ОФИЦИАЛОНÆЙ ФЕХЪУСЫН КОДТОЙ БАДЗЫРДÆЙ РАХИЗЫНЫ ТЫХХÆЙ

Иугонд Штаттæ официалон æгъдауæй фехъусын кодтой Уæрæсеимæ астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæты сликвидаци кæныны тыххæй Бадзырды йæ хайадист кæй æрурæдта, уый тыххæй. «Уæрæсе сарæзта алцыдæр ацы Ба-дзырд бахъахъхъæныны тыххæй, фæлæ АИШ-ы архайдтытæн, кæцытæ ницæмæ дардтой Мæскуыйы бафæлвæрдтытæ, дунеон æдасдзинады архитектурæ кæронмæ фехалыны фæндагыл æрлæугæйæ, мах дæр бахъуыд дзуапп радтын», – дзырдæуы УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаджы АИШ-æй официалон нотæ райсыны фæстæ.

ÆРУЫНАФФÆ КОДТОЙ БАДЗЫРДЫ ТЫХХÆЙ

УФ-йы Президент Владимир Путин фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ хъахъхъæнынады министр Сергей Лавров æмæ Сергей Шойгуимæ æруынаффæ кодтой АИШ астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы тыххæй бадзырды йæ хайадист кæй æрурæдта, уый тыххæй. «Мах дæргъвæтин азты дæргъы бирæ хæттыты æвæрдтам фарст хæцæнгæрзтæ æвæрыны фæдыл мидисджын баныхæстæ ауадзыны тыххæй,  уыимæ практикон æгъдауæй алы аспекты фæдыл дæр. Æмæ фæстаг азты мах уынæм нæ инициативæты æвварс кæй нæ рахæцыдысты нæ америкæйаг партнертæ», – загъта В. Путин. Уæрæсе сдзуапп кодта АИШ-æн – æрурæдта йæ архайд бадзырды æмæ фæнд кæны фæлтæрæн-конструкторон куыстытæ райдайын ног хæцæнгарз рауадзыны фæдыл. Ног бакуыстытæ уагъд цæудзысты бюджеты хæрдзтæ æнæ фæфылдæр кæнгæйæ.

АИШ-ы РАЗДÆРЫ ПАДДЗАХАДОН НЫМÆРДАРЫ СИДТ

АИШ-ы æхсæнадон хъуыды у алыгъуызон: сенатортæй иутæ рахæцыдысты Трампы æвварс, иннæтæ та йæ фæаххосджын кодтой, дипломати кæй ницæмæ дары, уымæй. АИШ-ы раздæры паддзахадон нымæрдар Мадлен Орбайт Си-эн-эны эфиры æрсидт бадзырд бахъахъхъæнынмæ.

ЗАВОД УÆРÆХДÆР КÆНЫ РАКЕТÆТЫ РАУАГЪД

Дыууæ азы размæ, АИШ-ы хуссар-ныгуылæны, Пентагон рауæрæхдæр кодта, бадзырдмæ гæсгæ бар кæмæн нæ уыд, уыцы астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы америкæйаг ракетæты рауагъд. Уæрæсейы æфсæддон развæдсгæрст лæмбынæг йæ хъус дары АИШ-ы æфсæддон-сæудæджерадон комплексы рæзтмæ. Аризоны завод у АИШ-ы ракетон-космикон фадыджы егъаудæр бирæпрофилон куыстуат, кæцы уадзы практикон æгъдауæй ракетон хæцæнгарзы æппæт хуызтæ, уыцы нымæцы астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы базырджын ракетæтæ дæр. Фæстаг дыууæ азы заводы фæзуат фестырдæр 44 проценты – 55 мин квадратон метрæй 79 онг. Куыстуаты кусджыты нымæц та хъуамæ фæфылдæр уа 2000 адæймаджы.

УЫНАФФÆ КОДТОЙ СИРИЙЫ УАВÆРЫЛ

Уæрæсейаг делегацийæн Тегеранмæ йæ визиты рæстæджы баныхæсты сæйраг темæ уыд Сирийы конституцион комитет саразын. Сæрмагондæй, фæрстæ æркастысты конституцион комитет Женевæйы саразын, афтæ ма æввахс рæстæджы астанайаг форматы цы æртæфарсон саммит уагъд æрцæудзæн, уымæ. Конституцион комитетмæ бацæудзысты Сирийы хицауад, оппозици æмæ æмбæстагон æхсæнады минæвæрттæ. Астанайы Сирийы фæдыл баныхæсты радон раунд уагъд æрцæудзæн февралы æмбисы.

КИТАЙ РАВДЫСТА ЙЕ ‘НÆРАЗЫДЗИНАД

Китай карзæй ралæууыд Иугонд Штаттæ астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæтæ сликвидаци кæныны тыххæй Бадзырдæй иуварсонæй кæй рахызт, уый ныхмæ æмæ æрсидт фæрстæм быцæудзинæдтæ уынаффæйы руаджы æрбæстон кæнынмæ. «Фыццаградон хæс у, уæвæг сразыдзинад бахъахъхъæнын æмæ йын йæ уагæвæрдтæ æххæст кæнын. Нæ хъæуы ног бадзырд аразын», – дзырдæуы хъусынгæнинаджы.

