ПУТИН СДЗУАПП КОДТА АИШ-Ы УЛЬТИМАТУМÆН

УФ-йы Президент Владимир Путин комментаритæ сарæзта АИШ-ы паддзахадон секретарь Майк Помпеойы ультиматумæн, кæцы фехъусын кодта, зæгъгæ, Вашингтон рахиздзæн астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæтæ сликвидаци кæныны тыххæй Бадзырдæй 60 боны фæстæ, кæд æмæ Мæскуы нæ райдайа бадзырд æххæст кæнын, уæд. Путин бацамыдта, зæгъгæ, нырма АИШ фехъусын кодтой бадзырдæй рахизыны тыххæй æмæ æрмæст-дæр уый фæстæ райдыдтой аххосæгтæ агурын сæ уынаф-фæйы тыххæй, Уæрæсейыл бæрндзинад æвæргæйæ. Ницахæм бæлвырдгæнæнтæ не ‘рбавдыстой Уæрæсейы ‘рдыгæй бадзырд фехалыны фактты фæдыл.

 

САММИТТÆ

Санкт-Петербурджы уыцы иурæстæджы уагъд æрцы-дысты дыууæ саммиты: Евразиаг Экономикон Цæдисы æмæ Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады саммиттæ. Ацы Цæдисы уæвынады азты бæстæтæ-хайадисджытæ – Хъыргъызстан, Казахстан, Уæрæсе, Белоруси æмæ Сомихстоны ‘хсæн товарты æрзылд ахызт 44 миллиард долларæй, арæнтыл сæфынц таможнæйон барьертæ, базарады уавæртæ кæнынц уæлдай æмбæрстгонд æмæ хуымæ-тæгдæр. 2025 азмæ ацы бæстæтæ бадзырдтой æртаджы аргъ сæмхуызон кæнын æмæ нефть æмæ газы иууон базар саразыны тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, чысыл быцæудзинæдтæ уыд саммиты рæстæджы, фæлæ сын рæгъмæ рахæсгæ проблемæты тыххæй бамбарын кодта Владимир Путин æмæ йемæ сразы сты.

 

НÆ НЫХАС КÆНДЗÆН ПОРОШЕНКОИМÆ

УФ-йы Президент Владимир Путин журналисттæн радзырдта, Украинæйы президент Петр Порошенкойæн телефоны цæмæннæ дзуапп кæны, уый тыххæй. Уый куыд бамбарын кодта, уымæ гæсгæ йын уый нæ дзуапп кæны уый тыххæй, æмæ йæ нæ фæнды «Порошенкойы æвзæрстыты размæйы кампанийы æмæ комбинациты хайад исын». Уыимæ уæрæсейаг лидер банысан кодта, зæгъгæ, Порошенко аразы кризисон æмæ провокацион уавæртæ.

 

ХАЙАД РАЙСТА РАБАДТЫ

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров хайад райста 6-7 декабры Миланы уагъдцæуæг ЕÆÆО-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрты советы рабадты. Фембæлд ЕÆÆО-йы Генералон ассамблеяйы сæрдаримæ æмæ уынаффæ кодтой Европæйы æдасдзинады фарстытыл.

РАЙДЫДТОЙ РАДГÆСАД ХÆССЫН

Уæрæсейы æфсæддон радгæсад хæссын райдыдтой лазерон комплекстæ «Пересвет», кæцыты куысты бындур у ног физикон принциптыл. Ацы ногдæр хæцæнгæрзтæ кæм сты, уыцы дæлхæйтты æфсæддон службæгæнджытæ ныридæгæн рацыдысты цæттæдзинад. Æнæмæнгхъæуæг теоретикон зонындзиндтæ райстой Можайскийы номыл Æфсæддон-космикон академийы æмæ «Пересветтæ» кæм уадзынц, уыцы сæудæджерадон куыстуæтты. Ныртæккæ ацы лазерон комплексты æфсæддон расчеттæ кусынц бынаты техникæ равæрыны æмæ дзы спайда кæныны фæдыл практикон фæлтæрддзинад райсыныл.

 

РАХÆЦЫДЫСТЫ УÆРÆСЕЙЫ РЕЗОЛЮЦИЙЫ ÆВВАРС

ИНО-йы Генералон ассамблея райста киберфыдракæнддзинады ныхмæ архайдтыты фæдыл дунеон организацийы кусæгон къорд саразыны тыххæй уæрæсейаг резолюцийы æвварс. Уæрæсейы инициативæйы æвварс рахæцыдысты 119 бæстæйы, 46 бæстæйы рацыдысты йæ ныхмæ, 14 та сæхиуыл фæхæцыдысты. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ киберфыдракæнддзинады къабазы æмгуыстады ныхмæ кæй рацыдысты АИШ, Стырбритани, Украинæ æмæ Гуырдзыстон.

