Комкоммæ эфир

7-æм июны комкоммæ эфир уыд УФ-йы Президент Владимир Путинимæ. Мадзалы рæстæджы видеобастдзинад арæзт æцыд УФ-йы Хицауады уæнгтæ æмæ регионты сæргълæуджытимæ, кæцытæ дзуаппытæ лæвæрдтой Президент æмæ æмбæстæгты фарстытæн. Трансляци цыд 4 сахат æмæ 25 минут. Уыцы рæстæгмæ Путин сдзуапп кодта 79 фарстæн. Æмбæстæгтæ лæвæрдтой алыгъуызон фарстытæ, уыцы нымæцы цæрæнуат, куыстмызд, пенситæ, бензины аргъ кæй фæфылдæр æмæ æндæр ахсджиаг проблемæты тыххæй.

Паддзахадон визит

8-æм июны райдыдта УФ-йы Президент Владимир Путины паддзахадон визит Китаймæ. Пекины Путинæн баныхæстæ уыд Китайы къухдариуæгадимæ. Къухтæ фыст æрцыдысты документты пакетыл, уыцы нымæцы экономикæ, энергетикæ, космос, интеллектуалон бартæ хъахъхъæныны фадыджы æмгуыстады фæдыл ног проекттыл. 9 июны китайаг горæт Циндаойы райдыдта æмгуыстады Шанхайаг организацийы саммит, цыран хайад райсдзысты Владимир Путин æмæ Китайы сæргълæууæг Си Цзиньпин.

Фæаххосджын сæ кодта базарадон ныхдуртæ аразыны

АИШ-ы президент Дональд Трамп фæаххосджын кодта Канадæ æмæ Францы базарадон ныхдуртæ саразыны. «Уæ хорзæхæй, зæгъут Канадæйы премьер-министр Трюдо æмæ Францы президент Макронæн, уыдон егъау фиддонтæ кæй сæвæрдтой АИШ-ыл, уый тыххæй. АИШ-имæ Евроцæдисы базарадон профицит у 151 миллиард доллары æмæ нын Канадæ нæ уадзы нæ фермерты æмæ æндæрты. Æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсын уыдонимæ фембæлынмæ», – банысан кодта Дональд Трамп.

Бахатыдысты АИШ-мæ

Франц, Стырбритани æмæ Герман æрдомдтой, цæмæй америкæйаг администраци ссæрибар кæна европæйаг компаниты Ираны ныхмæ дыккагхаттон санкциты архайдæй. Фыстæгыл йæ къух æрфыста европæйаг дипломатийы сæргълæууæг Федерика Могерини дæр. Фыстæджы бацамынд æрцыд, зæгъгæ, АИШ-ы санкцитæ иумиагæй гæнæн ис æмæ  бандавой европæйаг паддзахадты æдасдзинадыл. «Куыд æввахс æмцæдисонтæ, афтæ мах æнхъæлмæ кæсæм, АИШ дыккагхаттон санкциты экстерриториалон архайдтытæ кæй нæ апарахат кæндзæн европæйаг компанитыл æмæ физикон цæсгæмттыл, АИШ кæй кад кæндзæн нæ политикон уынаффæтæн æмæ экономикон архайды субъекттæн Евроцæдисы территорийыл», – дзырдæуы Франц, Стырбритани æмæ Германы фæсарæйнаг æмæ финансты министрадты сæргълæуджыты фыстæджы.

Евроцæдис фæфылдæр кæндзæн фиддонтæ

Еврокъамис бакæндзæн ног  фиддонтæ  америкæйаг товартыл 1 июлæй фæстæмæ. Ахæм къахдзæф арæзт æрцыд дзуаппæн, Евроцæдисы бæстæтæй æндон æмæ алюминийы продукцийы импортыл АИШ-ы ног тарифтæн. Евроцæдис æмæ Канадæ бахатыдысты дунеон базарадон организацимæ, цæмæй сбæрæг кæной АИШ-ы архайдтытæ закъонон сты æви нæ, уый. АИШ-ы президент Трамп бирæ хæттыты банысан кодта, зæгъгæ, дунеон базарадон организаци æмæ дунеон æндæр организацитæ Америкæйæн ницы хъомыл сты.