«БУР ЖИЛЕТТЫ» АКЦИ

Парижы уыд «бур жилетты» 12-æм протестон акци. Про-тестгæнджытæ сæ раздæры домæнтæм – æртаг æмæ бензины аргъ ма фæфылдæр кæнынмæ бафтыдтой ноджы иу домæн: полицийæн бар ма уæд демонстрацийы хайадисджыты асурыны тыххæй резинæйæ нæмгуытæ æмæ гранаттæй пайда кæнын. Акцийы хайад райстой 60 мин адæймаджы бæрц. Демонстранттæ æмæ полицийы ‘хсæн та уыд ныхмæлæудтытæ, хъыгдард баййæфтой цалдæр полициаджы. Урæд æрцыдысты 22 адæймаджы.

РАЙДЫДТА НОГ ÆМБОНД АРАЗЫН

Израиль æрæвнæлдта сектор Газы арæны алыварс ног æмбонд саразынмæ. «Улæфтбонты мах райдыдтам барьер аразынмæ Газы арæны алыварс. Уый фадат нал ратдзæн Газы террористтæн зæххыл нæ территоримæ æрбаирвæзынæн», – фехъусын кодта бæстæйы премьер-министр Биньямин Нетаньяху.

УРÆД ÆРЦЫДЫСТЫ ДЕНДЖЫЗОНТÆ

Иуæндæс уæрæсейаг денджызон, уыцы нымæцы науы капитан, урæд æрцыдысты Кабо-Вердейы столицæйы порты, наркотикты контрабандæйæ сæм зæрдæ кæй фехсайдта, уымæ гæсгæ. Дзыллон информацийы фæрæзты бæрæггæнæнтæм гæсгæ нау цыд Панамæйæ Мароккомæ ацы бæстæйы тырысайы бын, кæцыйы ссардæуыд 9,5 тоннæйы кокаин. Науы цы кокаин ис, уый аргъ у 1,5 миллиард долларæй фылдæр. Ацы бæстæйы Уæрæсейы минæвар Малафеев бамбарын кодта, Панамæйы тырысайы бын уæрæсейаг экипаж цæмæн уыд, уый тыххæй. «Нау регистраци у Панамæйы, фæлæ экипаж та, гæнæн ис, уа цахæмфæнды дæр. Ис ахæм канторæтæ, кæцытæ архайынц денджызонты баххуырсыныл. Афтæ у ацы цауы дæр», – загъта уый.

САКЪАДАХЫ СÆРТЫ РАТАХТ МЕТЕОРИТ

Кубæйы зонад, технологитæ æмæ алфæмблай дунейы министрад бафидар кодта, зæгъгæ, сакъадахы сæрты ратахт метеорит, кæцы ныппырх бирæ къæрттытыл. Уый размæ метеориты чи федта, уыдон фехъусын кодтой, зæгъгæ, кубæйаг ныгуылæйнаг провинци Пинар-дель-Риойы сæрмæ арвыл айхъуыст тыхджын срæмыгъд, кæцыйы аххосаг уыд, метеорит кæй æрхаудта, уый. Иууыл стырдæр къæртт ссардæуыд Палмаритойы районы, кæцыйæн йæ дæргъ у 11 сантиметры. Ахуыргæндтæ фæнд кæнынц ацы феномены тыххæй иртасæнтæ ауадзын  фылдæр информаци райсыны тыххæй. Ацы метеорит уыд æвдæм Кубæйы историйы.

МАХ ДЕМÆ СТÆМ

АИШ-ы цæрджытæ иууыл разы не сты, Дональд Трамп Венесуэлæйы рæстæгмæйон президентæй Хуан Гуайдойы кæй банымадта, уыимæ. АИШ-ы цалдæр горæты дæсгай адæймæгтæ рахызтысты уынгтæм Венесуэлæйы закъонон президент Мадуройы æвварс рахæцыны фæдыл акцитæ саразгæйæ. Акцитæ уагъд æрцыдысты Вашингтон, Нью-Йорк, Майами, Сан-Хосе, Даллас, Питтсбург æмæ æндæр горæтты. Сæ къухты уыд плакаттæ: «Мадуро, мы с тобой», «Руки прочь от Венесуэлы» æмæ æндæртæ. Мадуройы фарсхæцынады тыххæй ма акцитæ уагъд æрцыдысты Туркы дæр

ЙÆ ЦАРДÆЙ АХИЦÆН ЛЕГЕНДАРОН ДИКТОР

81-аздзыдæй йæ цардæй ахицæн Централон телеуынынады диктор, УФ-йы сгуыхт артист Евгений Суслов. Уый 30 азæй фылдæр бакуыста ацы бынаты.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.