НЫХАС КОДТОЙ ТЕЛЕФОНЫ

УФ-йы Президент Владимир Путин телефоны ныхас кодта йæ французаг коллегæ Эмманюэль Макронимæ. Уыдон æруынаффæ кодтой сирийаг фарст æрбæстон кæныны фæдыл гуманитарон аспекттыл. Афтæ ма дыууæ паддзахады сæргълæуджытæ уынаффæ кодтой къорд дунеон æмæ регионалон актуалон проблемæтыл. Уый размæ фехъусынчындæуыд, зæгъгæ, Мæскуы æмæ Париж сорганизаци кодтой иумиаг проект Сиримæ гуманитарон æххуыс ласыны тыххæй. Ацы проектмæ гæсгæ УФ-йы æфсæддон космикон тыхты хæдтæхæг «Руслан» Ан-124 французаг аэропорт «Шатору»-йæ Сирийы Хмеймимы аэродроммæ фæхæццæ кодта 44 тоннæйы гуманитарон уæзтæ. Гуманитарон æххуыс райсдзысты Скæсæйнаг Гутайы цæрджытæ.

ÆРЦАХСТОЙ АХУЫРГОНДЫ

Ахст æрцыд «Роскосмос»-ы ЦНИИмаш-ы кусæг Виктор Кудрявцев. Информацимæ гæсгæ, 74 аздзыд ахуыргонд ныртæккæ ис «Лефортово»-йы фæдагурæн изоляторы. Кудрявцевы бауæрдтой УФ-йы Уголовон Кодексы 275-æм статьямæ гæсгæ (Паддзахадыл гадзрахтæй рацæуын)   ЦНИИмаш-ы баджигул кæныны фæстæ. Мæскуыйы цур Королевы басгæрстытæ уыдысты уæрæсейаг сусæггонд бакуыстытæ фæсарæнтæм адæттыны фæлгæтты. Афтæ ма баджигул кодтой иртасæн-аналитикон центр «Роскосмос»-ы офисы директор Дмитрий Пайсоны дæр. Уый куырдиат ныффыста куыстæй ацæуыны тыххæй. Фæлæ уал нырма уый цæуы ацы хъуыддаджы фæдыл куыд æвдисæн, афтæ. Ныртæккæ уагъд цæуынц æнæмæнгхъæуæг фæдагурæн архайдтытæ. Ноджы сгæрст цæуынц фадыджы 10 кусæджы ныгуылæйнаг спецслужбæтимæ æмгуыстад сбæрæг кæныны тыххæй. Ныгуылæйнаг спецслужбæтæ базыдтой «уæлдай сусæггаг»-ы грифы бын уæрæсейаг сæуæджерады гиперзæлон бакуыстыты фæстиуджыты тыххæй.

УЫНАФФÆ КОДТОЙ ÆМГУЫСТАДЫЛ

УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров телефоны ныхас кодта АИШ-ы паддзахадон секретарь Майк Помпеоимæ.  Уыдон æруынаффæ кодтой Сирийы уавæрыл, уыцы нымæцы Уæрæсе æмæ АИШ-ы æндæр бæстæтимæ гæнæнуæвæг æмархайды тыххæй Сирийы гуманитарон проблемæтæ аскъуыддзаг кæныны фæдыл, афтæ ма Кореяйы æрдæгсакъадахы денуклеаризацийы фарстыл дæр.

САРÆЗТА ХЪУСЫНГÆНИНÆГТÆ

Италийы вице-премьер Маттео Сальвини газет The Washington Post – æн йæ интервьюйы рæстæджы сарæзта хъусынгæнинаг Украинæ æмæ Хъырымы фæдыл. «Майданы цаутæ сты мæнг революци, кæцыйы тыххæй æхцатæ бафыстой фæсарæнтæй, хъырымæгтæн бар уыд референдум ауадзынæн Уæрæсемæ æрбаиу уæвыны тыххæй», – загъта уый. Дзырд цыд антиуæрæсейаг санкциты тыххæй æмæ йæм журналисткæ Веймаут райдыдта провокацион фарстытæ дæттын.

КЛИМКИНЫ РЕАКЦИ

Украинæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Павел Климкин комментаритæ сарæзта Италийы премьер-министр Маттео Сальвинийы хъусынгæнинæгтæн. Климкин фехъусын кодта, зæгъгæ, Сальвини дзуапп ратдзæн йæ ныхæсты тыххæй. Сальвинийы хъусынгæнинаджы фæдыл уый размæ та Украинæйы Уæлдæр Радайы фæндон рахастой италиаджы сæ бæстæмæ ма уадзыны тыххæй.

