РАНЫХАС КОДТА ФОРУМЫ

УФ-йы Президент Владимир Путин раныхас кодта Мæскуыйы уагъдцæуæг форум «Деловая Россия»-йы. Организацийы сконды сты æртæ мин бизнесмены бæрц, æмæ сæ куыстуæтты та кусынц иу милуан адæймагæй фылдæр. Путин йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, æнæ бизнесы хайадистæй абон гæнæн нæ уаид уыцы амбициозон хæстæ, рæзты стратегион нысæнттæ сæххæст кæнынæн, кæцытæ бæрæг æрцыдысты президенты майы барамындты. Уый æрсидт Федерацийы субъекттæм, цæмæй активондæрæй æххуыс кæной бизнесæн, зæгъгæ, амалиуггæнджытæн хъæуы хорз уавæртæ аразын, цæмæй гом кæной модернизацигонд куыстуæттæ.

 

ЯНУКОВИЧЫ ПРЕСС-КОНФЕРЕНЦИ

Украинæйы раздæры президент Виктор Януковичæн уыд пресс-конференци, цыран уый банысан кодта, зæгъгæ, паддзахадон фæфæлдæхты фæстæ фондз азы Украинæйы царды сты иууыл тардæр азтæ. «Мах федтам ахæм процесстæ, кæцытæ æркодтой бирæнымæц уды зиæнттæм. Ацы цаутæн раджы хъуамæ саргъ кодтаиккой, фæлæ Украинæйы хицауад ныртæккæ ис ацы фыдракæндтæ чи сарæзта, уыдоны къухты. Адæмы цард бæрæг фæуæззаудæр, цæрджытæ фæмæгуырдæр сты. Экономикæ хауы, рæзынц хæстæ. Фондз азмæ бæстæйæ ацыдысты 6 милуан цæрæджы», – загъта уый.

МЕДВЕДЧУКЫ НЫХМÆ БАКОДТОЙ УГОЛОВОН ХЪУЫДДАГ

Украинæйы генералон прокуратурæ уголовон хъуыддаг бакодта парти «Оппозиционная платформа  За жизнь»-ы политикон советы сæрдар Виктор Медведчукы ныхмæ, паддзахадыл гадзрахатæй рацæуыны йæ фæаххосджын кæнгæйæ. Генералон прокуратурæ йæ аххосджын кæны 29-æм январы ног оппозицион партийы съезды йæ раныхасы афтæ кæй загъта, зæгъгæ, «æнæмæнгхъæуæг у Донбассы автономон регион саразын йæхи парламент æмæ хицауадимæ. Йæ раныхасы Медведчук скритикæ кодта Украинæйы архайæг хицауады политикæ æппæт здæхтыты дæр æмæ æрбавдыста йæхи программæ, кæцыимæ парти æмæ йæ кандидат Юрий Бойко цæуынц президентон æвзæрстытæм.

ФÆНД КÆНЫНЦ БАДЗЫРД БАХЪАХЪХЪÆНЫН

Цæгататлантикон альянс фæнд кæны астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæты тыххæй Бадзырд бахъахъхъæныны фæдыл куыст адарддæр кæнын, – уый тыххæй фехъусын кодта НАТО-йы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг. «НАТО адарддæр кæндзæн бадзырд бахъахъхъæнын  æмæ хæцæнгæрзтыл контроль кæныны фæдыл куыст, афтæ ма альянс адарддæр кæндзæн ацы здæхты Уæрæсеимæ диалог», – банысан кодта уый.

ЕВРОПАРЛАМЕНТЫ ДЕПУТАТТÆ СКРИТИКÆ КОДТОЙ УКРАИНÆЙЫ

Европарламенты депутаттæ фехъусын кодтой Украинæйы диктатурæ кæй ис, уый тыххæй. Депутат Стивен Вульф Украинæйы оппозицион партийы политсоветы сæрдар Виктор Медведчукы ныхмæ уголовон хъуыддагæн комментаритæ аразгæйæ фехъусын кодта, Украинæйы диктатурæ кæй сфидар, уый тыххæй.

УРÆД ÆРЦЫДЫСТЫ

Уæрæсейы Æдасдзинады федералон службæ мидхъуыд-дæгты министрадимæ иумæ Мæскуыйы регионы территорийыл æмæ Республикæ Дагъыстаны баурæдтой æхсæн-регионалон фыдракæндон æмæхсæнады 30 хайадисæджы, кæцытæ архайдтой Уæрæсейы 20 регионы мæнг æхцатæ аразыныл æмæ сæ реализаци кæныныл. Сæйраджыдæр уыдон арæзтой 5 мин сомы купюрæтæ. Уæрæсейы бангы бæрæггæнæнтæм гæсгæ 2018 азы 9 мæймæ æхцаты æрзылдæй систой 29,7 мин мæнг купюрæйы, афтæ ма фæсарæйнаг æхцатæ дæр.