Хорзыл æй банымадта

Швецийы хицауад хорзыл банымадта газуадзæн «Северный поток-2»-йы арæзтад Балтийы денджызы сæ бæстæйы экономикон зонæйы. Апрелы мæйы газуадзæны арæзтадæн йæ экономикон зонæйы бар радта Финлянди æмæ марты та – Герман. Газуадзæны компани-операторы ма хъæуы Данийы хицауады барлæвæрд. Уыимæ Германы газуадзæны арæзтад ныридæгæн райдыдта. «Северный поток-2»-йы проекты дæрддзæг уыдзæн 1220 километры УФ-йы донбылгæронæй Германы донбылгæронмæ Балтийы денджызы бынты.

Атахт «Союз»

Казахастаны Байконурæй атахт «Союз-ФГ» танспортон нау «Союз МС-09»-имæ. Науыл сты дунеон космикон станцы дæргъвæтин экспедицийы уæнгтæ – «Роскосмос»-ы космонавт Сергей Прокопьев,   NASA-ы астронавт Ауньен-Чэнселлор æмæ ESA-йы астронавт Александр Герст. Фæндараст сæ кодта «Роскосмос»-ы ног сæргълæууæг Дмитри Рогозин.

Срæмыгъдтытæ

Уыцы иурæстæджы Багдады хурскæсæн хайы Мадинат ас-Садры районы айхъуыстысты дыууæ срæмыгъды, кæцыты фæстиуæгæн фæмард сты авд адæймаджы, 20 адæймаджы та цæфтæ фесты. Фæмардуæвджыты ‘хсæн ис дыууæ сывæллоны. Хъыгдард баййæфтой уырдæм æввахс цалдæр хæдзары. Рæмудзæн æрмæг скуыста аргъуанмæ æввахс.

Фехъусын кодта ног командæкæнынадты тыххæй

НАТО-йы хахъхъæнынады министрады сæргълæууæг Йенс Столтенберг сфидар кодта АИШ æмæ Германы дыууæ ног коман-дæкæнынады саразыны тыххæй плæнттæ, афтæ ма тыхты оперативон цæттæдзинад фæбæрзонддæр кæныны программæ дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, аскъуыддзаг кодтой ног командон структурæ фæтыхджындæр кæнын 1,2 мин адæймагæй фылдæры онг. Столтенберг куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ 2020 азмæ æмцæдисонтæн хъуамæ уа 30 механизацигонд батальоны, 30 уæлдæфон эскадрилийы æмæ 30 хæстон науы.

Дзуаппон мадзæлттæ

RT-йы архайд куы фæкъуындæгдæр кæной, уæд Лондоны реалон къахдзæфтæн уыдзæн дзуаппон фæстиуджытæ Уæрæсейы кусæг бритайнаг дзыллон информацийы фæрæзтæн, – фехъусын кодта «Роскомнадзор»-ы къухдариуæггæнæджы хæдивæг Вадим Субботин. Майы кæрон RT-йы ныхмæ Ofcom бакодта æртæ ног хъуыддаджы, дыууæ – ног хабæртты ныхмæ æмæ иу та –  Crosstalk-ы ныхмæ. Субботины ныхæстæм гæсгæ, уый æвдисæн у уæрæсейаг дзыллон информацийы фæрæзты фæдыл зилын дарддæр дæр кæй кæны, уымæн. УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады официалон минæвар Мария Захарова фехъусын кодта, зæгъгæ, бритайнаг дзыллон информацийы фæрæзтæй иу дæр нал кусдзæн Уæрæсейы кæд æмæ канал сæхгæной, уæд.

Коллегæты фембæлд

Сомихстоны хицауады ныфс ис, æввахс рæстæджы Уæрæсейы минæвæрттимæ бæрзонд æмвæзадыл фембæлд кæй уыдзæн, уымæй. Ахæм хъусынгæнинаг сарæзта Сомихстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Зограб Мнацаканян Сергей Лавровимæ фембæлды рæстæджы. «Мах фæнды æппæт фадгуыты дæр нæ æнгом æмгуыстад ноджы фæарфдæр æмæ фæуæрæхдæр кæнын, уыцы нымæцы ЕАЭС æмæ ОДКБ-йы фæлгæтты дæр»., – загъта Мнацаканян.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.