 

ФÆНДОН БАХАСТА ДЕНДЖЫЗЫ МИНÆТÆ СÆВÆРЫНЫ ТЫХХÆЙ

Украинаг вице-адмирал, бæстæйы æфсæддон денджызон тыхты экс-командæгæнæг Сергей Гайдук украинæйаг дзыллон информацийы фæрæзтæн фехъусын кодта Азоваг денджызы минæтæ сæвæрыны æнæмæнг-хъæуындзинады тыххæй. Вице-адмиралы ныхæстæм гæсгæ, денджызы сæвæргæ «рæмудзæн æрмæджытæ» фæахъаз уыдзысты Украинæйы æдасдзинадæн уæрæсейаг десанттæй æмæ уæрæсейаг æфсæддон наутæй бахъахъхъæнынæн.

СТЕРДЖЕСЫ «НОВИЧОК» НÆ АМАРДТА

Солсберийы рынчындоны чи амард, уыцы 44 аздзыд сылгоймаг Дон Стерджесы нуæрттæ-æндзыггæнæн буарад «Новичок» нæ амардта, кæд æмæ йæ ацы буарады амæттаг хонынц, уæддæр. Куыд рабæрæг, афтæмæй уый амард дохтырты уынаффæмæ гæсгæ. Уый тыххæй информаци зындгонд ссис тæрхондоны рабадты, кæцы хъуамæ сбæрæг кодтаид сылгоймаджы амæлæты аххосаг. Стерджесы хо фехъусын кодта, зæгъгæ, йæ 8-æм июлы госпиталмæ фæхуыдтой, цыран ын загътой, зæгъгæ, Дон Стерджесы хъуамæ ахицæн кæной рæуджыты аразгæ вентиляцийæ. Сылгоймаджы цард аирвæзын кæныныл дохтыртæ цæмæннæ уал тох кодтой, уый тыххæй йын ничи ницы бамбарын кодта. Уыимæ госпиталы къухдариуæгад ацы факт æмбæхста. Уый хыгъд Стырбританийы хицауад Стерджесы амæлæт уайтагъддæр бабастой Скрипалты хъуыддагимæ.

БАДЗЫРДТОЙ ФИДЫДАДЫЛ

ХАМАС-ы минæвар фехъусын кодта, Израилимæ фидыдад сног кæныны бадзырды тыххæй. Фидыдады тыххæй уынаффæ райсын сæ къухты бафтыд Египет æмæ ИНО-йы архайдтыты руаджы. Уый размæ амардтой израилаг æфсæддон службæгæнæджы,  Газы сектор æхстыты бын бахаугæйæ. Дзуаппæн Израилы æфсæддон-уæлдæфон тыхтæ Газы секторыл бомбæтæ æркалдтой, сатакæ котой 70 нысаны. Афтæ ма фæмард сты цыппар палестинæйа-джы.

РАЦЫДЫСТЫ ДЕЭСКАЛАИЦИЙЫ ЗОНÆЙÆ

Сирийы деэскалацийы зонæйæ раконд æрцыдысты 3 мин сабыр цæрæджы. Уыимæ деэскалацийы хуссар-ныгуылæн хайы Джабайæ Идлибмæ 45 автобусыл сфитонг кодтой æнæзкъонон къордты æмæ сæ бинонты ракæнын, æдæппæтæй 2459 адæймаджы. 27-æм июнæй фæстæмæ Сирийы деэскалацийы хуссар-ныгуылæн хайæ ацыдысты 46154 адæймаджы. Иумиагæй 45 бæстæйы территоритыл регистрацигонд сты 6,9 милуан сирийаг лигъдоны.  Ливан, Турк, Герман, Иордани, Ирак, Египет, Дани æмæ Бразилийæ фæстæмæ сæ Райгуырæн бæстæмæ раздæхын бафæндыд 1, 7 милуан сирийаджы.

СИДЫ СÆМ ФИДЫДАДМÆ

Сирийы фидыдады фæдыл уæрæсейаг центр сиды æнæзакъонон хæстон къордты командиртæм хæстон провокацитæн «нæ» зæгъынмæ æмæ сабырадон æгъдауæй сæ контролы бын цы районтæ сты, уыдоны уавæр æрбæстон кæнынмæ, – хъусын кæны центры къухдариуæггæнæг инæлар-майор Алексей Цыганков.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, хæстон архайдтытæ æруромыны сфидаргонд режиммæ нæ кæсгæйæ, æнæзакъонон хæстон къордтæ дарддæр минометтæй æхсынц цæрæн пунктты æмæ хицауады тыхты позицитæ.

«УКРАИНÆЙЫ ТОХЫ СИМВОЛ»

Украинæйы президент Петр Поршенко украинæйаг боксер Усикы ужлахизæн радта политикон нысаниуæг æмæ йæ схуыдта «Украинæйы тохы символ». Порошенкойæн дзуапп радта Уæрæсейы профессионалон боксы федерацийы вице-президент Андрей Рябинский. «Куыд бафæл-мæцыдыстæм алцы дæр политикæимæ кæй бæттынц, уымæй. Уый сæрхъæндзинад у»!, – банысан кодта уый.

Информацион агентадты

хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.