КОНТАКТОН КЪОРДЫ ФЫЦЦАГ РАБАДТ

Уругвайы уагъд æрцыд Венесуэлæйы фæдыл контактон къорды фыццаг рабадт. Йæ хайадисджытæ куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ уыдон нæ фæнд кæнынц процесстæ кæнæ уынаффæтæ тыхæй хъарын кризисæй рахизыны тыххæй. Кризис хъуамæ аскъуыддзаг кæной сæхæдæг венесуэлæгтæ. Фæлæ махæн ис иу нысан – кризис аскъуыддзаг кæнынмæ сабырадон æмæ политикон уынаффæ бахæссын, – фехъусын кодта фæсарæйнаг хъуыддæгты фæдыл Евроцæдисы уæлдæр минæвар Федерика Могерини. Уыимæ АИШ нæ фæнд кæнынц ацы процессы хайад райсын æмæ æрсидтысты иннæ бæстæтæм дæр, цæмæй хайад ма исой контактон къорды куысты.

АИШ  СÆХИ ЦÆТТÆ КÆНЫНЦ ВЕНЕСУЭЛÆМÆ БАБЫРСЫНМÆ

УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад фехъусын кодта, зæгъгæ, Иугонд Штаттæ сæхи цæттæ кæнынц Венесуэлæйы кризис æрбæстон кæныны фæдыл тыхон сценарийæ спайда кæнынмæ. Афтæ ма Вашингтон ардауы венесуэлæйаг æфсæддонты фыдракæндтæ саразыныл, архайæг хицауадыл гадзрахатæй рацæуыны тыххæй сын амнистийæ баныфсæвæргæйæ.

ЗАГЪТОЙ СЫН СÆ ФÆНДОНЫ ТЫХХÆЙ

УФ-йы Хъахъхъæнынады министрадмæ фæхуыдтой америкæйаг минæварады æфсæддон атташейы. Уымæ лæвæрд æрцæудзæн нотæ, астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæты тыххæй Бадзырды Уæрæсе йæ хайадист кæй æрурæдта, уый тыххæй. Ацы бадзырды тыххæй Вашингтоны нотæ Мæскуы ныридæгæн сахуыр кодта. Уæрæсейы позицийы тыххæй ноджыдæр иу хатт бамбарын кодтой æфсæддон ведомствойы. Уæрæсйы АИШ цæмæй аххосджын кæны, уыдонæн бындур нæй. Уый хыгъд ис бирæ бæл-вырдгæнæнтæ, Иугонд Штаттæ дунеон сразыдзинад кæй халынц, уый тыххæй.

ФРАНЦ ÆМÆ ИТАЛИЙЫ ‘ХСÆН РÆЗЫ ДИПЛОМАТОН ХЪАУГЪА

Франц фæсидт Италийы йæ минæвармæ консультацитæ ауадзыны тыххæй. Дипломатон ведомство банысан кодта, зæгъгæ, фæстаг цалæр мæйы Франц бирæ хæттыты  бахаудта Италийы критикæйы бын. Дзырд цæуы Италийы хицауад «бур жилетты» змæлды æвварс кæй хæцы æмæ Францы президент Эммануэль Макроны кæй критикæ кæны, ууыл. Афтæ ма бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ Италийы премьер-министры хæдивæг Луиджи Ди Майо фембæлд протестон змæлд «бур жилетты» минæвæрттимæ.

АИВТА ЙÆ БАЛЦ

Францы президент Эммануэль Макрон аивта йæ балц æдасдзинады фарстыты фæдыл Мюнхены конференцимæ. Куыд банысанчындæуыд, уымæ гæсгæ Макрон йæ балц аивта газуадзæн «Северный поток-2»-йы проекты реализацийы фарсты фæдыл быцæудзинæдты аххосæй.

АНОМАЛОН УАЗÆЛТТÆ

Хабаровскы крайы уыдысты 50-градусон уазæлттæ. Ахæм аномалон уазæлттæ вæййынц дæс азы иу хатт, кæцытæ Хабаровскы крайы ахæссыдысты иу къуыри, ома, 9 февралы онг.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.