УÆРÆСЕ – СТЫРХÆЛАРАДОН СЫХАГ

Цæгат Кореяйы лидер Ким Чен Ын комментаритæ сарæзта Владивостокы Уæрæсейы Президент Владимир Путинимæ баныхæсты фæстиуджытæн. «Ацы хатт мах стыр æхсызгонæй бабæрæг кодтам хæларадон стыр сыхаджы. Уавæрæй спайда кæнгæйæ мæ фæнды нæ паддзахады, хицауады æмæ адæмы номæй хъарм ныхæстæ зæгъын цытджын господин президентæн æмæ зынаргъ уæрæсейаг хæлæрттæн. Бузныг зæгъын, тынг хорз цы рæстæг арвыстон, уый тыххæй. Ныфс мæ ис, нæ баныхæстæ кæй адарддæр уыдзысты афтæ конкретон æмæ конструктивонæй», – загъта уый.

АРФÆ КÆНЫНЦ ПУТИНÆН

Луганскы æмæ Донецкы Адæмон Республикæты цæрджытæ арфæ кæнынц Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинæн, ацы республикæты хицæн районтæн Уæрæсейы æмбæстагдзинад радтыны фæдыл йæ къух Барамындыл кæй æрфыста, уый тыххæй. «Адæм кæрæдзийæн арфæ кæнынц æмæ бузныг дзурынц Уæрæсейы Федерацийæн», – загъта Донецкы Адæмон Республикæйы сæргълæууæг Денис Пушилин. «Не ‘мбæстæгтæн сæ бартæ сæндидзын кæнын махæн тынг ахсджиаг у.  Уæрæсейы фарсхæцынад бирæтæн у сатæг уæлдæф сулæфыны хуызæн. Республикæйы æмбæстæгты номæй арфæйы ныхæстæ зæгъын Владимир Путинæн ахæм ахсджиаг уынаффæйы тыххæй.  Мах рагæй æнхъæлмæ кастыстæм ацы уынаффæмæ æмæ нын æхсызгон у, уыцы бон кæй æрбалæууыд, уый», – банысан кодта Пушилин.

ЗЕЛЕНСКИЙЫ ХЪУСЫНГÆНИНАГ

Украинæйы президентон æвзæрстыты фæуæлахизы фæстæ Владимир Зеленский сарæзта хъусынгæнинаг украинæйаг æмæ уырыссаг æвзæгтыл, кæцы здæхт уыд УФ-йы Президент Путинмæ. Хъусынгæнинаджы Зеленский комментаритæ сарæзта фæхуымæтæгдæр фæткы уæрæсейаг паспорттæ Украинæйы æмбæстæгтæн дæттыны фæдыл, афтæ ма фехъусын кодта, уæрæсейаг президентимæ фембæлынмæ цæттæ кæй у, уый тыххæй. Зеленскийы хъуыдымæ гæсгæ, уæрæсейаг хицауадæн сæ къухты нæ бафтдзæн уæрæсейаг паспорттæй бирæнымæц украинæ-йæгты «фæрæдийын кæнын».

УКРАИНÆЙЫ ‘РДЫГÆЙ НÆЙ АКТИВОН АРХАЙДТЫТÆ

Амынæтты баивыны фæдыл Украинæйы ног сæвзæрстгонд президент Владимир Зеленскийы хъусынгæнинаджы тыххæй среакци кодтой дыууæ республикæйы. «Киевы ‘рдыгæй мах уынæм æрмæстдæр хъусынгæнинæгтæ æмæ лозунгтæ», – загъта Луганскы Адæмон Республикæйы омбудсмен Ольга Кобцева. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Минскы бадзырдты фæлгæтты Луганскы Адæмон Республикæйæ бирæ хæттыты æрвыст æрцыдысты амынæтты номхыгъдтæ, фæлæ Украинæйы ‘рдыгæй ницахæм активон архайдтытæ уыд.

ПУШКОВЫ ДЗУАПП ЗЕЛЕНСКИЙÆН

Федерацийы советы уæнг Алексей Пушков комментаритæ сарæзта Украинæйы ног сæвзæрст президент Владимир Зеленскийы хъусынгæнинагæн, ома, украинæйæгты нæ хъæуынц уæрæсейаг паспорттæ, уымæн æмæ, зæгъ, уыдонæн Киев дæтты «ныхасы сæрибардзинад æмæ интернет». «Кæд æмæ Зеленский сæрибардзинадыл дзурæг у, уæд уый ма хъуамæ дзура Украинæйы æмбæстæгты бæсты, уыдоны цы хъæуы æмæ цы нæ хъæуы, уый тыххæй. Уыдон æй сæхæдæг æнæ Зеленский дæр аскъуыддзаг кæндзысты, цы сæ хъæуы, уый. Уый бæсты ахъуыды кæнæт, Украинæйы 1,2 милуан æмбæстаджы цæмæн ацыдысты Польшæмæ «сæрибар» Украинæйæ, 3 милуан украинæйаджы цæмæн кусынц Уæрæсейы, æмæ Донбассы та рады цæмæн слæууыдысты уæрæсейаг паспорттæм, уый тыххæй», – ныффыста Twitter-ы Пушков.