БАДЗЫРД ХЪÆУЫ БАХЪАХЪХЪÆНЫН

Фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ æдасдзинады политикæйы фæдыл Евроцæдисы уæлдæр минæвар Федерика Могерини НАТО-йы бæстæты фæсарæйнаг хъуыддæгты министрты фембæлды рæстæджы фехъусын кодта, зæгъгæ, Евроцæдисы бæстæты фæнды, цæмæй астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæты сликвидаци кæныны тыххæй бадзырд хъуамæ хъахъхъæд æрцæуа æмæ æххæстæй реализаци цæуа. «Ацы бадзырд у европæйаг æдасдзинады сæйраг элемент, æмæ мах фæнды, цæмæй хъахъхъæд æрцæуа æмæ æххæстæй реализаци цæуа», – загъта уый. «Мах æмбæлон аргъ нæ кæнæм нæ континенты æдасдзинады тæссагдзинæдтæ æмæ фæсидтытæн. Европæ уыд тохы быдыр дæргъвæтин рæстæджы дæргъы, уыд уазал хæсты быдыр дæр, æмæ уымæ гæсгæ мах аргъ кæнæм æдасдзинады архитектурæйæн, кæцы бирæ азты дæргъы европæйаг зæххыл гаранти кодта сабырдзинад æмæ æдасдзинадæн. Мах нæ фæнды фæстæмæ здæхын. Бадзырд 30 азы дæргъы гаранти кодта Европæйы æдасдзинад. Ацы бадзырд бахъахъхъæныны тыххæй  дыууæ фарс дæр куырыхонæй хъуамæ спайда кæной æппæт мадзæлттæй дæр», – загъта уый.

 

ОПЕК-ы РЕКОМЕНДАЦИТÆ

ОПЕК-ы мониторингон комитет срекомендаци кодта, 2019 азы фыццаг æмбисы хъæуы нефты æфтигæтæ фæкъаддæр кæнын.Нефты æфтигæты гуырахст фæкъаддæр кæныныл æввахс бонты уынаффæ кæндзысты ОПЕК-ы комитеты рабадтыты.Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ уый размæ Дональд Трамп кæй æрсидт организацимæ, цæмæй ма фæкъаддæр кæной нефты æфтиæгтæ.Йæ ныхæстæм гæсгæ, дунейы нæ хъæуынц ацы хомæгыл бæрзонд æргътæ.

АМЕРИКÆЙАГ ДЫУУÆ ХÆДТÆХÆДЖЫ СÆМБÆЛДЫСТЫ КÆРÆДЗИЙЫЛ

Японы уæлдæфон тыгъдады кæрæдзийыл сæмбæлдысты АИШ-ы дыууæ хæдтæхæджы – куынæггæнæг-бомбæзгъалæн æмæ æфсæддон-транспортон хæдтæхæг.Дыууæ хæдтæхæджы дæр уагътой планон ахуырадон атахт.Бортыл уыд авд адæймаджы, кæцытæй иуы фервæзын кодтой, иу адæймаг дзы фæмард æмæ фондз адæймаджы та агурынц.

ХОРЗЫЛ БАНЫМАДТА МОРАТОРИЙЫ

Францы Национ Æмбырд хорзыл банымадта хицауады фæндон æртаджы экологион хъалонты мораторийы  тыххæй. Уымæй дарддæр ма закъондæттджытæ хорзыл банымадтой электроэнерги æмæ газы тарифтæ кæй нал фæфылдæр уыдзысты, уый.

НЕ ССАРДТОЙ ХИМИОН ХÆЦÆНГАРЗЫ КОНДАДТÆ

Химион хæцæнгарз ма уадзыны фæдыл организацийы генералон директоры доклады дзырдæуы, зæгъгæ, организацийы инспектортæ Сирийы не ссардтой химион хæцæнгарз уадзыны кондадтæ.Инспектортæ ныр Сирийы бæрæг кæнынц æртыккаг хатт.

ФЕХÆЛДТА ХÆЛАРДЗИНАДЫ ТЫХХÆЙ БАДЗЫРД

Украинæйы Уæлдæр рада хорзыл банымадта закъон, кæцымæ гæсгæ хæлд цæуы Уæрæсеимæ хæлардзинады, æмгуыстад æмæ партнерондзинады тыххæй бадзырд.Бæстæйы президент Петр Порошенкойы бахæсгæ закъоны проекты тыххæй схъæлæс кодтой 227 депутаты, йæ ныхмæ рацыдысты «оппозицион блокы» минæвæрттæ.Хæлардзинады тыххæй уæрæсейаг-украинæйаг бадзырд урæд æрцæудзæн 2019 азы 1 апрелæй.Ацы бадзырд арæзт æрцыд 1997 азы майы мæйы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.