ПУТИН ÆМÆ ДОДОНЫ ФЕМБÆЛД

УФ-йы президент Владимир Путин Кремлы фембæлд Молдовæйы президент Игорь Додонимæ. Уыдон æруынаффæ кодтой дыууæ бæстæйы ‘хсæн базарады фарстыл. Ивгъуыд аз дыууæ бæстæйы ‘хсæн товарты æрзылд фæфылдæр 30 проценты. Дыууæ президенты дзырдтой Молдовæйы парламентон æвзæрстыты тыххæй дæр, кæцытæ уагъд æрцæудзысты 24 февралы. Дыууæ лидеры ма уынаффæ кодтой сæ бæстæты ‘хсæн экономикон æмæ гуманитарон æмгуыстады фарстытыл.

 

НЫХАС КОДТОЙ ТЕЛЕФОНЫ

УФ-йы президент Владимир Путин æмæ Белорусийы президент Александр Лукашенко телефоны æруынаффæ кодтой дыууæфарсон æмгуыстады рæзт æмæ сæрмагонд контактты графикыл.

ФЕМБÆЛД АБУ-ДАБИЙЫ

УФ-йы Æдасдзинады советы нымæрдар Николай Патрушев Абу-Дабийы фембæлд Иугонд Арабаг Эмиратты национ æдасдзинады фæдыл уынаффæгæнæг, принц Тахнун Бен Заед Аль-Нахайянимæ. Уыдон æруынаффæ кодтой Æввахс Хурскæсæны уавæрыл, афтæ ма кæрæдзийæн информаци радтой террористон къордты тыххæй. Уынаффæ кодтой Цæгат Африкæ æмæ Æввахс Хурскæсæны цæуæг цауты тыххæй, сæрмагондæй, Ливи, Йемен æмæ Сирийы уавæрыл. Хицæн хъусдард здæхт æрцыд терроризмы ныхмæ тохы фарстмæ.

ФÆСЫКК КОДТОЙ ФЫДРАКÆНДОН АРХАЙД

Самарæйы областы фæдыл УФ-йы Æдасдзинады федералон службæйы кусджытæ фæсыкк кодтой фыдракæндон къорды архайд, кæцытæ сорганизаци кодтой Уæрæсемæ Евроцæдисы бæстæтæй хæцæнгарз æмæ хæстон æрмæджытæ ласыны канал. Фыдракæндон къорды уæнгтæм ссардæуыд хæцæнгæрзты 33 иуæджы.

УЫНАФФÆ КОДТОЙ ВЕНЕСУЭЛÆЙЫ КРИЗИСЫЛ

Уæрæсе æмæ Францы фæсарæйнаг хъуыддæгты министртæ Сергей Лавров æмæ Жан-Ив Ле Дриан телефоны æруынаффæ кодтой Венесуэлæйы уавæр æрбæстон кæныныл, Европæйы Советы кризисыл æмæ æндæр бæстæты æддагполитикон æмæ хъахъхъæнынадон ведомствоты сæргълæуджыты форматы баныхæстæ сног кæныны тыххæй, афтæ ма уæрæсейаг-францаг дыууæфарсон æмгуыстады дарддæры рæзтыл.

ÆРЦАХСТОЙ СЕНАТОРЫ

УФ-йы Федерацийы Советы Хъæрæсе-Черкесийæ сенатор Рауф Арашуковы баурæдтой Æдасдзинады федералон службæйы Фæдагурæн комитеты æмæ экономикон æдасдзинады службæйы кусджытæ. Арашуковы тыххæй фарстмæ æркæсын уыд сусæггаг. Рабадты райдианы уайтагъд Федерацийы Советы спикер Валентина Матвиенко фехъусын кодта рабадт æхгæд уавæры уадзыны тыххæй. Залмæ æрбацыдысты УФ-йы Генералон прокурор Юрий Чайка æмæ Фæдагурæн комитеты сæргълæууæг Александр Бастрыкин. Чайка сенатортæн бакаст Арашуковы адресыл аххосæгтæ, кæцыты ‘хсæн сты закъазмæ гæсгæ марыны цаутæ æмæ Хъæрæсе-Черкесийы уавæр сдестабилизаци кæнын хицауады раппарынмæ æрсидыны руаджы. Уый фæстæ сенатортæ æмхъæлæсæй схъæлæс кодтой парламентарийæ æнæ-фæцагайгæдзинад сисыны тыххæй. Рауф Арашуков уал ахæстоны уыдзæн  дыууæ мæйы.

Уыцы иурæстæджы Санкт-Петербурджы та урæд æрцыд йæ фыд, «Газпром межрегионгаз»-ы генералон директоры уынаффæгæнæг æмæ Хъæрæсе-Черкесийы парламенты депутат Рауль Арашуков, кæцымæ зæрдæ фехсайдта 30 миллиард сомы аргъ «Газпром»-ы газ адавынæй. Ацы уголовон хъуыддаджы фæлгæтты ма æрцахстæуыд цалдæр адæймаджы.

