КОЛЛЕГÆТЫ ФЕМБÆЛД

УФ-йы Президент Владимир Путин Сочийы фембæлд Австрийы президент Александр Ван дер Белленимæ. Уый у Беллены официалон визит Уæрæсемæ паддзахады сæргълæууæджы бынаты кусгæйæ. Путин Австрийы схуыдта Уæрæсейы ахсджиагдæр партнер. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Мæскуы стыр аргъ кæны проект «Северный поток-2»-мæ ахасты Венæйы фарсхæцынадæн. Уæрæсейы лидер ма банысан кдта, зæгъгæ, Уæрæсе æрдæг æнусæй фылдæр æнæкъуылымпыйæ энергоресурстæй ифтонг кæны Австрийы. Йæ рады, Ван дер Беллен фехъусын кодта, зæгъгæ, Австри ницахæм уавæрты, æгæрыстæмæй, сæ бæстæйы ныхмæ америкæйаг санкцитæ баконд куы æрцæуой, уæддæр нæ рахиздзæн проект «Северный поток-2»-йæ.

ХИДЫЛ АЦЫД ФОНДЗ МИЛУАН МАШИНÆЙЫ

Иу аз сæххæст, Хъырмы хид эксплуатацимæ лæвæрд куы æрцыд, уыцы боныл. Ацы рæстæджы хидыл ацыдысты фондз милуан машинæйы, уыцы нымæцы 500 мин уæзласæн машинæйы æмæ 60 мин автобусы. Уыимæ арæзтады эксплуатаци бафидар кодта проекты тынг хорз гъæд æмæ аразджыты хорз куыст. Автомашинæты хицæуттæ Хъырымы хиды руаджы иу азмæ сэкономи кодтой 16 миллиард сомæй фылдæр, – загъта уый.

ÆРУРÆДТОЙ АВИАБАСТДЗИНАД

Иугонд Штаттæ æрурæдтой Венесуэлæимæ авиабастдзинад. Вашингтоны нымайынц, зæгъгæ, уæвынад кæны тæссагдзинад Венесуэлæмæ æмæ фæстæмæ цæуæг бæлццæттæ, хæдтæхджытæ æмæ экипажы уæнгтæн, æмæ, зæгъгæ, хъæуы АИШ æмæ Венесуэлæйы ‘хсæн æмбæстагон авиацийы æппæт рейстæ æруромын

ХАЙГАЙ РАХЫЗТ ЯДЕРОН БАДЗЫРДÆЙ

Иран официалон æгъдауæй æрурæдта ядерон бадзырды фæдыл хайгай йæ хæстæ æххæст кæнын. Ахæм къахдзæф Иран сарæзта Бадзырд фехалыны тыххæй Вашинг-тоны уынаффæйы æмæ Ираны ныхмæ ног санкцитæ бакæныны тыххæй. Бадзырдыл къухтæ фыст æрцыдысты 2015 азы июлы.

ХЪЫГДАРД БАЙЙÆФТОЙ ПАЛЕСТИНÆЙÆГТÆ

Сектор Газы арæныл израилаг æфсæддонтимæ ныхмæлæудтыты фæцæфтæ сты  60 палестинæйаджы. Анклавы мингай цæрджыты хайадистæй протесттæ баст сты Накбайы  национ катастрофæйы, райгуырæн зæххæй милуан арабæгты фæсурыныл 71 азы бонимæ, кæцы 1948 азы 15-æм майы ссис дзуттаг паддзахады территори. Израилæгтæ куыд хъусын кæнынц, уымæ гæсгæ, протесты акцийы хайадисджытæ сыгътой машинæйы цæлхытæ, æхстой дуртæ æмæ хиаразгæ рæмудзæн æрмæджытæ, фæлвæрдтой арæнгæрон æмбондмæ æввахс æрбацæуынмæ.

