ДУНЕОН ХЪАХЪХЪÆНЫНАДОН РАВДЫСТ

Абу-Дабийы уагъд цæуы æдасдзинады хæцæнгæрзты æмæ технологиты дунеон егъаудæр равдыст. Уæрæсейаг делегаци равдыстмæ æрласта хæцæнгæрзты æмæ æфсæддон техникæйы 200 хуызæджы, уыцы нымæцы – танкæтæ, зенитон ракетон комплекстæ, куынæггæнæг хæдтæхджытæ, æфсæддон вертолеттæ, æнæпилотонтæ. Равдысты стыр хъусдард здæхт æрцыд Калашниковы ног автоматмæ. Равдысты конкуренци у тынг карз. Абу-Дабимæ сæ хуыздæр хуызæгтæ æрластой 1100 уадзæджы æппæт дунейæ.

ТРАМПЫ УЫНАФФÆ

АИШ-ы президент Дональд Трамп Майамийы Флоридæйы штаты дунеон университеты раныхас кæнгæйæ, фехъусын кодта, зæгъгæ, Венесуэлæйы æфсæддонтæ оппозицийы фарс куынæ рахæцой, уæд фесафдзысты алцыдæр, уыдон «нал ссардзысты нæдæр æмбæхсæнтæ, нæдæр – æнцон рахизæн». Ахæм сидтимæ раныхас кодта национ æдасдзинады фæдыл АИШ-ы президенты уынаффæгæнæг Джон Болтон дæр.

БАКÆНДЗЫСТЫ СÆУДÆДЖЕРАДОН ЗОНÆ

Египеты план цæуы уæрæсейаг сæудæджерадон зонæ бакæнын, – фехъусын кодта УФ-йы сæудæджерад æмæ базарады министр Денис Мантуров. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, Суэцкы каналы районы сæудæджерадон зонæ саразын сифтонг кæндзæн паддзахадты ‘хсæн традицион базарадон ахастытæй æххæст сæудæджерадон кооперацимæ рахизын.

РЕКОРДОН КОНТРАКТТÆ

Компани-спецэкспортер «Рособоронэкспорт»-ы закъазтæ Индийы схызтысты 10 миллиард доллармæ, уæрæсейаг æфсæддон техникæ балхæныны, æмæ национ индиаг куыстуæтты йæ кондады тыххæй 2018 азы къухтæ цы рекордон контракттыл æрфыстой, уыдоны руаджы. Компанийы куыд фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ уæрæсейаг хуыздæр хъахъхъæнынадон сæудæджерады бакуыстытæ æвдыст æрцæудзысты Бангалоры равдысты 20-24 февралы. Афтæ ма Уæрæсе Индиимæ реализаци кæны егъау æмæ амбициозон проекттæ кондады бæрзондтехнологон фадгуыты.

НОГ КОНТРАКТ

Паддзахадон корпораци «Роскосмос» æмæ америкæйаг компани Space Adventures сæ къухтæ æрфыстой ног контрактыл дунеон космикон станцмæ дыууæ æнæпро-фессионалон космонавты цыбырæмгъуыдон атахты тыххæй, кæцытæ 2021 азы кæронмæ атæхдзысты дунеон космикон станцмæ иу науы. Корпорацийы банысан кодтой, зæгъгæ, фадыджы куыстуæттæ ныридæгæн æрæвнæлдтой нау «Союз МС» æмæ ракетæтæхæсджытæ «Союз» саразынмæ туристты космосмæ атахты тыххæй.

БАДÆТТОЙ ЙЫЛ ХЪАСТ

АИШ-ы 16 штаты хъаст балæвæрдтой президент Дональд Трампы администрацийы ныхмæ. Бынæттон хицауад, уыцы нымæцы Калифорни æмæ Нью-Йоркы штаты къухдариуæгад дæр рацыдысты президенты ныхмæ бæстæйы уæлвæткон уавæры режим расидыны тыххæй. Трамп ахæм къахдзæф райста, цæмæй конгрессæй райса аст миллиард доллары Мексикæимæ арæныл къулы арæзтады тыххæй. Штатты минæвæртты хъуыдымæ гæсгæ, паддзахады сæргълæууæгæн нæй ахæм æххæстбартæ, цæмæй парламенты иувæрсты бюджеты фæрæзтæй спайда кæна.

