ФЫЦЦАГ ВИЗИТ

УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров фыццаг хатт кусæгон балцы æрцыд Гонконгмæ, цыран уæрæсейаг дипломатæн баныхæстæ уыд Китайы Адæмон Республикæйы ацы специалон административон районы сæгълæууæг Кэрри Ламимæ. Фембæлды райдианы Гонконгы сæргълæууæг банысан кодта 2018 азы хатдзæтæм гæсгæ  уæрæсейаг-китайаг стратегион æмгуыстады ис прогресс.

«ДОНАЛЬД КУК» ÆРБАЦЫД САУ ДЕНДЖЫЗМÆ

Ацы бонты Одессæйы денджызон базарадон портмæ æрбацыд АИШ-ы æфсæддон-денджызон тыхты ракетон эсминец «Дональд Кук», кæцы уым уыдзæн æртæ боны. Эсминец æрбацыд, цæмæй «сæххæст кæна операци денджызы æдасдзинад сифтонг кæныны æмæ ацы регионы стабилондзинад фæбæрзонддæр кæныны фæдыл. Хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады фæдыл Федерацийы Советы комитеты уæнг Франц Клинцевичы хъуыдымæ гæсгæ, эсминецы уæвынад у «АИШ-ы хæстон хъомысад æргомæй равдисын æмæ нын нæ нуæрттыл ахъазынмæ бафæлварын».

ЛÆВÆРД ÆРЦЫД ХЪЫРЫМЫ ИСАДМÆ

Уæрæсейы хицауад кондадон аграрон баиугæнд «Массандра»-йы УФ-йы Президенты хъуыддæгты управленийы дæлбарæй радта Хъырымы паддзахадон хисæрмагонд исадмæ, – уый тыххæй æмбæлон уынаффæйыл йæ къух æрфыста УФ-йы премьер-министр Дмитрий Медведев. «Массандра» у Хъырымы егъаудæр сæнæфсиргуыстгæнæн-сæнуадзæн хæдзарад, кæцыйæн бындур æрæвæрдта æлдар Голицын  1894 азы. Сæйраг заводæй дарддæр ма комплексæн ис аст филиалы, кæцытæй алкæмæндæр ис историон традицитæ.

ИНО-ЙЫ ÆДАСДЗИНАДЫ РАБАДТ

ИНО-йы Æдасдзинады советы æруынаффæ кодтой Венесуэлæйы уавæрыл. ИНО-йы Уæрæсейы æдзухон минæвар Василий Небензя куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ АИШ-æн Венесуэлæйы ис иу нысан: бæстæйы хицауады раивын. Уыцы нымæцы хæстон бабырсты руаджы дæр. Дипломат банысан кодта, зæгъгæ, Мæскуы  Иугонд Штаттæ æмæ Стырбританийæ домы Венесуэлæйы хыгъдтæ 30 миллиард доллары фæстæмæ раздахын.

ХАСТ ÆРЦЫДЫСТЫ САНКЦИОН НОМХЫГЪДМÆ

АИШ-ы финансты министрад Венесуэлæйы санкцион номхыгъдмæ бахаста ацы паддзахады штатты цыппар архайæг губернаторы.  Америкæйаг вице-президент Майк Пенс фехъусын кодта, зæгъгæ, АИШ-ы хицауад фæнд кæны æввахсдæр бонты Венесуэлæйы ныхмæ санкцитæ фæтыхджындæр кæнын.

БАХАТЫДЫСТЫ ДУНЕОН ТÆРХОНДОНМÆ

Колумбийы столицæйы уагъд æрцыд Лимайы къорды бæстæты,  (йе сконды сты Цæгат æмæ Хуссар Америкæйы 14 бæстæйы), фæсарæйнаг хъуыддæгты министрты радон рабадт. Бæстæтæ ралæуыдысты Венесуэлæйы «демократон фæтк фехалыны» ныхмæ æмæ уынаффæ кодтой Николас Мадуройы хицауадыл бандавыны  фарстыл.

