ПУТИН ÆМÆ ПАШИНЯНЫ ФЕМБÆЛД

УФ-йы Президент Владимир Путин Кремлы Сомихстоны премьер-министр Никол Пашиняны йæхимæ райсгæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, уый у Сомихстоны премьер-министры хæстæ æххæстгæнæджы фыццаг визит, республикæйы æвзæрстыты йæ парти куы фæуæлахиз, уый фæстæ. Мæскуы æмæ Ереван хъуамæ бахъахъхъæной æмгуыстад, æдасдзинады, ОДКБ-йы æмæ æндæр интеграцион баиугæндты фæдыл, – фехъусын кодта Владимир Путин фембæлды рæстæджы. Пашинян дæр банысан кодта, зæгъгæ, аргъ кæны дыууæфарсон ахастытæн æмæ Путины фæхуыдта Сомихстонмæ.

КИРИЛЛ ВЫШИНСКИЙЫ ТЫХХÆЙ

«РИА Новости Украина»-йы къухдариуæггæнæг Кирилл Вышинскийы официалон Киев аххосджын кæны паддзахадыл гадзрахатæй рацæуыны æмæ йын ахæстоны бадыны тæрхон адарддæр кодтой ноджы иу мæйы æмгъуыдмæ. Журналист ахæстоны камерæйы баззайдзæн æппынкъаддæрæй 2019 азы 27 январмæ. Мæскуы æрдомдта æвæстиатæй Вышинскийы ссæрибар кæнын, кæцы ахæстоны ис æрдæг азæй фылдæр. Уæрæсейаг дипломаттæ æрсидтысты дунеон структурæтæм, цæмæй бандавой Украинæйы хицауадыл æмæ ссæрибар кæной журналисты.

НОГАЗОН ФИДЫД

Къухты бафтыд Киевæн бауырнын кæнын Донбассы ногазон фидыдады æнæмæнгхъæуындзинад. Уый тыххæй фехъусын кодта Минскы бадзырдты УФ-йы æдзухон минæвар Борис Грызлов. Ногазон фидыд хъуамæ райдайа 2018 азы 29-æм декабрæй. Грызлов банысан кодта, зæгъгæ, ивгъуыд фидыдадты фæлтæрддзинад æвдисæн у уымæн æмæ уыдон алы хатт æххæст кæй нæ цæуынц. Уый фæдыл Мæскуы домы, цæмæй хъахъхъæд цæуа ногазон фидыдад.

«АВАНГАРД»-Ы ФÆЛВАРÆНТÆ

УФ-йы Президент Владимир Путины бардзырдмæ гæсгæ, уæрæсейаг æфсæддонтæ ауагътой комплекс «Авангард»-ы фæлварæнтæ гиперзæлон базырджын хæстон блокимæ, кæцы æххæст æрцыд æнтыстджынæй. Ракетæ сæмбæлд йæ нысаныл Камчаткайы Курайы полигоны. Атахты рæстæджы базырджын блок сарæзта вертикалон æмæ горизонталон маневртæ. Ацы къуыри ма уæрæсейаг æфсæддонтæ æрæвнæлдтой стратегион æнæ-пилотон аппарат «Посейдон»-ы донбын фæлва-рæнтæм. Владимир Путины ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсейы бакуыстгонд ногдæр хæцæнгарз сифтонг кодта бæстæйы æдасдзинад дæсгай азтæй раздæр. Уæрæсейы «Авангард», Посейдон», афтæ ма лазерон комплекс «Пересвет» саразыны тыххæй фехъусынчындæуыд 2018 азы марты мæйы.

КЪУХТÆ ÆРФЫСТОЙ СУАГЪÆЙЫЛ

«Россельхознадзор» æмæ Тайланды хъæууон хæдзарады министрады депарамент æмæ кооперативтæ къухтæ æрфыстой суагъæйыл кæрæдзимæ нæмыгонтæ ласыны æмæ нæмыгон продуктты бакуысты фитосанитарон домæнтæ æмæ гъæд сифтонг кæныны къабазы. Тайланд æрвылаз дæр 1,5 милуан тоннæйы мæнæу æмæ 5-6 милуан тоннæйы нартхор кæй ласы, уый хынцгæйæ, ацы базар фадат ратдзæн уæрæсейаг нæмыгонты продукцийы экспортон потенциал фæфылдæр кæнынæн.

