгæйæ, – фехъусын кодта Австрийы канцлер Себастьян Курц. Уый банысан кодта, зæгъгæ, боныфæстагмæ Европæйы ис бæрæг баныхæстæ ацы проекты фæдыл æмæ йæ мах дарддæр дæр размæ кæндзыстæм. Австрийы газ хъæуы хъæрмады, куыстуæтты кондадон архайды тыххæй. Курц банысан кодта, зæгъгæ, Австри  гæнæн ис æлхæдтаид газ АИШ-æй, «фæлæ абоны онг уæрæсейаг аргъ хуыздæр у америкæйаг аргъæй, Уæрæсе махæн у уæлдай химæлвасдæр партнер».

НЫХМÆЛÆУДТЫТÆ КАТАЛОНИЙЫ

Каталонийы «Комитеты защиты республики»-йы змæлды активисттæ сорганизаци кодтой регионы хæдбардзинады фарсхæцджыты куыстурæд. Бынæттон полициимæ протестгæнджыты ныхмæлæудтыты рæстæджы алыгъуызон травмæтæ райстой 50 адæймаджы бæрц, уыдон ‘хсæн сты тыхон структурæты 12 кусæджы æмæ каталонийаг телеканалы журналист. Протестгæнджытæ домынц Каталонийы къухдариуæгады раздæры 12 минæвары ссæрибар кæнын. Каталонийы раздæры сæргълæууæг Карлес Пучдемон æрсидт «æдзухон мобилизацимæ», протестон акциты æвварс рахæцгæйæ.

ÆРСИДТ ГУАЙДОМÆ

Венесуэлæйы президент Николас Мадуро æрсидт оппозицион парламенты спикер Хуан Гуайдомæ, цæмæй бæстæйы ауадза æвзæрстытæ. Мадуройы уырны, зæгъгæ, хъæлæсæппæрсты фæстиуæгæн Венесуэлæйы адæм «раппардзысты, йæхи президентæй чи снысан кодта, уыцы клоуны». Мадуройы ныхæстæм гæсгæ, оппозиционерæн нæй иунæг шанс дæр раст политикон тохы фæуæлахизы тыххæй.

СÆХГÆДТА ДЕНДЖЫЗОН АРÆН

Венесуэлæ Карибаг денджызы сакъадахтимæ сæхгæдта денджызон арæн, кæцытæ сты Нидерландты сконды, – уый тыххæй фехъусын кодта бæстæйы вице-президент Делси Родригес. Уый размæ венесуэлæйаг оппозицийы лидер Хуан Гуайдо фехъусын кодта бæстæмæ сурзæххыл æмæ денджызыл хæлцадон продукттæ æмæ медикаменттæ æрбаласыны плæнтты тыххæй. Венесуэлæйы вице-президент банысан кодта, зæгъгæ, бæстæйы цæрджыты нæ хъæуы гуманитарон æххуыс, æмæ экономикон проблемæтæ та сты æрмæстдæр АИШ-ы санкциты аххосæй. Родригес бацамыдта, зæгъгæ, уый у «шоу, кæцыйы иунæг нысан у Венесуэлæйы бацахсын».

ЗЫНГСИРВÆЗТ

Бангладешы столицæ Даккайы цæрæн хæдзæртты зынгсирвæзт кæй уыд, уый фæстиуæгæн амæттæгты нымæц схызт 81 адæймаджы онг, фæлæ куыд хъусын кæнынц, уымæ гæсгæ фæмардуæвджыты нымæц гæнæн ис ноджы фæфылдæр уа. Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, зынгсирвæзты аххосаг ссис газы баллоны срæмыгъд.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.