ГУМАНИТАРОН ÆХХУЫСЫ УЫДЫСТЫ СÆ ПАЙДА КÆНЫНЫ ÆМГЪУЫД КÆМÆН ФÆЦИС, АХÆМ ПРОДУКТТÆ

Венесуэлæйаг адæмæн Иугонд Штаттæ гуманитарон æххуысы хуызы рарвыстой, сæ пайда кæныны æмгъуыд кæмæн фæцис, ахæм продукттæ æмæ хостæ, – уый тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы Венесуэлæйы минæвар Карлос Рафаэль Фариа Тортоса æмæ банысан кодта, зæгъгæ, официалон Каракас дарддæр дæр нæ фæнд кæны бæстæмæ фæсарæнтæй гуманитарон æххуыс æрбауадзын. «АИШ æрвитынц ахæм продукттæ, кæцыты ничи сбæрæг кæны. Мах куыд базыдтам, уымæ гæсгæ къоппыты уыд, сæ пайда кæнын æмгъуыд кæмæн фæцис, ахæм продукттæ, медикаменттæ æмæ хостæ», – загъта уый.

РЕФЕРЕНДУМ

Кубæйы ног конституци райсыны тыххæй схъæлæс кодтой 6,81 милуан кубæйаджы. Æдæппæтæй номхыгъдмæ хаст æрцыдысты бæстæйы 11,2 милуан æмбæстагæй 8,6 милуан адæймаджы. Референдуммæ рахаст æрцыд æрмæстдæр иунæг фарст – «Ды ратификаци кæныс республикæйы ног конституци?». Ног конституцийы хынцыд æрцыдысты хисæрмагонд исады хайгай банымайын, президент æмæ премьер-министры бынæттæ бакæнын æмæ  президенты бынаты кусын дыууæ æмгъуыдæй фылдæр ма уа бар.

ИНО-ЙЫ ГЕНЕРАЛОН НЫМÆРДАР БАФÆДЗÆХСТА

Венесуэлæйы кризисы фоныл ИНО-йы генералон нымæрдар Антониу Гутерриш банысан кодта, зæгъгæ, номхуындæй, Æдасдзинады советæн ис æххæстбартæ искæцы бæстæйы хæстон æгъдауæй хихæццæ кæнынæн.  «Æнæ ИНО-йы Æдасдзинады советы уынаффæйæ цахæмфæнды хæстон хихæццæ кæнын тæссаг у дунеон фæтк тасы баппарынæн. Нымайын афтæ, æмæ Латинаг Америкæйы хæстон интервенциты рæстæг фæцис», – загъта Гутерриш. Уый банысан кодта, зæгъгæ, хæстон æгъдауæй искæцы бæстæйы хисхæццæ кæнынæн хъуамæ уа серьезон аххосæгтæ – глобалон масштабы сабырдзинад æмæ æдасдзинад бахъахъхъæнын.

НЫППЫРХ КОДТОЙ ТЕРРОРИСТТЫ

Индийы бирæнысанон куынæггæнæг хæдтæхджытæ «Мираж» 2000 ныццавтой террористон къорд «Джаиш-е-Мухаммад»-ы лагерь Кашимиры штаты Пакистанимæ арæныл. Операцийы фæстиуæгæн лагерь æххæстæй куынæг æрцыд, уымæй дарддæр ма фæмард сты бирæ боевиктæ. Индийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фехъусын кодтой, зæгъгæ, скуынæггонд объекттæ уыдысты «Джаиш-е-Мухаммад»-ы егъаудæр лагерь Пакистаны цæгаты горæт Балакоты. Инди æмæ Пакистаны ахастытæ фæкарздæр сты февралы æмбисы Индийы полицийы централон фæсауæрцон тыхты автоколоннæйы террористтæ куы спырх кодтой, уый фæстæ.

ÆРÆППÆРСТОЙ ДЫУУÆ ХÆДТÆХÆДЖЫ

Пакистаны æфсæддон-уæлдæфон тыхтæ æрæппæрстой дыууæ индийаг æфсæддон хæдтæхæджы, кæцытæ фехæлдтой, бæстæйы быцæуаг территорийыл нымад чи у, уыцы уæлдæфон тыгъдад Кашмиры районы. Евроцæдис æрсидт Инди æмæ Пакистанмæ, цæмæй регионы ма æруадзой æндыгъддзинад фæтынгдæр кæнын.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.