УКРАИНÆЙЫ ÆФСÆДДОН УАВÆРЫ ТЫХХÆЙ

Украинæйы президент Петр Порошенко национ æдас-дзинады советы рабадты фехъусын кодта, бæстæйы цалдæр регионы расидгæ æфсæддон уавæр æруромыны тыххæй. Уый, зæгъ, у мæ принципиалон уынаффæ. Фæлæ уæддæр паддзахадон арæныл раздæрау нæ уадзынц уæрæсейаг нæлгоймæгты, 16 азæй 60 азы онг кæуыл цæуы, ахæмты.

БАХАСТОЙ СÆ САУ НОМХЫГЪДМÆ

Украинæйаг политолог Вячеслав Ковтуны, кæцы арæх хайад фæисы уæрæсейаг телеканалты ток-шоуты, бахастой сайт «Миротворецы» бæрæггæнæнты базæмæ. Банысанчындæуыд, зæгъгæ, Ковтуны сау номхыгъдмæ кæй бахастой, уымæн йæ аххосаг у «Украинæйы ныхмæ пропагандистон уæрæсейаг акциты» хайад кæй исы, уый.

***

Украинæйы сау номхыгъдмæ ма хаст æрцыд австриаг журналист Кристиан Вершютц. Журналист у тынг фæлтæрдджын репортер. Уый æвдыста Югославийы хæст, куыста Украинæйы хуссар-скæсæны. Уый ирдæй равдыста, Хъырымы цæрджыты уавæр хуыздæрырдæм кæй фæивта Уæрæсеимæ æбаиуы фæстæ, кæцы нæ фæцыд Украинæйы зæрдæмæ. Ныр абон австриаг журналист ис Украинæйы знæгты номхыгъды. «Украинæйы архайынц хæстон, ультранационалистон къордтæ, уыдон тæссаг сты уыцы журналисттæн, кæцытæ критикæ кæнынц Украинæйы къухдариуæгады æмæ фæлварынц объективондзинад бахъахъхъæнынмæ», – дзуры Вершютц. Журналист фæтарст æмæ æрсидт æрмæст йæ къухдариуæгадмæ нæ, фæлæ ма Австрийы хицауадмæ дæр.

НÆ СÆ БАУАДЗДЗЫСТЫ СИСТЕМÆТÆМ

Туркы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Чавушоглу фехъусын кодта, зæгъгæ, дзырд дæр нæй ууыл æмæ Турк Иугонд Штаттæн ратдзæн фадат уæрæсейаг зенитон ракетон системæтæ С-400 сахуыр кæнынæн. Уый размæ хъусын кодтой, цыма Турк системæтæ сахуыр кæныны тыххæй йæ фæндон загъта АИШ-æн. Фæлæ Туркы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад нæ бафидар кодта С-400 тыххæй агентады информаци. Иугонд Штаттæ фæлварынц, цæмæй Турк Уæрæсейæ ма балхæна С-400-тæ. Вашингтон бартхъирæн кодта, Анкарайæн F-35 кæй нал ауæй кæндзæн, уымæй.

БАБÆРÆГ КОДТА ИРАКЫ

АИШ-ы президент Дональд Трамп æнæнхъæлæджы бабæрæг кодта Ирак.  Уый у йæ фыццаг визит æфсæддон конфликты зонæмæ. Трамп йæ цардæмбалимæ фембæлд америкæйаг æфсæддон службæгæнджытимæ. Йæ визиты рæстæджы уый фехъусын кодта, зæгъгæ, нæ фæнд кæны Иракы йе ‘фсæддон контингент фæкъаддæр кæнын. Уый ма фехъусын кодта, зæгъгæ, Иугонд Штаттæн сæ бон нал у дарддæр дæр дунеон жандарм уæвын. Трамп Иракæй йæ фæндаг акодта Германы америкæйаг æфсæддон базæ «Рамштайн»-ыл, цыран ныхас кодта афицертæ æмæ æфсæддон службæгæнджытимæ. «Рамштайн»-ы базæ у Европæйы америкæйаг егъаудæр æфсæддон базæтæй иу. Уый ма у Европæйы АИШ-ы уæлдæфон гарзджын тыхты штаб-фатер дæр. Базæйы территорийыл цæрынц 35 мин æфсæддон службæгæнæджы.

ГРИППЫ СЫТЫНГ

Грипп  сытынг Уæрæсейы 24 регионы. УФ-йы санитарон ведомствойы банысан кодтой, зæгъгæ, дыууæ азы онг кæуыл цæуы, уыцы сабиты ‘хсæн гриппы фæтынг фылдæр у Уæрæсейы 12 субъекты.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.