СÆВÆРДТА ДИДИНДЖЫТÆ

УФ-йы Президент Владимир Путин хайад райста Ленинграды блокадæ сисыны 75 азы сæххæсты сæраппонд мадзæлтты. Уый дидинджытæ сæвæрдта Санкт-Петербурдæы Пискаревы уæлмæрды мемориалыл. Фæлæ уал уæдмæ æрлæууыд æфсымæрон уæлмæрдтæй сæ иуы цур, цыран ныгæд ис йе фсымæр, кæцы фæмард блокадæйы рæстæджы сывæллоны кары. Ленинграды блокадæ æххæстæй сисыны боны цытæн ма Путин дидинджытæ сæвæрдта Кировскы «Рубежный камень»-ы монументыл

УАГЪД ÆРЦЫД ПАРАД

Санкт-Петербурдæы Галуанон (Дворцовый) фæзуаты уагъд æрцыд æфсæддон парад фашистон блокадæйæ Ленинграды æххæстæй ссæрибар кæныны 75 азы сæраппонд. Цытджын мадзалы æфсæддон маршты зæлты бын фæзуатыл рацыдысты 2,5 мин æфсæддон службæгæнæгæй фылдæр æмæ æндæр тыхон ведомствоты минæвæрттæ, афтæ ма специалон техникæйы 80 иуæджы. Парад райдыдта иу уысм æмырæй алæу-уынæй фæмардуæвæг ленинградæгты æмæ горæт хъахъхъæнджыты рухс нæмттæ æрмысыны тыххæй.

 

САРАЗДЗЫСТЫ БАДЗЫРД

Уæрæсе æмæ Тунис гæнæн ис æхсæнхицауадон къамисы рабадты рæстæджы саразой бадзырд 2019-021 азты базарадон-экономикон æмæ зонадон-техникон æмгуыстады тыххæй, – фехъусын кодта Сергей Лавров. Уый ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Уæрæсе æмæ Тунис хæцынц Сирийы Арабаг паддзахадты лигæмæ раздахыны æвварс. Организацийы Сирийы хайадист сног кæныны æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй дзырдтой Лавров æмæ Тунисы президент.

 

ФÆНД КÆНЫ КЪУЛЫ АРÆЗТАДМÆ ÆРÆВНАЛЫН

АИШ-ы Урс хæдзары фехъусын кодтой Иугонд Штатты президент Дональд Трамп Мексикæйы арæныл кæй фæнд кæны къулы арæзтадмæ æрæвналын демократты позицимæ нæ кæсгæйæ. Къулы арæзтад райдайдзæн 21 боны фæстæ, рæстæгмæйон бюджеты архайды æм-гъуыд куы фæуа, уæд.

НÆ РАЙСТОЙ ХЪУСЫНГÆНИНАГ

ИНО-йы Æдасдзинады совет АИШ-ы позицийы тыххæй нæ райстой хъусын-гæнинаг Венесуэлæйы фæдыл. ИНО-йы Æдасдзинады советы экстренон рабадт уагъд æрцыд АИШ-ы инициативæмæ гæсгæ æмæ баст уыд Венесуэлæйы уавæримæ. Дискусситы рæстæджы иу хъуыдымæ не ‘рцыдысты, иутæ дзырдтой æртхъирæнты æвзагæй, иннæтæ домдтой дунеон барадон нормæтæ бахъахъхъæнын æмæ суверенон бæстæты мидæггагон хъуыддæгты хи ма хæццæ кæнын. ИНО-йы УФ-йы æдзухон минæвар Василий Небензя фехъусын кодта, зæгъгæ, Æдасдзинады советы уæнгты фембæлд Вашингтон ауадзын кодта Венесуэлæйы уавæр дарддæр дестабилизаци кæныны нысанæн, кæцы здæхт у ацы латинагамерикæйаг бæстæйы тыхæй хицауады раивынмæ.