ИУТЫ ХЪÆУЫ ГАЗ, ИННÆТЫ ТА – ÆХЦА

«Северный поток-2»-йы сырæзтимæ фæуыдзæн «ук-раинæйаг монополи» газы транзиты фадыджы, – загъта австриаг газы концерны сæргълæууæг Райнер Зеле, кæцы хайад исы ацы проекты реализацийы. Проект куы скуса, уæд скæ-сæн-европæйаг бæстæтæн сæ бон нал уыдзæн бæрзонд æргътæ æвæрын газы транзиты тыххæй, кæцыйы схонæн ис позитивон момент, – загъта Зеле. Уый бафиппайдта, зæгъгæ, Евроцæдис æмæ Уæрæсейы ‘хсæн уæвынад кæны бæрæг баланс: иуты хъæуы газ, иннæты та – æхца. Афтæ ма Зеле Уæрæсейы схуыдта газы æууæнкджын æввонггæнæг 50 азы дæргъы.

«СЕВЕРНЫЙ ПОТОК-2»

Германы канцлер Ангела Меркель æдасдзинады фæдыл Мюнхены конференцийы раныхас кæнгæйæ, равдыста йæ катайдзинад газуадзæн «Северный поток-2»-йы арæзтады фарстыл Иугонд Штатты активон æндæвдады тыххæй. «Евроцæдисы интересты нæй Уæрæсеимæ ахастытæ халын. Уый фæдыл катайдзинад æвзæрын кæны АИШ-ы агрессивон политикæ проект «Северный поток-2»-мæ ахасты æмæ ацы уавæры Урс хæдзары дарддæры къахдзæфтæ», – фехъусын кодта уый.

НАЛ АЦÆУДЗÆН ИЗРАИЛМÆ

Холокосты темæ ногæй ссис Израиль æмæ Польшæйы ахастыты æндыгъддзинады аххосаг. Журналисттæ хæстон фыдракæндты полякты хайадисты тыххæй, Нетаньяхуйы ныхæстæ раст кæй фехъусын кодтой, уый расайдта хъаугъа æмæ Варшавæйы æнæразыдзинад. Польшæйы премьер Матеуш Моравецкий аивта йæ балц Иерусалиммæ, цыран уый хъуамæ хайад райстаид саммиты.

ГÆНÆН ИС ВЕНЕСУЭЛÆЙЫ НЫХМÆ БАКОНД ÆРЦÆУОЙ НОГ САНКЦИТÆ

Евроцæдисы дипломатийы сæргълæууæг Федерика Могерини Брюсселы Евроцæдисы советы рабадты фехъусын кодта, зæгъгæ, Евроцæдис гæнæн ис ног санкцитæ бакæна Венесуэлæйы хицауады ныхмæ. «Сау номхыгъдмæ ног адæймæгты бахæссыны фадат ис алыхатт дæр. Кæд æмæ бæстæтæ-уæнгтæ фæндон бахæссой, уæд ыл мах æруынаффæ æмæ схъæлæс кæндзыстæм», – загъта уый. Афтæ ма банысан кодта, зæгъгæ, Венесуэлæмæ Европарламенты депутатты кæй нæ бауагътой, уый нæ бахъыгдардзæн Каракасы Евроцæдисы контактон къорды æмæ регионы къорд бæстæты куыст.

ФÆМАРД 24 АДÆЙМАДЖЫ

Боливийы бæлццæттæласæн автобус æмæ уæзласæн машинæ кæрæдзийыл кæй сæмбæлдысты, уый фæстиуæгæн фæмард сты 24 адæймаджы æмæ 16 та райстой алыгъуызон травмæтæ. Фæндагон-транспортон цауы аххосаг уыд æвзæр боныгъæд, авари кæм æрцыд, уым уыцы бон уарыд тæрккъæвда.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.