МИНÆВÆРТТЫ СИДТ

«Большая семерка»-йы бæстæты минæвæрттæ æрсидтысты Петр Порошенкомæ, цæмæй хицауад радта ногæй сæвзæрстгонд президент Владимир Зеленскимæ. «Большая семерка»-йы æмæ Евроцæдисы минæвæрттимæ фембæлды рæстæджы уынаффæ кодтой йæ президентон рæстæджы сæххæстгонд реформæтæ æмæ фæстиуджытыл. Закъонмæ гæсгæ инаугураци хъуамæ уагъд æрцыдыаид æвзæрстыты фæстиуджытæ официалонæй фехъусын кæныны фæстæ 30 бонмæ. Уый та хауд 3-æм маймæ.

ЙÆ БОН НЕ СУЫДЗÆН ПРОЕКТЫ РЕАЛИЗАЦИ ÆРУРОМЫН

Германы канцлер Ангела Меркель фехъусын кодта, зæгъгæ, Еврокъамисæн йæ бон не суыдзæн газуадзæн  «Северный   поток-2»-йы проекты реализаци æруромын. «Проект хорзыл нымад æрцыд æмæ у райсинаг», – загъта уый. Меркель зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, проекты реализацийы хайад исынц æрмæст гермайнаг нæ, фæлæ французаг, австриаг æмæ нидерландаг компанитæ. Канцлер ногæй банысан кодта, зæгъгæ, Украинæ хъуамæ баззайа уæрæсейаг газы бæстæтранзитæй, «Северный поток-2»-йы уæвынадмæ нæ кæсгæйæ.

АИШ-Ы КОНГРЕССМЕНТЫ СИДТ

Америкæйаг конгрессменты къорд АИШ-ы конгрессы минæвæртты палатæмæ æркæсынмæ рахаста резолюци ахæм сидтимæ, зæгъгæ, Туркы ныхмæ райсын хъæуы æххæст санкцитæ «Санкциты руаджы Америкæйы ныхмæлæуджыты ныхмæ архайдтыты тыххæй» закъоны фæлгæтты. Афтæ ма, зæгъ, Туркы рацух кæнын хъæуы фæндзæм фæлтæры куынæггæнæг-бомбæзгъалæг хæдтæхджытæ саразыны программæйæ кæд æмæ Анкара Уæрæсейæ зенитон-ракетон системæтæ С-400 балхæна, уæд.

БАНЫХÆСТÆ ОСЛОЙЫ

Венесуэлæйы президент Николас Мадуро æмæ оппозицион лидер Хуан Гуайдойы минæвæрттæн Ослойы баныхæстæ уыд бæстæйы карз политикон кризис аскъуыддзаг кæныны тыххæй. Дзыллон информацийы фæрæзтæ куыд хъусын кæнынц, уымæ гæсгæ Ослойы фæрсты фембæлд ныр уагъд æрцыд дыккаг хатт. Баныхæсты фæстиуджыты тыххæй ницы хъусын кæнынц.

СНЫСАН КОДТОЙ ИНАУГУРАЦИЙЫ БОН

Украинæйы Уæлдæр Рада снысан кодта Владимир Зеленскийы инаугурацийы бон, уый тыххæй дзырдæуы Радайы уынаффæйы, кæцыйы тыххæй схъæлæс кодтой 315 депутаты. Райсгæ уынаффæмæ гæсгæ Зеленскийы инаугураци уагъд æрæцæудзæн 20-æм майы Парламенты рабадтыты залы.

АВИАЦÆФ

Арабаг коалици Саудоваг Аравийы сæргълæудæй авиацæф ныккодтой Йемены столицæ Санайы «Ансар Алла»-йы растадонты позициты. Коалицийы хъусынгæнинаджы куыд дзырдæуы, уымæ гæсгæ Санайы хуситты позицитыл, сæрмагондæй æнæпилотонты рауадзæн бынæттыл авиацæфтæ уыдысты дзуаппон къахдзæфтæ дæс боны размæ Лахджы провинцийы Аль-Анды æфсæддон базæйы атакæйæн. Уæд æфсæддон парады рæстæджы фæмард сты йеменаг æфсады æмæ æдасдзинады службæты бæрзонд бынæтты кусæг афицертæ.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.