 

НÆ ЙЫН  СРАЗЫ СЫГЪЗÆРИН РАДТЫНЫЛ

Английы банг не сразы Венесуэлæйы президент Николас Мадуройæн 1,2 миллиард доллары аргъ сызгъæрин  радтыныл. Ахæм уынаффæ ист æрцыд АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Майк Помпео æмæ национ æдасдзинады фæдыл АИШ-ы президенты уынаффæгæнæг Джон Болтон сæ бритайнаг коллегæтæм кæй бахатыдысты, уымæ гæсгæ. Уыдон Британийæ æр-домдтой, цæмæй Мадупройы фæндаг сæхгæной фæсарæнты йæ активтæм. Фæсарæнты Венесуэлæйы централон бангы фæсауæрцтæ сты 8 миллиард доллары. Уыдоны иу хай ис Английы бангы.

АЦЫДЫСТЫ ВЕНЕСУЭЛÆЙÆ

Венесуэлæйы президент Николас Мадуро куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ йæ бæстæйæ ацыд америкæйаг дипломатты фæстаг къорд. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый Венесуэлæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрæн бахæс кодта 30 боны дæргъы Вашингтонимæ баныхæстæ райдайын дыууæ бæстæйы интерес чи æвдиса, ахæм офистæ саразыны тыххæй. Николас Мадуро бамбарын кодта, зæгъгæ, минæварадты модель уыдзæн Кубæйы азы дæргъы цахæм уыд, ахæм, кæцытæн дипломатон ахастытæ нæ уыд АИШ-имæ.

НÆ ФÆНД КÆНЫНЦ МИНÆВАРАД СÆХГÆНЫН

Венесуэлæйы АИШ-ы минæварад йæ куыст адарддæр кæндзæн. АИШ-ы паддзахадон департаменты куыд фехъусын кодтой, афтæмæй АИШ нæ фæнд кæны Венесуэлæйы йæ минæварад сæхгæнынмæ æмæ дипломатон ахастытæ фехалынмæ.

ÆРТÆ БÆСТÆЙЫ ХЪУСЫНГÆНИНАГ

Испан, Франц æмæ Герман фехъусын кодтой, зæгъгæ, банымайдзысты венесуэлæйаг оппозицийы лидеры, кæд æмæ бæстæйы архайæг хицауад аст бонмæ нæ фехъусын кæна æвзæрстытæ ауадзыны тыххæй, уæд. Ахæм хъусынгæнинагимæ фыццаг ралæууыд Испаны премьер-министр Педро Санчес æмæ фæстæдæр та ралæууыдысты Франц æмæ Герман.

 

СКРИТИКÆ КОДТА АИШ-Ы

Австрийы президент Александр Ван дер Беллен скритикæ кодта Иугонд Штатты  газуадзæн «Северный поток -2»-йы проекты фæдыл Евроцæдисыл æндæвдады тыххæй. «Америкæйаг хицауад Евроцæдис æмæ хицæн бæстæтæ-уæнгтæм дары колониты ахаст», – загъта уый. Австрийаг президент ма загъта йæ хъуыды, цыма Уæрæсейы дæр ныфс ис Евроцæдис кæй слæмæгъ уыдзæн, уымæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Евро-цæдис йæхи хъуамæ хата ныфсджынæй æддагполитикон аренæйы.

 

РАХИЦÆН КÆНДЗÆН 12 МИЛУАН ЕВРОЙЫ

Германы хицауад райста уынаффæ Ленинграды блокадæйы амæттæгты, афтæ ма ветерантæн госпиталы модернизаци æмæ фембæлдтыты гермайнаг-уæрæсейаг центры саразынæн 12 милуан евройы (895,5 милуан сомы) рахицæн кæныны тыххæй.

 

ФÆМАРД 58 АДÆЙМАДЖЫ

Бразилийы скæсæны кулдыф (дамбæ) кæй атыдта, уый фæстиуæгæн фæмард сты 58 адæймаджы, 250 адæймаджы та нымад цæуынц æбæрæгæй сæфтыл. Амæттæгты нымæц гæнæн ис фæфылдæр уа ирвæзынгæнæн куыстыты рæстæджы, кæцытæ аххæсдзысты цалдæр къуырийы. Инциденты бынаты аирвæзын кодтой 360 адæймаджы, уыдонæй 23 бахаудтой рынчындонмæ.

 

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.