ФЕМБÆЛД «ЯДЕРНАЯ ПЯТЕРКА»-йы ФÆЛГÆТТЫ

Пекины уагъд æрцыд «ядерная пятерка»-йы минæвæртты фембæлд. Баныхæсты Уæрæсейы фарсæрдыгæй уыд Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Сергей Рябков. Рабадты Рябков æмæ АИШ-ы паддзахадон нымæрдары хæдивæг Андреа Томпсон æруынаффæ кодтой астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæтæ сликвидаци кæныны тыххæй Бадзырды фидæныл. Фæлæ уæрæсейаг фарс куыд банысан кодта, афтæмæй ацы фарст аскъуыддзаг кæныны прогресс къухты нæ бафтыд, фæлæ ацы здæхты куыст дарддæр цæудзæнис.

УАГЪД ÆРЦÆУДЗÆН ДУНЕОН КОНФЕРЕНЦИ

Уругвай æмæ Мексикæйы хицауадтæ сплан кодтой Венесуэлæйы кризис аскъуыддзаг кæныны фæдыл амæлттæ ссарыны тыххæй 7-æм февралы дунеон конференци ауадзын. Уругвайы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнина-джы банысанчындæуыд, зæгъгæ, ацы бæстæты хицауадтæ Венесуэлæйы уавæры фæдыл ахсынц нейтралон позици æмæ организаци кæнынц конференци, ахæм позицийыл хæст бæстæты æмæ дунеон организациты минæвæрттæн.

ФÆЛВАРЫНЦ ТЫХÆЙ СПАЙДА КÆНЫНМÆ

АИШ-ы Венесуэлæйы хъуыддæгты фæдыл бæрнон адæймаг Эллиот Абрамс куыд загъта, уымæ гæсгæ Иугонд Штаттæ гæнæн ис тыхæй спайда кæной Мадуройы ныхмæ, фæлæ уый тыххæй конкретон бон нырма ничи снысан кодта. Оппозицион лидер Гуайдойы æрвыст лæгтæ æрбацыдысты америкæйаг конгрессмæ. Уым сын сенатортæ баныфс æвæрдтой фарсхæцынадæй. Венесуэлæйаг оппозицийы минæвæрттæ уый размæ та ныхас кодтой АИШ-ы вице-президент Майкл Пенсимæ. Афтæ ма Дональд Трамп дыууæ боны размæ фæдзырдта Гуайдомæ æмæ йын раарфæ кодта.

ЕВРОПАРЛАМЕНТ БАНЫМАДТА ГУАЙДОЙЫ

Европарламент банымадта Венесуэлæйы рæстæгмæйон легитимон президент Хуан Гуайдойы. Венесуэлæйы фæдыл резолюци хорзыл нымад æрцыд 31 январы Брюсселы. Европарламент æрсидт Евроцæдисы æппæт бæстæтæм Гуайдойы фарсхæцынады тыххæй иугонд позици бацæттæ кæнынмæ. Европарламенты резолюци у рекомендацигæнæн документ.

 

РАЙСТА УЫНАФФÆ

Болгарийы газтранспортон оператор райста уынаффæ национ газтранспортон системæ Болгари Туркимæ арæнтæй Сербийы арæнты онг рауæрæхдæр кæныны тыххæй. Проектмæ инвестицитæ уыдзысты 2,77 миллиард болгайраг левы. Проектмæ гæсгæ райсдзысты газуадзæн «Турецкий поток»-ыл Уæрæсейæ цæуæг газ. Йæ рады «Газпром» фæцис Сау денджызы бынты денджызон газуадзæн «Турецкий поток»-ы дыууæ хаххы фæдыл куыстытæ. Фыццаг хахх нысан у туркаг базарæн æмæ дыккаг та –  европæйаг базарæн.

ЦÆТТÆ КÆНЫНЦ НОГ ПРОВОКАЦИ

УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад фехъусын кодта, зæгъгæ, Сирийы цæттæ цæуы, ног провокаци химион хæцæнгарзæй спайда кæнгæйæ. «Урс каскæтæ» фæнд кæнынц ацы провокацийæ радон пропагандистон фильм саразын. Сирийаг Идлибы цалдæр рынчындоны сцæттæ кодтой ифтонггæрзтæ инсценировкæтæ сисыны тыххæй. Провокациты организатортæ финанстæ исынц АИШ æмæ Стырбританийæ.

ДЕМОНСТРАЦИ

Венесуэлæйы столицæ Каракасы уагъд æрцыд нефты сæудæджерады кусджыты демонстраци бæстæйы президент Николас Мадуройы фарс рахæцыны сæраппонд. Мингай адæймæгтæ цыдысты уынгты сæ къухты Мадуро æмæ Уго Чавесы портреттæ, афтæмæй.

ПРОТЕСТОН АКЦИ

Берлины центры уагъд æрцыд митинг, Венесуэлæйы   хъуыддæгты Ныгуылæн йæхи кæй хæццæ кæны, уый ныхмæ. «Венесуэлæйæн ис конституци, ис сын хицауиуæгады органтæ æмæ уыдон аскъуыддзаг кæндзысты Венесуэлæйы кризис баныхæсты руаджы æмæ конституцийы бындурыл», – дзырдта акцийы хайадисджытæй сæ иу. Митингы хайадисджыты къухты фенæн уыд Советон Цæдис æмæ Кубæйы тырысатæ.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.