ФЕХЪУСЫН КОДТА БАДЗЫРДÆЙ РАХИЗЫНЫ ТЫХХÆЙ

АИШ-ы президент Дональд Трамп фехъусын кодта хæцæн-гарзæй базар кæныны тыххæй дунеон бадзырдæй рахизыны тыххæй. «Æз официалонæй абон хъусын кæнын, зæгъгæ, АИШ йæ къух исы ацы рæдыд сразыдзинадыл», – фехъусын кодта америкæйаг лидер. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Вашингтон бадзырдæй рахизыны тыххæй официалон хъусынгæнæн арвитдзæн ИНО-мæ. Хæцæнгарзæй базар кæныны тыххæй дунеон бадзырд йæ тыхы бацыд 2014 азы декабры мæйы. Æмбæлон резолюцийы проекты тыххæй ИНО-йы схъæлæс кодтой 154 паддзахады, 23 бæстæйы, уыцы нымæцы Уæрæсе, Китай æмæ Инди сæхиуыл фæхæцыдысты. Иран, Цæгат Корея æмæ Сири та схъæлæс кодтой йæ ныхмæ.

СКРИТИКÆ КОДТОЙ АИШ-ы УЫНАФФÆ

Евроцæдисы скритикæ кодтой АИШ-ы уынаффæ хæцæнгарзæй базары тыххæй дунеон бадзырдæй рахизыны тыххæй. АИШ дунеон бадзырды ратификаци куы æрурома, уæд зиан æрхæсдзæн хæцæнгæрзтæ æнæзакъонæй зилыны ныхмæ тох кæныны процессæн, – фехъусын кодтой европæйаг дипломатон службæйы. Уым куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ 28 паддзахады-уæнгтæ æрбаиу сты сразыдзинадмæ æмæ фæнд кæнынц йæ нысæнттæ йын сæххæст кæнынмæ æмæ бадзырды æппæтиумиаг ратификацимæ. Брюссель ма æрсидт æппæт паддзахадтæм сразыдзинадмæ æрбаиу уæвыны тыххæй. Евроцæдисы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, æрвылаз дæр дунейы æхсæнгæрзты амæттæгтæ свæййынц 500 мин адæймаджы.

ТРАМПЫ ФÆНДОН

АИШ-ы президент Дональд Трамп фæндон бахаста, цæмæй Иугонд Штаттæ, Уæрæсе æмæ Китай «нæ» зæгъой ядерон хæцæнгарзæн. «Æз мæ хъус дардтон Уæрæсейы æмæ Цæгат Кореяйы лидерты фембæлдмæ, цыран Президент Путин фехъусын кодта, зæгъгæ, йын æхсызгон у Ким Чен Ын-имæ фембæлд æмæ йын Цæгат Кореяйæн баххуыс кæныны фадат кæй ис, уый. Махæй алкæйы дæр фæнды æмæ хъуамæ фервæзæм ядерон хæцæнгарзæй. Уæрæсе дзы хъуамæ фервæза, Китай дæр дзы хъуамæ фервæза», – загъта уый.

РАХИЗДЗЫСТЫ АМЕРИКÆЙАГ ПАДДЗАХАДТЫ ОРГАНИЗАЦИЙÆ

Венесуэлæйаг хицауад фехъусын кодта, зæгъгæ, сæ бæстæ нал у америкæйаг паддзахадты организацийы уæнг. Венесуэлæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Хорхе Арреас фæаххосджын кодта ацы структурæйы, зæгъгæ, уымæй пайда кæнынц регионы паддзахадон фæфæлдæхтытæ саразыны тыххæй. Каракас организацийæ рахизыны тыххæй куырдиат барвыста дыууæ азы размæ. Бæстæйы президент Николас Мадуро банысан кодта, зæгъгæ, йæ бæстæ «организацийы скондмæ никуыуал æрбаздæхдзæн». «Мах ссæрибар стæм АИШ-ы колониты министрадæй, демократон принциптæ æмæ дунеон барты хихæццæ кæныны институтæй», – загъта уый.

ФÆМАРД СТЫ 16 АДÆЙМАДЖЫ

Шри-Ланкайы скæсæн хайы горæт Сейнтамарутуйы хæдзæрттæй сæ иуы æфсæддонтæ æмæ террористон къорды уæнгтимæ æхстыты рæстæджы фæмард сты 16 адæймаджы, уыдонæй 6 уыдысты сывæллæттæ. Уымæй дарддæр ма Шри-Ланкайы æфсæддон-денджызон тыхтæ Коломбойы æфсæнвæндаджы станцмæ æввахс баурæдтой æртæ нæлгоймаджы рæмудзæн æрмæгимæ. 

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.