КОЛЛЕГÆТЫ ФЕМБÆЛД

Уæрæсе æмæ Грецийы хъахъхъæнынады министртæ Сергей Шойгу æмæ Панос Камменос Мæскуыйы æруынаффæ кодтой дунеон æдасдзинады æмæ æфсæддон-техникон æмгуыстады фарстытыл. «Фæнды мæ æруынаффæ кæнын Грецийы территорийыл  НАТО-йы фæсарæйнаг бæстæты контингенты, сæрмагондæй, АИШ-ы  уæвынад кæй фæтыхджындæр, ууыл. Ацы процесс мах уынæм нæ арæнты цур дæр. Абон НАТО-йы æфсæддон активондзинад схызт, уазал хæсты рæстæджытæй фæстæмæ чи нæма уыд, ахæм æмвæзадмæ. Греци алы хатт дæр уыд æмæ ныр дæр у Уæрæсейы ахсджиаг партнер Зæххыастæуденджызон регионы», – загъта Шойгу. Йæ рады Панос Камменос фехъусын кодта, зæгъгæ, Афинты фæнды Уæрæсеимæ æфсæддон-техникон æмгуыстад адарддæр кæнын. Æввахс Хурскæсæн æмæ Зæххы астæу денджызы уавæрыл дзургæйæ, Камменос схуыдта тынг тæссаг, ацы регионты æдасдзинад сифтонг кæныны Уæрæсейы стыр нысаниуæг банысан кæнгæйæ.

 

ÆНХЪÆЛМÆ КÆСЫ ЕВРОПÆЙЫ РЕАКЦИМÆ

Сергей Шойгу ма  йæ грекъаг коллегæ Панос Камменосимæ фембæлды рæстæджы фехъусын кодта, зæгъгæ, Иугонд Штаттæ астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæты ликвидацийы тыххæй Бадзырдæй рахизыны уынаффæ кæй райстой, уый йæ фæстæ расайдзæн серьезон фæстиуджытæ æмæ фыццаг рады Европæйæн. «Мах цымыдис кæнæм Бадзырдæй АИШ-ы рахизыны тыххæй  уынаффæйы фæдыл Европæйы реакцимæ. Фæндид нæ, цæмæй Европæ зона æмæ æмбара уыцы фæстиуджыты тыххæй, кæцытæ уыдзысты Европæйы территорийыл астæуккаг дæрддзæджы ракетæтæ куы равæрой, уæд», – загъта Шойгу.

 

УАДЗЫ КОНСУЛЬТАЦИТÆ

АИШ уадзы консультацитæ европæйаг æмцæдисонтимæ астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæты ликвидацийы тыххæй Бадзырды фæдыл, кæцытæ сидынц Вашингтонмæ, цæмæй ма рахиза ацы бадзырдæй. АИШ-ы хъахъхъæнынады министр Джеймс Мэттис Прагæмæ йæ визиты рæстæджы загъта, зæгъгæ, уыдон консультацитæ уадзынц сæ европæйаг коллегæтимæ. Уый тыххæй, зæгъ, дзырдтон Германы хъахъхъæнынады министримæ æмæ консультацитæ дарддæр кæндзысты. Чехийы премьер-министр Андрей Бабиш фехъусын кодта, зæгъгæ, Бадзырдæй АИШ-ы рахызт у «æвзæр хабар» æмæ гæнæн ис æркæна «уазал хæстмæ». «Мах здæхæм уазал хæсты рæстæ-джытæм. Мах хъуамæ ныхас кæнæм Уæрæ-сеимæ», – банысан кодта Бабиш.

 

БАХÆС КОДТА ДОКЛАД БАЦÆТТÆ КÆНЫНЫ ТЫХХÆЙ

АИШ-ы президент Дональд Трамп бахæс кодта доклад бацæттæ кæнын гæнæнуæвæг дзуаппы тыххæй, ома, астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæты тыххæй Бадзырд Уæрæсе кæй халы, уый фæдыл. Докладыл кусдзысты паддзахадон департаменты, Пентагоны, национ раз-вæдсгæрсты сæргълæуджытæ, афтæ ма финансты æмæ базарады министртæ. Доклад бавыдыст æрцæудзæн АИШ-ы конгрессмæ.

 

КЪУХТÆ ÆРФЫСТОЙ КОНТРАКТТЫ ПАКЕТЫЛ

Уæрæсе æмæ Кубæ сæ къухтæ æрфыстой контрактты пакетыл, кæцыты иумиаг суммæ у 260 милуан долларæй фылдæр. УФ-йы вице-премьер Юрий Борисовы ныхæстæм гæсгæ 100 милуан доллары хардз æрцæудзысты æртæ энергоблокы модернизацийыл. Металлургон заводы модернизацийы дыккаг этапы аргъ уыдзæн 60 милуан доллары бæрц.

