РХИ-йы Экономикон рæзты министры  фыццаг хæдивæг Тадтаты Дзамболат йæ хыгъды куыд банысан кодта, афтæмæй министрад куыста республикæйы Инвестицион химæлвастдзинад хуыздæр кæныныл, экономикæйы реалон секторы рæзты импортон товарты бынæттон товартæй ивыны фæдыл хæстæ скъуыддзаг кæныныл, æддагэкономиокон бастдзинæдтæ бæстон кæныныл, афтæ ма  кодта закъонфæлдыстадон архайд дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ аивгъуыйгæ азы бакуыст æрцыдысты æмæ РХИ-йы Парламент сфидар кодта 2019 азæн РХИ-йы социалон-экономикон рæзты прогноз æмæ уыцы азæн РХИ-йы экономикон рæзты план.

Хыгъдон рæстæджы мадзæлттæ ист цыд чысыл æмæ астæуккаг бизнесы рæзты фæдыл, æркастæуыд реализаци чи цæуынц, ахæм Инвестицион проекттæ, куыд «Ирыстоны дыргъдæттæ», «Ир-базальт», æмæ «Натурплант»-æн субсидитæй баххуыс кæныны фарстытæм.

Докладгæнæг куыд банысан кодта, афтæмæй чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады рæзты программæйы фæлгæтты æркастæуыд 150 куырдиатмæ, хатырон кредиттæ райсыны тыххæй. Хатырон кредиткæнынадæн ахъаз кæныны фонды хъусдарæг совет равзæрста 52 проекты. Уыдонæй абоны бонмæ æххуыс райстой 49 субъекты. Кредитты фылдæр хай лæвæрд æрцыдысты хъæууон хæдзарадмæ хауæг проекттæн, приоритетондæр здæхтыты – 39 проекты, базарады къабазы – 3, лæггæдты къабазы,  4,4, кондады та – 3.

Хыгъдон æмбырды раныхас кодта Пухаты Эрик æмæ банысан кодта, рахицæнгонд фæрæзтæй нысанмæздæхтæй пайда кæнынмæ хъусдарыны æнæмæнгхъæуындзинад, афтæ ма амалиуæгадæн æххуыс кæнынæн рахицæнгонд фæрæзтæ фæстæмæ раздахыны механизмтæ сифтонг кæнын.

Коллегийы куысты дзырд цыдис паддзахадон унитарон куыстуæтты архайды тыххæй дæр. Ахæм куыстуæтты финансон-хæдзарадон архайдæн анализ куыд фенын кодта, афтæмæй ивгъуыд азы дыккаг æмбисы РХИ-йы Хъалонты комитеты зонæнтæм гæсгæ бюджетмæ сæ фидтонтæй æфтиæгтæ уыдысты 91 490 мин сомы æмæ уый та у, план цас уыди, уымæй 19,5 проценты фылдæр.

Фарсты фæдыл Хицауады Сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, уæвæг паддзахадон унитарон куыстуæттæй бирæтæ сты зианхæссæг æмæ аскъуыддзаг кæнын хъæуы, дарддæр ма архайой, æви нæ, уый тыххæй фарст.

Докладæй куыд бæрæг у, афтæмæй экономикон рæзты министрад стыр куыст бакодта ресурстæй ифтонггæнæг организациты зонæнтæн анализ аразыны фæдыл, цæмæй 2019 азæн коммуналон лæггæдты тарифтæ экономикон æгъдауæй раст нымад æрцыдаиккой.

Докладгæнæджы ныхæстæм гæсгæ æддагэкономикон бастдзинæдтæ рæзын æмæ фидардæр кæныны нысæнттæн куыст цыдис уæрæсейаг æмæ дунеон масштабы мадзæлтты республикон делегациты хайадист организаци кæныны фæдыл, кæцыты фæлгæтты бæстон цыдысты хъуыддагон бастдзинæдтæ æмæ къухты бафтыдысты кæрæдзийæн пайдайы æмгуыстады тыххæй сразыдзинæдтæ. Цæвиттон, ахæм сразыдзинæдтæ арæзт æрцыдысты Тамбовы областы бизнес-æхсæнадимæ, афтæ ма Сириаг Арабаг Республикæйы хицауадимæ дæр.

2019 азы министрады раз æвæрд æрцыдысты ахæм хæстæ, куыд паддзахадон унитарон куыстуæтты куыст оптимизаци кæнын, бизнес кæныны уавæртæ фæ-хуыздæр кæныны фæдыл куыст активондæр кæнын, Инвестицион химæлвастдзинад тыхджындæр кæнын, æддагэкономикон архайды фæдыл куыст активондæр кæнын.

Хицауады Сæрдар Пахаты Эрик хъусдард аздæхта, кæй хъæуы лæмбынæгдæр анализ аразын архайды фæстиуджытæн.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.