 

ИВД ÆРЦЫДЫСТЫ АВД АМЫНÆТЫ

Ацы аз марты мæйы Азовы денджызы украинæйаг арæнхъахъхъæнджытæ баурæдтой кæсагахсæн нау «Норд»-ы. Йæ бортыл уыд 10 адæймаджы. Киев «Норд»-ы фæаххосджын кодта Украинæйы территоримæ бацæуыны фæтк кæй фехæлдта, уымæй. 30-æм октябры уæрæсейаг авд денджызоны ивд æрцыдысты украинæйаг авд денджызоныл. Уæрæсейаг денджызонтæ ныридæгæн сты Хъырымы. Науы капитан Владимир Горбенко, кæцыйы ныхмæ баконд æрцыд уголовон хъуыддаг, баззад Украинæйы. Уæрæсейы адæймаджы барты фæдыл æххæстбарджын Татьяна Москалькова фехъусын кодта, зæгъгæ, архайдзæн йæ раздахыныл. «Абон уыд фыццаг ахсджиаг акци денджызонты баивыны фæдыл. Украинæйы ис кæимæ дзурон æмæ кæимæ кусон, уый», – загъта Москалькова.

 

УРÆД  ÆРЦЫДЫСТЫ

Татарстаны спецоперацийы рæстæджы урæд æрцыдысты террористон къорды авд уæнджы æмæ  се ‘ндæвдады бын чи бахауд, ноджы ахæм 11 адæймаджы. Æдасдзинады федералон службæ куыд хъусын кæны, уымæ гæсгæ боевиктæ план кодтой УФ-йы территорийыл къорд резонансон теракттæ сорганизаци кæнын æмæ Сирийы боевиктæм æрбаиу уæвын. Уымæ гæсгæ, уыдон æрмæст хæцæнгарз нæ фæсауæрц кодтой, фæлæ ма террористон къордмæ хуыдтой радикалон зондылхæст фæсивæды.

 

УАГЪД ÆРЦЫД РАБАДТ

Дунеон фæзуæтты Уæрæсе, Белоруси, Сомихстон, Казахстан æмæ Таджикистаны депутатты æмархайд ссис сæйраг темæ  ОДКБ-йы Парламентон Ассамблеяйы рабадты, кæцы уагъд æрцыд Мæскуыйы. Рабадт уагъта Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Володин. Дзырд цыд, цæмæй коллективон æдасдзинады тыххæй бадзырды организацийы бæстæтæ-хайадисдæжытæ, зæгъæм, ЕÆÆО-йы Парламентон Ассамблеяйы кусгæйæ  ахсой иумиаг позици. Афтæ ма æруынаффæ кодтой æдасдзинады фарстытыл, иууыл фыццаг, террористон организациты иугонд номхыгъд саразыны тыххæй. «Мах ацы документыл куыстам дыууæ азы. Йæ райсынæй арæзт цæуы бындур нæ бæстæты коллективон æдасдзинад сифтонг кæныны тыххæй. Иуæрдыгæй, ОДКБ-йы паддзахадтæ-уæнгты спецслужбæтæн фадат уыдзæн сæ æмархайд ног æмвæзадмæ ракæнынæн. Иннæрдыгæй, иуварс кæнæм закъондæттынадон цух-дзинæдтæ», – банысан кодта Вячеслав Володин.

 

ЦÆТТÆ  КÆНЫНЦ  НОГ  ПРОВОКАЦИ

Сирийы деэскалацийы Идлибы зонæйы боевиктæ цæттæ кæнынц радон провокаци хъæстæгæнæн буарадтимæ, уымæй Сирийы Гарзджын тыхты фæаххосджын кæныны тыххæй. «Æнæзакъонон хæстон къордты боевиктæ сæ бафæлвæрдтытæ дарддæр кæнынц деэскалацийы Идлибы зонæйы уавæр фæкарздæр кæныны тыххæй. Фидыдады фæдыл уæрæсейаг центрмæ Алеппойы провинцийы цæрджытæй æрбацыд информаци, боевиктæ радон провокаци хъæстæгæнæн буарадтимæ кæй цæттæ кæнынц, уый тыххæй, цæмæй бынæттон цæрджыты ныхмæ химион хæцæнгарзæй спайда кæнынæй фæаххосджын кæной хицауадон æфсæдты.

ТÆРККЪÆВДАТÆ ИТАЛИЙЫ

Италийы æвзæр боныгъæдтæ райдыдтой 29-æм октябры. Тыхдымгæйæн бирæ бынæтты йæ тых уыд сахатмæ 100 километры. Дымгæ-иу æд уидæгтæ стыдта бæлæсты, кæцытæ хаудтой машинæтыл. Венецийы доны бæрзæнд у рекордон. Горæты 75 проценты территори доны бын фæцис. Ныртæккæ Венецийы аразынц рæстæгмæйон хидтæ, фæлæ уыдонæн дæр тас у, дон сæ куы аласа, уымæй. Æвзæр боныгъæдты фæстиуæгæн Италийы фæмард 11 адæймаджы.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.